Базарадон экономикæмæ рахизгæйæ, мах цы ног терминтæ базыдтам, уыдонæй сæ сæйрæгтæй иу у, амалиуæггæнæг. Нæ адæм цæттæ нæ уыдысты ацы ногдзинæдтæм æмæ раидианы сæ фылдæр ныххæцыдысты «балхæн-ауæй кæнын»-ы куыстыл. Стæй нæм фæзындысты фермертæ – чи сæ фос дары, чи та сæ кæны кæсæгтæ фылдæр кæныны куыст.

Æз цы амалиуæггæнæджы кой ракæ-нынмæ хъавын, уый уыдонмæ нæ хауы. Уымæн йæ амалиуæгад баст у нæ бæстæйы туризм рауæрæх кæныныл. Æмæ кæд ацы хъуыддагыл дзырдæуы рагæй, уæддæр йе ‘нтыстытæй нæма рухс кæны адæймаджы зæрдæ. Аразын дзы цы бантыст, уый дæр уал Карсанты Гурамы фæрцы. Уый райгуырд Дзауы. Рæвдз уыд сфæлдыстадон архайдмæ. Йæ бон уыд – суыдаид артист, кодта журналисты куыст дæр. Цасдæр рæстæ-джы бынæттон телеуынынады уыд сывæллæтты алæвæрдты архайæг. Стæй ссис радио «Спутник-Южная Осетия»-йы уацхæссæг. Алы бон дæр ын хъуыстам йæ алæвæрдтæм. Арæх алæвæрдтæ арæзта гуырдзиаг фа-шистты æбуалгъ митæ æмæ нæ хъæ-батыр лæппуты архайдтыты тыххæй. Дзырдта ма мæхъæлæтты агресийы ныхмæ Хуссар Ирыстоны минæвæртты æнтыстыты тыххæй дæр, фæлæ йæ æгæр патриотон ахаст кæйдæрты зæрдæмæ нæ цыд æмæ йæ бахъуыд ацы куыст дæр ныууадзын.

Карсанты Гурам хорз зоны ирæтты истори, уæлдайдæр Хуссар Ирыстоны ног истори. Зоны нæ райгуырæн къуымы историон цыртдзæвæнты, йæ фенддаг бынæтты æмæ сæ куыд зоны, афтæ сæ адæмы раз йæ бон радзурын дæр у. Уый интернетмæ баппæрста хъусинæгтæ, зæгъгæ, Ирыстоны фенын кæй фæнды, уыдонæн сæ бон у æмæ æрцæуой, куыд туристтæ, афтæ. Æмæ райдыдтой цæуын сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ, æвзæнгтæ æмæ хис-тæр кары адæймæгтæ. Гурам сыл фембæлы Цæгат Ирыстоны. Æркæны сæ, ссары сын бынæттæ, уазæгдæтты, хицæн адæймæгты хæдзæртты. Хæ-дзармæ дзы йæхимæ дæр акæны. Бонæй та сын фенын кæны Ирыстоны  зындгонд æмæ рæсугъддæр бынæттæ. Нæ бæстæйы хицæн къуымтæ, историон цыртдзæвæнтæ æмæ фенддаг бы-нæтимæ куы базонгæ вæййынц, уæд сæ афæндараст кæны Беслæны аэропорты онг. Ныридæгæн Гурам цы адæмтæн балæггад кодта, Ирыстоны культурæ æмæ æрдзимæ кæй базонгæ кодта, уыдоны ‘хсæн сты Уæрæсейы, Австрали, Швеци, Америкæ æмæ æндæр бæстæты минæвæрттæй дæр бирæтæ.                                                                                              

Джиоты Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.