Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Экологы боны æмæ Алфæмблай хъахъхъæныны дунеон боны сæраппонд!

Ацы бæрæгбон æрмæст æрдз хъахъхъæныны фадыджы чи архайы æрмæст уыцы специалисттæ нæ нысан кæнынц. Абон мах кад кæнæм æппæт уыцы адæймæгтæн, кæцытæ сæ службæйон æмæ царды хæсмæ гæсгæ æвæлмас цæстæй нæ кæсынц æмæ архайынц стыр æмæ тынг ахсджиаг хъуыддаджы – алфæмбылай дуне бахъахъхъæныныл. Æппæт уыдонæн, кæцытæ æмбарынц, махæн сатæг уæлдæф, сыгъдæг дон æмæ гъæдджын продукттæ куыд ахсджиаг сты, уый.

Республикæ Хуссар Ирыстон хауы экологион æгъдауæй дунейы иууыл хæрзвадатдæр бæстæты нымæцмæ. Флорæ æмæ фаунæ бахъахъхъæнын, афтæ ма æрдзон ресурстæй рационалонæй пайда кæнын у ахсджиаг национ приоритет, кæцыйæ кæнгæ у фидæны фæлтæрты царды гъæд æмæ æнæниздзинад. Цытджын æмбæстæг-тæ, мæн ныфс ис сымах кæй ауддзыстут нæ алыварс сыгъдæгдзинадыл æрмæст зиуты нæ, фæлæ азы алкæцы бон дæр.

Ацы нысаниуæгджын боны æппæт профессионалон экологтæн æмæ волонтертæн зæгъын арфæйы æмæ фарсхæцынады ныхæстæ.  Бузныг уын уе ‘нтыстджын æмæ хъæугæ куысты тыххæй. Уырны мæ, иумиаг тыхтæй махæн нæ бон кæй суыдзæн нæ Фыдыбæстæйы рæсугъддзинад бахъахъхъæнын æмæ фæрæсугъддæр кæнын.

Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ дарддæры æнтыстытæ! Сабырдзинад, фæрныгад сымахæн æмæ уе ‘ввахс адæмæн!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны  Президент  БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.