Ирон адæммæ мардæн кад кæнын фыдæлтæй баззад. Мæнæ куыд зæгъы нæ рагфыдæлтæ, скифты паддзах Идан-фирс, йæ зæхмæ йын чи æрбабырста, уыцы тыхгæнæг Дарийæн:

«Æз раздæр дæр никуы лыгътæн искæй тасæй æмæ ныр дæр дæуæй нæ лидзын. Ныр дæр мæхи дарын, сабыр царды куыд вæййын, афтæ. Уайтагъд демæ кæй не схæцыдтæн, уый дæр дын бамбарын кæндзынæн. Махмæ нæдæр сахартæ ис, нæдæр хуымгонд зæххытæ. Æмæ сын нæ тæрсæм ныппырх кæнынæй. Фæлæ дæ кæд тынг фæнды цыфæндыйæ дæр немæ схæцын, уæд нын ис фыдæлты ингæнтæ. Ссарут-ма сæ æмæ бафæлварут сæ фехалын. Уæд базондзыстут, уыцы ингæнты тыххæй схæцдзыстæм æви нæ, уый». Мардæн кад кæнын, йæ ном арын удыбæстæйыл нымайынц абон дæр ирон адæм. Хуымæтæджы нæ фæзæгъæм:

 «Дзуары аудындзинадæй марды аудындзинад фылдæр у» æмæ «Дзуары фыдæхæй марды фыдæх карздæр у».

Нæ ирон удварн, не ‘взаг, нæ культурæ æмæ нæ историйыл бирæтæ сæ къух систой. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ ирондзинад сæфтмæ цæуы. Нæ фыдæлтæй баззайгæ цардахасты æууæлтæ æмæ нæ рæсугъд æгъдæуттæ скуынæг сты.

Фыдракæнддзинад сарæх. Давын, кæрæдзийы бафхæрын,   сайын, тыхми бакæнын нæм диссаг нал кæсынц.

Ирон адæм кæдфæндыйæ дæр зианы хабæрттæм сæ хъус уæлдай тынгдæр дардтой. Фæлæ иуæй-иу хатт адæймаг ууыл фæдызæрдыг вæййы. Фæзынд нæм уӕлмӕрдтӕй давджытæ… Ацы бонты милицийы кусджытӕ ӕрцахстой столицӕйы дыууӕ цӕрӕджы, кӕцытӕм зӕрдӕ фехсайдта Цхинвалы районы иу уӕлмӕрдӕй ингӕнты хӕйттӕ адавынмӕ.

      Ирыстон нырæй тæссагдæр уавæры никуы уыд. Ныхас цæуы, нæ адæмы фидæн бахъахъхъæндзыстæм æви нæхи сæфтмæ æруадздзыстæм, ууыл. Рæстæг ахæм у, æмæ хъуамæ арф ныхъуыды кæнæм, раиртасæм, равзарæм, цавæр паддзахадон æмæ æхсæнадон цардарæзт аразæм, цавæр æхсæнадон ахастдзинæдтæ æвæрæм не ‘хсæн, цавæр исбонады бындурыл æрлæууæм. Уыдонæй аразгæ у нæ ирон удварн, нæ ирон миддуне, нæ ирон æгъдау, уаг æмæ æфсарм, нæ ирон лæгдзинады фидæн. Уыдонæй аразгæ у, ирон лæг ма ирон лæгæй баззайдзæн æви нæ, уый.

Марды йӕ фӕстаг балцы афӕндараст кӕныны ӕгъдау ирон адӕмы хуызӕн рӕсугъд никӕмӕ уыдис рагзаманты. Зиан фехъусгӕйӕ, стӕй йӕ боны дӕр адӕм фӕдисы уавӕры уыдысты. Фӕстаг фӕндараст зӕгъынмӕ цыдис бирӕ адӕм. “Мах хуызӕн мардмӕ нӕ цӕуынц ӕндӕр рӕтты, азмӕлӕн нал уыди абон нӕ уӕлмӕрдты” – фыста   Хетӕгкаты Къоста.

Адӕмы цӕст уынаг у, фӕзӕгъынц, ӕмӕ уынӕм, фӕстаг рӕстӕджы нæ хицауады руаджы республикӕйы цы ивддзинӕдтӕ цӕуы, уыдон. Уый дын ног хӕдзӕрттӕ, фӕндӕгтӕ, гом кӕнынц ног спортивон залтӕ, сабидæттӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Æмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ма уын, уый цас раст у? Ирыстон цӕмӕй размӕ рацӕуа, уый тыххӕй   не ‘ппӕт дӕр хъуамæ архайæм нӕ адӕмы рухс фидӕны тыххӕй.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.