Санахъоты Пъаулейы райгуырдыл сæххæст 140 азы

Ирыстон кæддæриддæр сæрыстыр уыд йæ разагъды лæгтæй. Уыдон сæхицæн ном кодтой царды æндæр æмæ æндæр къабæзты. Сæ адæмæн сæхи уæлдай арæхдæр зонын кæнын райдыдтой ивгъуыд æнусы райдианæй, скъолатæ гом кæнын куы райдыдтой æмæ царды уæрæх фæндагмæ рахизыны фадат куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ.

Уыцы дуджы нæ интеллигенцийы зынгæдæр минæвæрттæй сæ иу уыд Санахъоты Пъауле. Уый райгуырд 1882 азы Ирыстоны рæсугъддæр къуымтæй сæ иу – Дзауы. Санахъойы фырт скъолмæ цæуынхъом куы фæцис, уæд æй ахуыр кæнынмæ барвыстой Дзауы скъоламæ. Тынг зæрдæргъæвд разынд ахуырмæ æмæ йæ ныййарджыты фæндыд, ахуыры фадат ын куы скæниккой, уый. Йæ фыд, хуыздæр цардыл фæхæст уæвын æнхъæл, цæрынмæ алыгъд æд бинонтæ Хъорнисы хъæумæ. Ам дæр йæ атæлфæнтæ, йæ уавæр ницы фæхуыздæр сты, фæлæ уæддæр йæ фырты нæ фæиппæрд кодта ахуырæй. Уый нæ, фæлæ йын агуырдта фæндæгтæ æмæ йæ радта Æрыдоны духовон семинармæ. Ам дæр йæ хорз ахуыр æмæ йæ хæрзæгъдауæй йæхи бауарзын кодта ахуыргæнджытæн, йе ʻмбæлттæн, афтæмæй йæ 1902 азы иттæг хорз æнтыстытимæ бакаст. Йæ ныййарджыты цард фæрогдæр кæнынæн исты куы фæахъаз уаид, уый йæ зæрдиагæй фæндыд, æмæ райдыдта агурын ахуыргæнæджы куыст. Нæ йын разынд ахуыргæнæджы бынат. Æндæр ын ницыуал гæнæн уыдис, æмæ райдыдта сауджынæй кусын. Адæм сæ æвадат цардæй фервæзыны сæраппонд райдыдтой тох кæнын хæдхæцæгады ныхмæ. Пъауле адæмы æхсæн парахат кодта революцион хъуыдытæ. Уый фæ-хатыдтой хицæуттæ æмæ йæм райдыдтой дызæрдыджы цæстæй кæсын.

Революцион зондахастыл лæуд уыдис Пъаулейæн йæ фыд Алыксандр дæр, акти-вон хайад иста революцион змæлды. Уый тыххæй йæ æрцахстой æмæ йæ ахастой Архангельскы губернимæ. Пъаулейæн йæ-хицæн дæр тас уыдис æрцахсынæй. Уый тыххæй æд бинонтæ алыгъд Къахетмæ. Уым Понайы  хъæуы куыста сауджынæй, фæлæ дины мæнгуырнындзинæдтæ йæхи дæр нæ уырныдтой æмæ сæ адæмæн дæр зæрдæйæ нæ уырнын кодта. Уыдæттæ адæм æмбæрстой æмæ йын тынгдæр æууæндыдысты йæ сæрибармæсидæг хъуы-дытыл, уымæ гæсгæ йæ, 1921 азы Гуырдзыстоны Советон хицауад куы фæуæлахиз, уæд сæвзæрстой Понайы районы ревкомы уæнгæй, кусын та райдыдта ахуыргæнæгæй. 1925 азы æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта типографы директорæй, куыста чингуыты рауагъдады сæйраг корректорæй,уый фæстæ редакторæй, куыста ма уæды областы бæстæзонæн музейы директорæй, 1947 азæй фæстæмæ та раконд æрцыд зонад-иртасæн институтмæ зонадон кусæгæй.

Санахъоты Пъаулейы ном зынаргъ у йæ раттæг адæмæн. Уый арæзта мидисджын æмæ аив ахуыргæнæн чингуытæ, æмбырд кодта адæмон сфæлдыстады уацмыстæ, зонадон æгъдауæй иртæста Нарты эпосы фарстытæ. Нарты кадджыты фæдыл ныффыста цалдæр зонадон куысты, бирæ бакуыста иронау, уырыссагау æмæ сæ гуырдзиаг æвзæгтыл мыхуыры рауадзыны хъуыддаджы. Къостайы æмдзæвгæты гуырдзиаг æвзагмæ скодта дæлрæнхъ тæлмац, мыхуырæй рауагъта терминологон дзырдуат, сарæзта гуырдзиаг-ирон дзырдуат (мыхуырæй рацыд 1940 азы), зæрдиагæй куыста аивадон уацмыстæ уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзагæй ирон æвзагмæ тæлмац кæныныл. Раивта Лордкипанидзейы роман “Фесæфæд нартхоры республи-кæ”, Саулохты Мухтар Руставелийы “Стайы цармдарæг” куы тæлмац кодта, уæд ын дæлрæнхъон тæлмац сарæзта Пъауле, раивта Пушкины “Дубровский” æмæ “Белкины уацаутæ”, Кипплингы “Маугли” æмæ “Мунго”, Лев Толстой, Чехов, Гюгойы радзырдтæ, Дзадтиаты Гиуæргиимæ раивтой Осторовскийы роман “Куыд сæрыди æндон”.

Фыста аивадон уацмыстæ йæхæдæгдæр. Иууыл аивдæр ын дзы сты “Уæрæседзау” æмæ “Хæдзарæн фæцудæн нæй”. Радзырд “Уæрæседзау”-ы автор юмористон равгыл кæугæ-худгæйæ æвдисы, революцийы агъоммæ адæм цы уæззау æфхæрд æййæфтой æдзæсгом æлдæрттæ, пъырыстъыфтæ æмæ æндæр тугцъиртæй, уый. Йæ сæйраг архайæджы царды уæззау уавæртæ, адæймаг цы вæййы, уый онг сырæзын нæ бауагътой.

Тынг цымыдисон æмæ хъæздыг сты радзырдтæн се `взаг, сæ композицион арæзт, фæлгæндзты æххæстдзинад. Уый та авторы къухы æфтыд йæ æрдзон курдиат æмæ йæ диссаджы фантазийы руаджы.

                        БЕСТАУТЫ  Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.