Ныр мæйы дæргъы горæт Цхинвалы уынгты хъуысы арæзтадон техникæйы уынæр. Республикон паддзахадон унитраон куыстуат «Водоканал» генералон подрядон организацийы хуызы горæты фылдæр уынгты фæци зæххы бын доны æмæ канализацийы реконструкцион куыстытæ.

Сног сты канд дон æмæ канализацийы хæххытæ нæ, фæлæ ма æвæрд æрцыдысты газы хызæгтæ æмæ кабелон электрон хæххытæ. Уый та уыди «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы куыст.

Мадзал æххæст цæуы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг 2017-æм азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты.

Фæндæгтыл цæугæйæ горæты цæрджытæ цы зындзинæдтæ æвзарынц, уый бирæ нæ ахæсдзæн. Куыддæр зæххы бын коммуникациты реконструкцийы куыстытæ фæуой, афтæ æрæвналдзысты фæндæгты хæрзарæзтмæ. Уыцы мадзалмæ хауы фæндæгтæ æмæ тротуартæ асфальт скæнын, цъæхдарæнтæ ныссадзын, уынгты рухсгæнæнтæ æмæ фæндаджы нысæнттæ сæвæрын.

Куыд зонæм, афтæмæй 2017 азы Инвестпрограммæйы нысангонд у 12 уынджы хæрзарæзтад. Уыцы бæллиццаг номхыгъдмæ бахаудысты Герцены, Калинины, Кировы, Дзауы, Скъолайы, Джиойы фырты, Фæсивæды, Сомихæгты, Комаровы æмæ Заводская уынгтæ. Уымæй дарддæр ма хæрзарæзт æрцыд Аргъуаны фæзуат дæр.

Горæты транспортон дадзинты цалцæг кæныны генералон подрядгæнæг ацы аз дæр у РГУП «Дорэкспострой». Субподрядон организациты хуызы та дзы архайдзысты горæты алыгъуызон арæзтадон фирмæтæ.

Ацы аз Цхинвалы фæндæгты хæрзарæзтады сæраппонд хицæнгонд æрцыд 471 милуан сомы.

Ныртæккæ уал рæвдз арæзт цæуы Джиоты Дауыты уынг. Ацы уынджы æгасæйдæр фесты доны, газ æмæ канализаци уадзыны куыстытæ.

Субподрядон организаци ООО «ТехноЭнергоСервис»-ы генералон директор Теблойты Казимир куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ рæвдз куыст цæуы фæндаджы иувæрстыл. «Бордюртæ æмæ поребриктæ куыд æвæрд æрцæуой, уымæн стыр нысаниуæг ис. Иу фæндагæн дæр уæвæн нæй æнæ уыдонæй. Фæндаджы бордюртæ фæндаджы халын нæ уадзынц, лæууынц дымгæты æмæ донивылдтыты ныхмæ. Афтæмæй уыдон хъахъхъæнынц асфальты кæ-рæтты дæр, нæ сæ уадзынц ха-лын», – банысан кодта Теблойты Казимир.

Джиойы фырты уынджы ма æвæрдæуы гиотекстиль, цæмæй тротуратыл ма зайа кæрдæг. «Тротуарты мах асыгъдæг кодтам къутæртæй, бырæттæй, уидæгтæй, цæмæй нæ уыдон ма хъыгдарой кусгæйæ. Уый фæстæ райдыдтам æвæрын гиотекстиль.

Гиотекстиль æвæрд цæуы афтæ: айвазынц æй зæххы уæлцъарыл, араст æй кæнынц, цæмæй дзы счъилтæ ма уа, æмæ мах уый тротуартыл дæр раст афтæ сæвæрдтам», – банысан кодта Казимир.

Уый куыд зæгъы, афтæмæй мæй æмæ æрдæгмæ Джиойы фырты уынг æнæхъæнæй æрцæудзæн хæрзарæзт. Ныртæккæ объектыл кусы 11 адæймаджы æмæ уæззау техникæйы æртæ иуæджы.

МИА «Южная Осетия сегодня»  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.