Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» та радон хатт фæуæлахиз уазæгуаты хъазгæйæ. Фыццаг дивизионы 6-æм туры дзæуджыхъæуккæгтæ Краснодары хъазыдысты бынæттон «Кубань»-имæ. 18-æм минутыл уазджыты размæбырсæг Абу-Саид Эльдарушевæн бантыст хыгъд байгом кæнын. Уымæн фысымтæн дзуаппон пурти бакъуырын бантыст 52-æм минутыл. Фæлæ алайнæгтæ уыцы хабаримæ разы нæ уыдысты. Æмæ 82-æм минутыл хыгъд скодтой 2:1. «Алани»-йы сконды расгуыхт Аршак Корян. Уый дзæуджыхъæуккæгты сконды фыццаг хатт рахызт хъазæн фæзмæ. Афтæмæй ацы сезоны «Алани» уазæгуаты цы æртæ хъазты акодта, уыдонæй алкæцыйы дæр фæуæлахиз.

Ирыстоны сæйраг командæ æрæмбырд кодта 14 очкойы æмæ турнирон таблицæйы ахсы дыккаг бынат. Радон хъазт 27-æм августы «Алани» йæхи фæзуаты хъаздзæн Ульяновскы «Волга»-имæ.

***

 

Уыцы бон ма уыдысты дыккаг дивизионы фыццаг къорды 5-æм туры хъæзтытæ. Хуссарирыстойнаг спортуарзджытæ та сæ хъус дардтой Стъараполы «Динамо»-мæ, кæцыйы сæйраг тренер у цхинвайлаг Мулдарты Алексей. Уый йæхи фæзуаты хъазыд Ростовы СКА-имæ. Хъазт фæцис æмдыхæй – 0:0.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ «Динамо»-йы сконды хъазæн фæзмæ кæй рахызтысты Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы уæнгтæ Джиджджойты Сослан æмæ Къæбулты Георги.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.