Знауыры районы архайы маргъдарды фермерон хæдзарад, кæцы нæ республикæйы цæрджыты зынгæ хайы ифтонг кæны  гогызы фыдæй.

Фермерон хæдзарад «Знауыр-продукт» сырæзт 10 азы размæ. Уый æрмæст маргъдарды куыст нæ кæны, фæлæ ма халсар, дыргъ æмæ сæнæфсиры куыст дæр. Канд Знауыры районы цæрджытæ нæ, фæлæ ма республикæйы æндæр районты хъæуты цæрджытæ дæр сæ кæрчытæн къуыртт æвæрыны бæсты цъиутæ æлхæнынмæ бацæуынц Джиоты Рустемы хæдзарадмæ. Йæ фермæйы сæйраг «фидыц» та сты французаг гогызты мыггаг – урсытæ æмæ фæныкгъуызтæ. Уыдоны бæрц у 700 фылдæр, хатт минæй дæр ахизынц. Гогызы фыд пайда кæй у адæймагæн, уый алчи-дæр зоны. Фæлæ сæ дарын та у зын, иннæ мæргътæм абаргæйæ. Цæмæй фæхъæд-дых уой, уый тыххæй хъæуы 70 боны бæрц. Стæй сæ уæз 20 килограмм куы суа, уæд бæззынц уæй кæнынæн.

Фермерон хæдзарады бирæ ис кæрчы-тæ, цицыртæ æмæ уæрццытæ дæр. Уыдон иугæндзон куы схъоп-хъопп кæнынц, уæд адæймаг йæхи æнахуыр дунейы фенхъæлы. Æлхæнынмæ сæм цæуынц бынат-мæ, æлхæнынц сæ куыд дарынæн, афтæ чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæн дæр. Нæ горæты ресторантæ æмæ хæрæндæттæй дæр бирæтæ маргъы фыд фелхæнынц ацы хæдзарады.

Ацы фермерон маргъдарды хæдзарады куыст у æнæрлæугæ процесс – гогыз, карк, цицыр æмæ цъиутæ кæрæдзи ивынц. Иутæ ауæй кæнынц æмæ та сæ фæдыл байрæзынц æндæртæ. Горæты та маргъы фыд уæй кæнынц Чысыл базары фыдызгъæлы павилоны æмæ супермаркет «Кæрдо»-йы. Иу карчы уæй кæнынц 500 соммæ. Абаргæйæ æрласæггаг маргъы фыд та 600-700 сомы  у. Цицыр æмæ гогызы фыд диссаджы хæрзад сты, чысыл сывæллæттæ кæмæн ис, уыцы ныййарджытæ йæ зæрдиагæй фæагурынц, уымæн æмæ аллерги кæмæн ис фыдызгъæлæй, уымæн ацы мæргъты фыд ницы зиан кæны.

Джиоты Рустемы хæдзарады мæргътæй дарддæр балхæнæн ис родтæн дæр. Балхæнынц афæдздзыд родтæ, базилынц сæм ноджы иу аз æмæ сæ стæй ауæй кæнынц фыдызгъæлæн. Рустемæн æппæт уыцы куыстытæн æххуыс кæны йæ фырт Руслан. Фыд æмæ фырт архайынц, цæмæй ахæм æнгæс хæдзарад Цæгат Ирыстоны дæр саразой. Уым, дам, уавæртæ хуыздæр сты, æлхæнæг дæр фылдæр ис.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй ацы хæдзарад кæны хæлсар æмæ дыргъыдоны куыст дæр. Ис сын цыппар хъæрмуаты æмæ дзы æркæнынц джитритæ æмæ памидортæ. Цæрджытæн ацы аз сæ памидортæ рæгъæд кæныны афон низ фæзынд æмæ æмбыдысты, фæлæ ацы хæдзарады æркæнгæ тыллæг уымæй хызт уыд. «Сæ садзæнтæ сын æрхастам Кæсæг-Балхъарæй, уыдон низы ныхмæ фи-дардæр сты. Алы къæвдайы фæстæ дæр сæ бапырх кæнæм хосæй æмæ афтæ ивæрзын кæнæм нæ тыллæг», – зæгъы хæдзарады хистæр.

Уый ма зæгъы, зæгъгæ, кæд фыдæбон бирæ ис, уæддæр хæдзарад хæссы пайда. Æлхæнæг сæм бынатмæ кæй цæуы, уый дæр сын бирæбæрцæй æнцон кæны сæ куыст.

Фыд æмæ фырт уыцыиу рæстæджы кæнынц сæндоны куыст дæр. Руслан куыд зæгъы, афтæмæй ма уый хæрзчысыл куы уыд, йæ фыд ныккалдта ацы сæндон. Алы аз дæр саразынц 10 тоннæйы бæрц сæн. Сæхи сæнæфсирæй дарддæр ма æлхæнгæ дæр бакæнынц. Сæ сæн сын балхæнынц чындзæхсæвтæм æмæ æндæр стыр фынгтæм дæр.

Джиоты бинонты хæдзарады сæхи æмрæнхъ фыдæбон кæнынц æндæр кусджытæ дæр. Сæ куыстмызд хæццæ кæны 25 мин соммæ. Ис сæм æрцæуæггаг кусджытæ дæр, кæцытæ ифтонг сты цæрæнбынатæй. Знауыры поселочы дæр сын ис сæрмагонд магазин «Знауыр-продукт», – зæгъгæ. Горæты цы продукци уæй кæнынц, уый дæр ахæм бренды бын уæй цæуы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.