Ныр 12 азы дæргъы кæд Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз хæдбар республикæтæ сты, кæд Гуырдзыстонимæ кæрæдзимæ ницыуал бар дарынц, уæддæр гуырдзиаг политиктæ сæхицæн амайынц митын мæсгуытæ ацы дыууæ æвзонг хæдбар республикæты Гуырдзыстоны скондмæ æрбаздахыны тыххæй.  Кæд 12 азы рацыд, уæддæр абоны онг дæр Хуссар Ирыстоны зæххыл сæ æбуалгъы фыдракæндты тыххæй хатыр нæ ракуырдтой ирон адæмæй, фæлæ уыйхыгъд схъæл ныхæстæ кæнынмæ диссаг фесты.

Ацы бонты Гуырдзыстоны премьер-министр Георгий Гахария социалон хызæгты ныффыста: – Гуырдзыстон никуы сразы уыдзæн Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны фесафыныл. Бæстæйы территориалон æнæхъæндзинад сæндидзын кæныны тыххæй,  спайда кæндзæн æрмæстдæр сабыр фæндæгтæй, – фехъусын кодта уый 2008 азы августы цаутыл 12 азы сæххæсты сæраппонд. «12 азы æххæст кæны, нæ бæстæ йæ ногдæр историйы уæззаудæр бонтæ куы бавзæрста, ууыл. 2008 азы уæрæсейаг-гуырдзиаг хæсты фæстиуæгæн фæмард сты не ‘мбæстæгтæй сæдæгай адæймæгтæ, уыцы нымæцы сабыр цæрджытæ дæр, хæст ныууагъта хъæдгæмттæ æмæ уæззау фæстиуджытæ. Гуырдзыстон нал сфæлахтт кæндзæн ивгъуыды рæдыдтытæ, уымæн æмæ йæ зоны, сабырдзинадæн альтернативæ кæй нæй, уый, æмæ æрмæстдæр иумиаг куыст, экономикæйы рæзт сты бæстæйы æрбаиу кæныны бындур. Мах стæм ацы проблемæ сабырадон æгъдауæй аскъуыддзаг кæныны æвварс. Уыимæ нæ бæстæйы дунеон партнертæ дæр æвдисынц сæ фарсхæцынад ацы процессы фæдыл. Гуырдзыстоны Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны «деоккупацийы» тыххæй хъæуы сабырадон æмæ рационалон политикæ уадзын, кæцы æнæ-мæнгæйдæр мах æркæндзæн кæройнаг нысанмæ – æххæст деоккупацимæ æмæ иугонд демократон европæйаг паддзахады сабыр цардмæ, кæцы барæй дихтæ æрцыд», – загъта Гуырдзыстоны премьер-министр Гахария.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстонæн конфликт æрхаста уæззау фæстиуджытæ, фæлæ бæстæ никуы сразы уыдзæн сæвзæргæ уавæримæ, республикæтæ Тбилисы дæлбар кæй не  сты, уыимæ. Уый, зæгъ, у алкæцы гуырдзиа-джы нысан дæр суанг уæлахизы онг.

Йæ рады Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили Мухатгвердийы уæлмæрдмæ бацæугæйæ, фехъусын кодта, зæгъгæ, сын 2008 азы августы хæст нæ басаста сæ бæстæйы. Гуырдзыстон, зæгъ, размæ цæудзæн æмæ не сразы уыдзæн Уæрæсейы оккупациимæ. Тбилисы мэр Каха Каладзе та фехъусын кодта, зæгъгæ, хæсты тыххæй стыр бæрндзинад æвæрд цæуы экс-президент Саакашвили æмæ йæ коман-дæйыл. «Рацыд 12 азы нæ бæстæйæн уыцы уæззау бонтæй, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты не ‘мбæстæгтæ æмæ фесæфтам нæ территоритæ. Мах хъуамæ зонды фæрцы тох кæнæм оккупацийы ныхмæ. Оккупацигонд территориты мах раздахдзыстæм экономикон рæзты фæрцы», – банысан кодта Каладзе Мухатгвердийы уæлмæрды раныхас кæнгæйæ. Фæстæ нæ фæлæууыд рæсугъд ныхæстæ кæнынмæ Гуырдзыстоны парламенты спикер Арчил Талаквадзе дæр. Уый дæр ныфс бавæрдта, территориалон æнæхъæндзинад æндидзыд кæй æрцæудзæн, уымæй. «Уæрæсе нын нæ территоритæ кæй соккупаци кодта, уымæй фехæлдта дунеон барадон нормæтæ. Сындзджын телæй арæзт къул æнæмæнгæй дæр æркæлдзæн Берлины къулау. Рæстдзинад не ‘рдыгæй ис».

Уæдæ, зынаргъ газеткæсджытæ, уæхæдæг тæрхонгæнæг фестут гуырдзиаг политикты ныхæстæн. Бынтондæр дызæрдыг кæнын нæ хъæуы, гуырдзиæгтæн сæ 99 проценты ахæм хъуыдыйыл хæст кæй сты, ууыл. Рацыд 12 азы, фæлæ сæ иу дæр хатыр нæ ракуырдта ирон адæмæй, 20 азы дæргъы сын цы æнахуыр хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уый тыххæй. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ уыдон никуы дæр басæтдзысты сæ фыдракæндон архайдтытыл, фæлæ табу Хуыцауæн, абон ирон адæм афтæ æууæндаг нал сты. Уыимæ рагæй фæстæмæ дæр ирон адæмæн сæ фæндаг уыд Уæрæсеимæ æмæ нырæй фæстæмæ дæр уыдзæн афтæ. Æнæ Уæрæсе Ирыстонæн цард нæй æмæ уый хъуамæ æмбара алы ирон адæймаг дæр. Гуырдзиæгтæ ирон адæмæй рагæй фæстæмæ уынынц сæ удхæссæг æмæ та сын 1920 азы геноциды фæстæ куыддæр гæнæн фæцис, афтæ та сæ цæвæн кард нæ раздæхтой ирæт-тæй. Гуырдзыстоны къухдариуæгад абоны онг дæр  нæма бамбæрста, Хуссар Ирыстон сæ дæлбар кæй никуыуал уыдзæн, уый. Уый бæсты ирон адæм равзардзысты мæлæт. Кæд алы гуырдзиаджы нысан дæр у территориты фæстæмæ раздахын, уæд алы ирон адæймаджы нысан та у дыууæ Ирыстоны баиу кæнын æмæ цæрæнбонтæм Уæрæсейы сконды уæвын.

Уæдæ куыд федтам, афтæмæй ирон  адæмæн уæлдай нæу чи фæнды ма уа Гуырдзыстоны президент, уымæн æмæ уыдон мады гуыбынæй рахæссынц ирæттæм æнæуынондзинад, æниу æрмæст ирæттæм нæ… Ирон адæм æппæт тыхтæй дæр хъуамæ бацархайой, дунемæ фæдисы дзæнгæрджытæ цæгъдой, æнæуый дæр чысылнымæц чи сты, уыцы дыууæ Ирыстоны баиу кæныны тыххæй… Уымæй дæр кæд дунейы æндæр адæмтæн баиу уæвыны бар ис æмæ иу дæр баисты, уæд чысылнымæц ирон адæм цы ракодтой, цы аххосджын фесты?..

***

Гуырдзыстоны раздæры фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Григол Вашадзе та интервью радта украинæйаг журналист, фашист Бандерайы фæдон Дмитрий Гордонæн. Журналист Вашадзейы куы бафарста, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз фæстæмæ æрбаздæхдзысты Гуырдзыстоны скондмæ, уæд ын уый фидарæй сдзуапп кодта: «мæнæ демæ куыд ныхас кæнын æмæ уый куыд зонын, афтæ æууæндын ууыл  дæр, æмæ уыдон Гуырдзыстоны сконды кæй уыдзысты». «Уый тыххæй нæ хъæуы, фæрстæн райсинаг чи у, ахæм уынаффæтæ райсын.  Æмæ ахæм райсинаг уынаффæмæ ныридæгæн кастæуы, уæлдайдæр та Абхазы тыххæй. Уымæн æмæ афтæ тынг ничи фæллайы уæрæсейаг æфсæддон базæйы цæрынæй, куыд оккупацигонд регионы цæрджытæ. Нæ абхазаг æфсымæртæй æввахсдæр гуырдзиæгтæм ничи ис. Уыдон тынг хорз бамбæрстой, мах иууылдæр цахæм рæдыд æруагътам, уый. Ныхмæлæудтытæ аскъуыддзаг кæнын сæхицæн сæ бон не ссис æмæ бахатыдысты, абхазæн йæхи арбитрæй чи æвдыста, уымæ. Æмæ уыцы арбитр та разынд агрессор æмæ оккупант. Уыдонæй ныр тынг хорз æмбарынц. Уыдон æмбарынц, Гуырдзыстоны историон, моралон æмæ политикон хæс  кæй у  абхазаг æвзаг, этнос, традицитæ бахъахъхъæнын. Мах аххосджын уыдзыстæм, абхазæгтæ куыд этнос, афтæ куы фесæфой, уæд. Æмæ ныртæккæ цы уавæры сты, уый сæ кæны сæфтмæ. Уымæ гæсгæ,  гуырдзиæгты æмæ абхазæгты дæр хъæуы иумæ раст æмæ ахъуыдыгонд къахдзæфтæ этапгай саразын. Цахæм формæйы æрцæудзæн уый? Уый æрцæудзæн иугонд гуырдзиаг паддзахады. Ома, баныхæсты формæйы. Уый æнæмæнгæйдæр æрцæудзæн, растдæр уый Украинæйы куыд æрцæудзæн, афтæ». Гордон: Тынг мæ зæрдæмæ фæцыдысты дæ хъуыдытæ æмæ ныфсæвæрæн ныхæстæ.

Вашадзейы цæмæй ныфс ис, уый бæрæг нæу. Абхазæгтæ, æгæрыстæмæй, Советон Цæдисы рæстæджы дæр хъæрмудæй никуы цардысты гуырдзиæгтимæ. 1982 азы æвдисæн сдæн ахæм цауæн. Мæ цардæмбал Хуриты Гивийы Хуссар Ирыстоны партийы обком арвыста ахуыр кæнынмæ Бакуйы уæлдæр партион скъоламæ. Йемæ ма æрвыст æрцыд Цотниашвили Гиви дæр. Рауад афтæ, æмæ куыд хуссарирыстойнæгтæ, афтæ уыдон цардысты иу хатæны уæлдæр партион скъолайы æмдзæрæндоны. Уыцы рæстæджы æз дæр цалдæр хатты ацыдтæн Бакумæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъолайы  ахуыр кодтой абхазæгтæ дæр, кæцытæ бынтондæр нæ уарзтой гуырдзиæгты. Абхазаг лæппутæ тынг схæлар сты Гивиимæ, мах, зæгъ, æфсымæртæ стæм, æмæ-иу æм арæх бацыдысты йæ хатæнмæ. Фæлæ-иу Цотниашвилийы уым куы баййæфтой, уæд-иу уайтагъд  цæуынмæ фесты. Уыдон, æгæрыстæмæй, æнæбары саламæй дарддæр ныхас дæр никуы кодтой гуырдзиæгтимæ. Ахæм ахаст сæм дардтой рагæй фæстæмæ. Фарстæуы, Вашадзе кæцæй æрхаста, абхазæгты гуырдзыимæ хæларæй цæрын æрфæндыд, уый. Уайы афтæ æмæ гуырдзиæгтæ сæхицæн æвæрынц мæнг ныфсытæ, цард-цæрæнбонты дæр чи не ‘рцæудзæн, уымæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.