Цымыдисон историтæ кæсгæйæ, мах сахуыр стæм, сæ хъайтартæ кæй вæййынц адæм. Фæлæ историйы хъайтартæ цæрæгойтæ куы вæййынц, уæд уый дывæр цымыдисондæр вæййы, уæлдайдæр та ахæм цаутæ хæсты рæстæджы куы æрцæуынц, уæд. Ахæм диссаджы хъайтаримæ уæ базонгæ кæндзыстæм нæ уацы, кæцы уыдис дыккæгæм дунеон хæсты. Уый уыдис бур арс, схуыдтой йæ Войтек йæ ном. Польшæйаг æвзагыл нысан кæны «улыбающийся воин». 

 

1941 азы Советон Цæдисы территорийыл польшæйаг салдаттæй арæзт æрцыд къорд, кæцыйы схуыдтой «Армия генерала Андерса». Æфсад саразыны хъуыддаджы Стырбритани хайад кæй иста, уымæ гæсгæ 1942 азæй Андерсы æфсады арвыстой Æввахс Скæсæнмæ: Ливи, Сири æмæ Палестинæмæ. 1942 азы апрелы уыдон арвыстой Иракмæ. Растдæр уым, Хамаданы горæтмæ хæстæг æфсæддонтæ сæмбæлдысты арс Войтекыл. Æфсæддонтæ машинæ-йыл  цыдысты æмæ уæд ауыдтой иу чысыл лæппуйыл, баурæдтой, хæринаг ын радтой. Æваст лæппуйæн йæ хызынæй йæ сæр сдардта чысыл арсы лæппын. Йæ ныхæстæм гæсгæ уый арсы лæппыны ссардта хъæды æмæ йæ йемæ рахаста. Салдаттæ æмбæрстой, арсы лæппын ахæм уавæрты кæй нæ фæцæрдзæн, уый æмæ йæ сфæнд кодтой лæппуйæ балхæнын. Уый сын цасдæр рæстæджы нæ разы кодта сæ фæндыл, нæ йæ фæндыд арсы лæппынæй фæхицæн уæвын, фæлæ уæддæр чысыл лæппуйы зæрдæ балхæдтой æмæ афтæмæй Андерсы æфсадмæ фæзынд арс Войтек.

Цалынмæ арс стыр кодта, уæдмæ æфсæддонтæ йемæ арæх хъазыдысты, арæзтой-иу ын ерыстæ. Арс райдыдта адæмыл ахуыр кæнын. Цыбыр рæстæгмæ сахуыр хъарагъулы лæууын, æмæ кады нысан дзæмбыйæ дæттын дæр. Тынг уарзта æфсæддонтимæ хъæбысæй хæцын. Уыдон дæр-иу æй суазæг кодтой бæгæныйæ, кæцы фæстагмæ ссис йæ уарзон нуазинаг.  Уыимæ иумæ, иу хатт дæр Войтек йæ сырдон миниуджытæ никуы равдыста, нæдæр æфсæддонтæм, нæдæр æнæзонгæ адæммæ. Йæ фыццаг сгуыхтдзинад Войтек равдыста 1943 азы. Уый æхсæвы федта, хинайæны дуар гомæй кæй баззад, багæпп кодта мидæмæ æмæ уым та æмбæхст уыдис арабаг дзырдхæссæг. Андерсы æфсад Иракæй конд æрцыд Цæгат Африкæмæ, уый фæстæ та – Италимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æфсадимæ уыдис арс Войтек дæр.

Æцæг æфсæддон сгуыхтдзинæдтæ æвдисын Войтек райдыдта Италийы.  Æхстытæй æмæ срæмыгъдтытæй кæй тарст, уымæ гæсгæ кæд цалдæр боны сырд æддæмæ нæ хызт, уæддæр цыбыр рæстæгмæ æрцахуыр. Æфсады арæх хъуыдис æфсæддон хæйттæм хæрд æмæ нæмгуытæ хæссын. Салдæттæ сæхæдæг куыд дзырдтой, афтæмæй-иу хатт арс йæхæдæг бацыд уæзласæн машинæмæ, йæ фæстаг къæхтыл-иу слæууыд æмæ-иу раззаг къæхтæ размæ айвæзта.  Уæд æм радтой халсæрттæй йемыдзаг асыкк æмæ æфсæддонты фæстæ араст. Уый фæстæ ахаста дыккаг, æртыккаг, цыппæрæм…  Æфсæддон-тæ Войтекыл афтæ баууæндыдысты æмæ-иу ыл, æгæрыстæмæй, сармадзаны нæмгуытæ хæссын дæр æууæндыдысты. Полкъ кæдæм цыд, уырдæм цыдис Войтек дæр. Уыцы рæстæджы арс лæппын нал уыдис. Йæ бæрзæнд уыдис 2 метры онг, йæ уæз та – 200 килограммы. Уымæ гæсгæ æфсадæн дæр фæзын ис хæдзарон цæрæгойыл арсы нымайын, уæлдайдæр та наулæууæнты.

Иуахæмы Войтек наулæууæны баззадис, нæ йæ бауагътой хæстон наумæ, зæгъгæ, хъæддаг сырд у. Æфсæддонтæ нæ фæтыхстысты æмæ арсы райстой сæ рæнхъытæм. Радтой йын æфсæддоны ном, службæйон номыр æмæ, æгæрыстæмæй, фиддонты чиныг дæр. Йæ æхсардзинады банымайыны нысанæн 22-æм ротæ Войтекы ном эмблемæйæн равзæрста арсы фæлгондз, кæцы йæ дзæмбыты хæссы снаряд.  Уый сныв кодта æфсæддонтæй сæ иу æмæ уыцы символ баззади ныры онг дæр – ныртæккæ уый æвæрд æрцыд ротæйы æппæт транспортон фæрæзтыл дæр.

Хæсты фæстæ Войтек, куыд ветеран, афтæ аккаг улæфты ацыдис Эдинбурджы зоопаркмæ. Уырдæм-иу æм æрцыдысты йæ польшæйаг æмбæлттæ дæр. Æгæрыстæмæй-иу сæ сырддоны кусджытæ æмбондæй мидæмæ дæр бауагътой, клеткæйы мидæг-иу фæхъæбыстæ кодтой хъæддаг сырдимæ. Войтек амард 1963 азы 2 декабры.

Англи æмæ Польшæйы арсы тыххæй систой цалдæр документалон кинонывы, кæцыдæр горæтты йын сæвæрдтой мемориалон фæйнæджытæ. Варшавæ, Эдинбург, Краков, Щецин æмæ Сопоты та йын йæ номыл сæвæрдтой цыртытæ.

Бирæты нæ бауырны ацы истори. Войтек æрмæст къухыл ахуыр арс нæ уыд, фæлæ циндзинады уысмтæ лæвар кодта йæ хæстон æмбæлттæн, хъæлдзæг сæ дардта дыккаг дунеон хæсты рæстæджы, йæхи та равдыста æцæг хæстонæй.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

КОКАЙТЫ Зæринæ 

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.