1 июнæй 8 июльмæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны, афтæ ма «Раздæхæн», зæгъгæ, арæнты сныдзæвæны уагъдæуыдзæн, Республикæ  Хуссар Ирыстоны закъондæттынады  фæткхалæнты профилактикæйы  ‘рдæм здæхт мадзæлтты  комплекс. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы ПÆК-ы пресс-службæ.

Мадзæлтты комплекс разындзæн паддзахадон арæнмæ хъусдард фæкарздæр кæныны хъуыддаджы: хуымæтæгдæр режиммæ гæсгæ  паддзахадон арæны сæрты бæлццæттæ уадзыны, товартæ æмæ уæзтæ ласыны; машинæтыл æмæ фистæгæй цæуджыты уадзын æмæ арæнгæрон зонæйы сæ рæстæгмæйы уæвыны; фæарæхдæргонд графикмæ гæсгæ арæнгæрон цæрæн пунктты хæдзаргай бæрæг кæныны хъуыддæгты.

Курæг стæм арæнгæрон цæрæн пунктты цæрджытæй, цæмæй хæдзарæй цæугæйæ семæ дарой бæлвырдгæнæн гæххæттытæ, цæмæй сын æнæнхъæлæджы зындзинæдтæ ма сæвзæра. Развæлгъау хатыр курæм, ацы мадзæлттæ уадзыны рæстæджы уын цы зындзинæдтæ бавзарын кæнæм, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.