РЕСПУБЛИКÆ НАУРУЙЫ ПРЕЗИДЕНТ БАРОН ВАКАЙÆН

Дæ Бæрзонддзинад,

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ мæхи номæй дæуæн æмæ дæ адæмæн  æрвитын  зæрдиаг арфæтæ националон бæрæгбон –  Республикæ Науруйы Хæдбардзинады боны цытæн.

1968 азы 31 январь, кæцы ссис цины æмæ ахсджиаг бон, æгас фæлтæртæн у  бæллицтæ æххæст кæныны символ. Уымæн æмæ хæдбардзинад æмæ æмбар, суверенитет æмæ паддзахаддзинад алы адæмæн дæр сты тынг  зынаргъ æмбарынадтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстон кæддæриддæр стыр бузныджы æнкъарæнтимæ зæрдыл дардзæн, не ‘взонг паддзахады историйы иууыл вазыгджындæр дугтæй иуы рæстæджы Республикæ Науруйы къухдариуæгады æмæ адæмы стыр фарсхæцынад.

Ныфс мæ ис, дæ сæрмагонд хайадистæй мах æвдисæнтæ уыдзыстæм нæ паддзахадты ‘хсæн фидар æмæ размæдзыд, кæрæдзийæн пайдайы æмгуысткæнынад фидардæр кæнын æмæ рæзтæн.

Ацы нысаниуæгджын бон дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ дæ куысты, Науруйы хæларадон адæмæн та æдзухон хæрзиуджытæ æмæ дидинæфтыд.

 

 

ÆППÆТУÆРÆСЕЙЫ ПАТРИАРХ КИРИЛЛÆН

Дæ Сыгъдæгдзинад,

Айс мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ дæ царды ахсджиаг цау – дæ интронизацийы боныл 10 азы сæххæсты боны сæраппонд.

Дæс азы дæргъы Уырыссаг Чырыстон Аргъуан дæ къухдариуæгады бын стыр хайбавæрд хæссы æхсæнконфессионалон æмæ æхсæннацион æмразыдзинад сфидардæр кæнынмæ, æххæст кæны ахсджиаг социалон мисситæ, реализаци кæны масштабон проекттæ, кæцытæ здæхт сты монон, историон æмæ культурон традицитæ бахъахъхъæнынмæ, дæ активон архайды рæстæджы бирæ арæзт цæуы фæсарæнты чырыстонады фарсхæцынады тыххæй, арæзт цæуынц аргъуантæ æмæ моладзандонтæ, реализаци цæуынц хъæуæг социалон æмæ хæрзаудæн проекттæ.

Уырны мæ, дæ комкоммæ хайадистæй Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы æфсымæрон адæмты ‘хсæн монон бастдзинад кæй фидардæр кæндзæн æмæ динамикон æгъдауæй кæй рæздзæн, кæцытæ баст сты иумиаг чырыстон æргъадтæй. Ацы нысаниуæгджын боны мæ зæрдæ зæгъы дæуæн, Дæ Сыгъдæгдзинад, фидар æнæниздзинад, дарддæры æнтыстытæ Патриархы бынаты Уæрæ-сейы æмæ Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны хæрзиуæгæн».

 

 

«ГАЗПРОМ»-Ы ПРАВЛЕНИЙЫ СÆРДАР АЛЕКСЕЙ МИЛЛЕРÆН

Цытджын Алексей Барисы фырт!

Зæрдиагæй дын арфæ кæнын дæ гуырæн боны цытæн.

Дæ хъæздыг фæлтæрддзинады, патриоты æмæ æмбæстаджы активон цардуагон позици, æнтыстджын службæ æмæ къухыбафтгæ æнтыстыты ‘руаджы дæуæн ис хорз авторитет æрмæст Уæрæсейы Федерацийы нæ, фæлæ йæ арæнты æддейæ дæр.

Дунейы газы  егъаудæр компанийы дæ  бирæазон куысты рæстæджы, кондадон акционерон æхсæнад «Газпром» æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн рæзы перспективон, стратегион партнерондзинад. Дæ архайды руаджы нæ республикæйы реализаци цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрæн пунктты газификацийы фæдыл стыр проекттæ.

Зæрдиагæй дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, æмæ хæрзиуджытæ.

 

 

ЗОНАДЫ АРХАЙДЖЫТÆН

Цытджын ахуыргæндтæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

Айсут мæ иууыл хуыздæр æмæ хъармдæр арфæтæ Зонады боны сæраппонд!

Адæймагады æмæхсæнады ныртæккæйы рæстæджы æмæ фидæны тыххæй ахъуыдыгæнæн дæр нæй æнæ зонад æмæ йæ æнтыстытæй. Зонады та фæлдисынц ахуыргæндтæ, æнæ уыдонæй уый у æдых. Нымайын афтæ, æмæ, растдæр ахæм æнувыд адæймæгтæ кæнынц размæ зонады. Зонад у национ ресурс, нæ республикæйы фидæны бындур.

Мах цин кæнæм алы æнтыстыл дæр, кæцы размæ кæны зонады, гом кæны ног перспективæтæ не ‘взонг ахуыргæндтæн. Уадз, ма уæд арæнтæ уæ зонадон архайды, кæцы уын балæвар кæндзæн арф профессионалон æхцондзинад.

Ацы бæрæгбоны хуссарирыстойнаг ахуыргæндтæн, иртасджытæн æмæ уæлдæр ахуырадон уагдæтты ахуыргæнджытæн, кæцытæ  сæ куыстæй стыр хайбавæрд хæссынц фыдыбæстæйон зонады æмæ профессионалон ахуырады рæзтмæ, мæ зæрдæ зæгъы стыр перспективæтæ, æхсæнады хæрзиуæгæн ног зонадон æнтыстытæ, иууыл хуыздæр идеяты æмæ проектты царды  биноныг кæнын.

 

***

Зонады боны цытæн ма зонады архайджытæн раарфæ кодтой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.