Ленингоры районы Цъинагары хъæуы цæрæг Гуыдиты Венерæ сæрыстыр  у  йæ фыд, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Гуыдиты Антон Стыр Фыдыбæстæйон  хæсты йæхи хъæбатырæй кæй равдыста æмæ бирæнымæц хорзæхтимæ кæй æрыздæхт, уымæй. Уый нын радзырдта йæ фыды цардвæндаджы тыххæй.

1941 аз… Гитлерон фашисттæ нæ иумæйаг райгуырæн бæстæмæ куы æрбабырстой, уæд фæстæ кæцæй фæлæууыдаиккой Ленингоры районы хъаруджын фæсивæд дæр, уыцы нымæцы Гъдулеты хъæуы цæрæг Гуыдиты Антон дæр. Уый  йæ автобиографийы афтæ фыссы: «Æз Гуыдиты Антон Бесойы фырт райгуырдтæн 1917 азы Ленингоры районы Цъинагары хъæусоветы Гъдулеты хъæуы. Дæс кълас бакæсыны фæстæ мæм æрсидтысты Со-ветон Æфсады рæнхъытæм. Мемæ ма уыдысты мæхи æмцахъхъæн ирон хъæбатыр лæппутæ – Цхуырбаты Ясон, Гасситы Иван, Тедеты Иван, Годжыцаты Владимир, цхинвайлаг Челехсаты Захар, цъойнаг Джиоты Пъетъре, Мамытаты Къоста, Чертхъоты Пъетъре æмæ æндæртæ – æдæппæт 18 ироны. Акодтой нæ Тверы областы горæт Вышний Волочекмæ. Дæс къласы фæуд нæ кæмæ уыд, уыдон  иууылдæр (ирæтты се ‘ппæты дæр) бакодтой полкъон скъоламæ. Афæдз ацы скъолайы сахуыр кæныны фæстæ нæ алчидæр райста кæстæр командиры ном. Мæнæн та радтой старшинæйы цин. 1939 азы 26-æм декабры ацы скъолайы рауагъдонты  акодтой Ленинграды областмæ. Æмæ уымæй дыууæ боны фæстæдæр, 28-æм декабры райсомæй 8 сахатыл райдыдта Финляндийы хæст. Мах бахаудтам фронты раззагдæр хаххмæ. Финæгтæ хъавыдысты Ленинград сисынмæ, фæлæ сыл Советон Æфсад алæгæрстой æмæ сæ ныддæрæн кодтой…».

Гуыдиты Антон горæт Выборгы цур уæззау цæф фæцис æмæ бахауд госпиталмæ. Куы сдзæбæх, уæд та йæ ногæй арвыстой фронтмæ. Ацы хатт та Петрозаводскы сæрыл тохтæм. 1940 азы 13-æм марты фæцис Финляндийы хæст. Уæдмæ фæуд кодта Антоны æфсæддон службæйы æмгъуыд дæр æмæ 1941 азы 15-æм апрелы æрыздæхт йæ хæдзармæ, Гъдулетмæ. Чысыл аулæфыны фæстæ æрвыст æрцыд сыхаг Дзукъатыхъæуы скъоламæ æфсæддон ахуыргæнæгæй. Фæлæ дзы бирæ нæ бакуыста…

1941 азы 22-æм июны райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Ныр та немыцаг фашисттæ æрбабырстой советон зæхмæ æмæ та бирæ ирон лæппутау Антоны дæр бахъуыд æфсæддон цинел фæстæмæ скæ-ныны сæр. Гъдулеттаг лæппу бахауд горæт Новороссийскы денджызон флотмæ. Уырдыгæй сæ дека-бры тæфдзуйыл десантæй арвыс-той Азовы денджызыл. Былмæ ма хæрз чысыл куыд хъуыд, афтæ сыл уырдæм знаг бомбæтæ æркалдта æмæ сæ тæфдзу дæлдон кæнын райдыдта. Хæстонтæй ма сæрæгасæй чи аривæзт, уыдоны ‘хсæн уыд Антон дæр. Фæлæ ирон лæппуйæн йæ цин бирæ нæ ахаста. 1943 азы 28-æм декабры та ногæй скарз сты тохтæ, знаг размæ бырста. Иу карз тохы рæстæджы фæцæф Антоны уæхск æмæ бахауд Ворошиловскы госпиталмæ, уырдыгæй та – Тбилисмæ. Куы сдзæбæх, уæд та йæ арвыстой Цæгат Кавказы фронтмæ. Хицæн 18-æм автоматон полчы сконды архайдта горæт Мæздæг ссæрибар кæныныл тохты. Уым та уæззау цæф фæцис йæ галиу уæхск æмæ ныр та бахауд Бакойы госпиталмæ.

Гуыдиты Антон йæ бонæджы афтæ фыста: «Иу рæстæджы нын Цæгат Кавказы фронты Цхуырбаты Ясон, Дзадтиайы фырт æмæ мæнæн нæ командир бахæс кодта, цæмæй ацæуæм æмæ знаджы тыххæй исты бæрæггæнæнтæ æрбахæссæм. Кæд, дам, удæгас фрицыл фæхæст уат, уæд та, дам, ноджы хуыздæр. Мах нæхи арвæдз кодтам, аивæй нæхи байстам, фашисттæ цы хъæутæ бацахстой, уыдонæй сæ иу – Ставд Дуртæм. Иу хæдзары баййæфтам мад æмæ йе ‘ртæ гыццыл чызджы. Уыдон нæ куы ауыдтой, уæд нæ, æвæццæгæн, фрицтæ фенхъæлдтой æмæ тынг фæтарстысты, хуызы мур сæ нал уыд, афтæ тынг афæлурс сты, фæлæ сын нæхи куы бацамыдтам, уæд ныл бацин кодтой. Мах дæр сын ныфсытæ бавæрдтам гитлерон фашистты тагъд фæсурынæй. Уыдон нын цы стыр нысаниуæгджын зонæнтæ радтой, уыдонмæ гæсгæ сарæзтам знаджы позициты картæ-схемæ æмæ йæ тагъдыл æрбахæццæ кодтам не ‘фсæддон дæлхаймæ. Нæ уыцы архайды тыххæй командæкæнынадæй райстам сæрмагонд арфæтæ. Фæлæ, хъыгагæн, уый фæстæ Дзадтиайы фыртимæ нæ хæстон фæндæгтæ фæхицæн сты.

Иу æхсæвыгон æз æмæ Цхуырбаты Ясон сусæгæй бахъуыззыдыс-тæм, знаджы дæлхай кæм уыд, уырдæм. Кæсæм, æмæ мæнæ иу сармадзан йæ бырынкъ хæрдмæ ныхъил кодта æмæ лæууы хæстæввонгæй, йæ цуры цъиуызмæлæг дæр нæ уыд, афтæмæй. Ясон арæхстгай рафтыдта сармадзаны æргъæвæг. Уый уыцы куыст куы кодта, уæд æй æз та æд хæдæхс хъахъхъæнгæ кодтон. Нæ уыцы трафеймæ ма бафтыдтам ноджыдæр иу, рахастам ма иу минææхсæн æмæ сæ нæ дæлхайыл сæмбæлын кодтам. Ясон æр-дзæй къæсхуыртæ уыд, фæлæ – хъæддых. Тас цы уыд, уый нæ зыдта. Хæцæнгарзæй раст æхсынмæ та йын æмбал нæ уыд, фæлæ фронты хъæбатырæй фæмард», – фыста йæ мысинæгты гъдулеттаг хъæбатыр хæстон.

Гуыдиты Антон йæ хæстон хъæ-батырдзинæдты тыххæй йæ рай-гуырæн хъæу Гъдулетмæ æрхаста, уæды дуджы, зын райсæн чи уыд, ахæм кадджын хорзæхтæ – «Сырх Стъалыйы» орден, «Хъæбатырдзинады» æмæ «Хæстон сгуыхтдзинады тыххæй» майдантæ æмæ бирæ æндæр хорзæхтæ. Уыдон йæ рай-гуырæн хъæу Гъдулетмæ æрхаста йæ риуыл æмæ 18 хæстон нуæсы та – йæ буарыл. Фæллад хæстон куы æрыздæхт, уæд йæхицæн бинонты кой бакодта – йæ цард баиу кодта æгъдауджын сылгоймаг Болататы Любæимæ. Рацыд сын хорз зæнæг – иу лæппу æмæ цыппар чызджы.  Се ‘ппæтæн дæр ис сæхи бинонтæ. Антонæн йæ сæйраг дæсныйад кæд бухгалтер-хынцæг уыд, уæддæр æй йæ хъæубæстæ фылдæр зыдтой куыд дæсны цуангæнæг, афтæ. Сæрибар рæстæг-иу тынг уарзта йæ дыууæхстон «хæларимæ» æрдзы хъæбысмæ йæхи аирхæфсын æмæ хъæубæсты фосæн зиан чи кодта, уыцы тугдзых сырдты куынæг кæнын, кæддæр немыцаг тугмондаг сырдты куыд куынæг кодта, афтæ. 1958 азы æвзæрст æрцыд Цъинагары хъæуы колхозы ревизион къамисы сæрдарæй. Ацы уацы автор дæр Антоны бахъуыды кодта уæздан æмæ хæдæфсарм адæймагæй. Кæд хæсты ахæм сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уæддæр йæхицæй никуы раппæлыд.

 Антон æмæ Любæ удæгас нал сты. Хъæбатыр хæстон цардæй   ахицæн 1990 азы 7-æм февралы, йæ фæстæ хорз ном ныууадзгæйæ. Рухсаг уæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.