Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Прокуратурæйы кусæджы боны цытæн!

Прокуратурæйы органтæ сты Закъоны уæлдæрдзинады гарант, ахсынц ахсджиаг бынат æмбæстæгты бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæныны, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад сфидар кæныны хъуыддаджы.

Службæйон хæстæм æнæхæрам ахаст, нысанмæ тырнындзинад æмæ хæсыл æнувыддзинад сты прокуратурæйы кусджыты ахсджиаг миниуджытæ. Уæ хъæддыхдзинад, бæрндзинад, профессионалон зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæнынмæ тырнындзинадæй кæнгæ у æмбæстæгты æууæнк барадхъахъхъæнæг системæмæ иумæйагæй.

Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр фидарæй кæй хъахъхъæндзыстут конституцион нормæтæ, рæстæй æмæ æнувыдæй кæй лæггад кæндзыстут Закъонæн Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад, æвидигæ энерги æмæ сабырад уæ хæдзæртты!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади раарфæ кодта Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Хицауады Сæрдар Александр Мартыновæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы дзырдæуы:

«Цытджын Александр Владимиры фырт!

Айс иууыл хъармдæр æмæ зæрдиагдæр арфæтæ дæ гуырæн боны цытæн!

Æвидигæ энерги, бæрзонд  профессионализм фадат дæттынц дæуæн эффективонæй зын хæстæ скъуыддзаг кæнын, кæцытæ баст сты Приднестроваг Молдаваг Республикæйы социалон-экономикон рæзтимæ.

Социалон фадыджы рæзт, цæрджыты куыстæй ифтонг кæнын, æхсæнадон-политикон стабилондзинад, инвестицион политикæ фæхуыздæр кæныны фарстытæ скъуыддзаг кæныныл баст у адæмы царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын æмæ Приднестровьейы потенциал сфидар кæнынимæ.

Мæ цæст дын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ дæ бæрнон архайды!».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.