Сылгоймаджы намыс нæ фыдæлтæ нымадтой царды айдæныл. Хъыгагæн, абон бирæбæрцæй афтæ  нал у.  Ныр цард размæ куыд цæуы, афтæ ивынц ирон æгъдæуттæ, сылгоймаджы хидарыны уаг дæр. Хъыгагæн, сæфынц канд фауддзаг æгъдæуттæ нæ, фæлæ нæм хорзæй цы уыд, уыдонæй дæр бирæтæ. Абон сылгоймаг йæхи афтæ къуындæг, æбарæй нал хаты. Уый нæ, фæлæ ма, хъыгагæн, бирæтæ цайдагъ кæнынц алыгъуызон æвзæрдзинæдтыл. Хъыгагæн, æвзонг сылгоймæгты дзыхæй фехъусæн вæййы æвзæр, æнæуаг ныхæстæ, æлгъыстытæ. Æмæ ирон сылгоймаг та кæддæриддæр йе сныхас, йе ‘гъдауæй фидыдта…

Интернетæй пайдагæнгæйæ, æнæуаг митæ чи кæны, ахæм фæсивæд фæстаг рæстæг нæ республикæйы дæр сарæх сты. Æмæ уыцы ран ирон фæсивæд хъуамæ сæ зæрдыл æдзухдæр дарой, мингай адæй-мæгтæ сæм фæйнæрдыгæй кæй кæсынц æмæ æгас ирон адæмæн уымæ гæсгæ кæй аргъ кæнынц. Дæхи «ариаг» хонгæйæ, дзырдæн йæ нысаниуæг уæддæр хъуамæ зонай.

Махæн, ирæттæн, нæ  менталитет у æндæр, кæцыйæн, мæнмæ гæсгæ, стыр нысаниуæг ис. Æддагæттæ нæ республикæйы цæрджыты рæстмæ  нæ зонынц, æмæ хызæгты комментаритæм гæсгæ аргъ кæнынц нæ адæмæн. Мах кæрæдзийы фаугæ æмæ æфхæргæйæ, нæ фыдæлтæн   кад кæнынæн дæр нал стæм.

Ма дзы ‘вдис дæхи æнæуагæй, дзæгъæлдзыхæй, æрдæгбæгънæгæй, хъæбыстæгæнгæйæ, гъе, ироны ном æгадгæнæг æндæр ахæм хуызы. Дæ зæрдыл дар ирон æмбисонд: «Хъæуæй хъæды дæхи хуыздæр дар!».

Ирыстоны хорз фæсивæд рæзы, зонд æмæ æгъдауыл хæст, хистæрæн, сылгоймагæн кадгæнæг. Фæлæ дзы фæзыны æмбыд картофау, сæ уагахастæй иннæтæн дæр тæссаг кæмæй у, ахæм чызджытæ æмæ лæппутæ. Алчидæр дзы бинонты, сыхы ‘хсæн хъомыл кодта, фæлæ æмбæлон хъомылдзинад нæ райстой.

Сæфтмæ нæ абон тæрынц, æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ.

Зæххы цъарыл цæры, ис тынг бирæ адæмтæ. Уыдонæй алкæцыйæн дæр ис йæхи æгъдæуттæ æмæ уагæвæрдтытæ. Махмæ Ирыстоны цы æгъдæуттæ æмæ фæткæвæрд ис, уыдæттæй хицæн кæнæм æндæр адæмтæй.  Кæд абон дунеон цивилизацийы иу хай стæм, уæддæр нырмæ не ‘гъдæуттæ æмæ нæ фыдæлты цардуаг сæ тыхы сты. Уыдоныл æнцой кæнынц нæ рагфыдæлты дунеæмбарынад, нæ ариаг æвзаг, Иунæг Хуыцаумæ кувыны уаг.

Æвæццæгæн, фæсарæйнаг паддзахадты  минæвæрттæ дæр дзæгъæлы нæ кад кæнынц не ‘гъдæуттæн. Уыдон сты нæ нæртон фыдæлтæй баззайгæ стыр хæзнатæ. Уымæ гæсгæ махæй алчидæр хъуамæ йæ хæсыл нымайа уыцы æгъдæуттæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнын. Хъыгагæн, ныры заманы бирæтæ сæ хæсыл нал нымайынц уыдон хъахъхъæнын, нал сыл æввæрсынц. Фыддæргæнæгау сæ æгад кæнæм, æцæгæлæтты раз сæ худинаг кæнæм, æмæ нын уыцы æвидауц «зондахаст» стыр зиан хæссы.

 Адæмыхатт иннæ адæмты ‘хсæн зыны æмæ æрттивы цыкурайы фæрдыджы хуызæн æрмæстдæр йæ культурæйы руаджы. Культурæйы сæйраг хай та сты адæмы æгъдау æмæ æфсарм, æнусты дæргъы цы удварны хæзнатæ бахъахъхъæдтой, уыдон.

Куыд зонæм, афтæмæй ирон æгъдæуттæм сæ хъус раджы æрдардтой уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ. Суанг XIX æнусы сæ хъуыдытæ сæ зонадон куыстыты загътой æмæ стыр уацтæ ныффыстой Всеволод Миллер, Максим Ковалевский æмæ бирæ æндæртæ. Æгъдæутты тыххæй чингуытæ рацыд ирон зындгонд ахуыргæндтæ æмæ фысджытæн дæр.

Ирон адæмы ‘хсæн бастдзинæдтæ хъуамæ уой фидар бындурыл æвæрд, нæ зонд, нæ уынаффæтæ иу фæндагыл хъуамæ арæзт цæуой, не ‘хсæн уа уарзондзинад, тæрсæм кæрæдзийы зæрдæхудтæй, нæ циндзинады æмæ зындзинады дæттæм кæрæдзийæн æгъдау, кæрæдзийæн зæрдæйæ салам дæттын фæразæм.

Фыдæлтыккон æгъдæуттæ ныртæккæ цудынц. Уыдон сæ аккаг бынаты сæвæрыны хъуыддаджы иугай адæймæгтæн сæ бон ницы бауыдзæн, иумæйаг хъарутæй, æмзондæй, æууæнкдзинадæй, æнæсайдæй сæм куы нæ февналæм, уæд.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.