Республикон фестиваль «Традициты фæдонтæ – Аланиадæ»-йы фæлгæтты Цхинвалы уагъд æрцыд турнир æмхæццæ æмбуархæстæй. Ерысты хайад райстой 80 спортсмены бæрц. Уыдон дихгонд уыдысты цыппар кары къордыл. Сæ тыхтæ дзы фæлвæрдтой 10 азæй 17 азы онг кæуыл цыд, ахæм æвзонг лæппутæ.

Ерыстæ байгом кæныны церемонийы йæ хайадисджытæн раарфæ кодта «РХИ-йы æмхæц-цæ æмбуархæсты федераци»-йы президент Хъуылымбегты Мамед.

«Нæ республикæйы фыццаг хатт уагъд цæуы ММА-йæ скъоладзауты ‘хсæн ерыстæ. Спортсментæ хорз цæттæ сты. Нæ разылæууæг хæстæй ма сæ иу у ацы турниры фæстиуджытæм гæсгæ иууыл хуыздæр спортсменты равзарын, кæцытæ уый фæстæ хайад исдзысты РЦИ-Аланийы ерысты», – фехъусын кодта Хъуылымбегты Мамед.

Аланиадæйы фæлгæтты ма уагъд цæудзысты турниртæ спорты æндæр хуызтæй, афтæ ма равдыстытæ, викторинæтæ, национ хъæзтытæй ерыстæ, бæхты дугътæ æмæ афтæ дарддæр.

Фестиваль арæзт цæуы Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны цытæн.

 

БОКС

Зындгонд ирон боксер Гасситы Мурат фембылд шведаг боксер Отто Валлинæн. Тох цыд Туркаг горæт Антальяйы. Фыццаг раундæй фæстæмæ Мурат цыд размæ, хъавыд йæ ныхмæлæууæджы тыхджын цæф ныккæнын, фæлæ Отто Валлин равзæрста 2018 азы Усик Гассийы фырты цы тактикæйæ рамбылдта, ахæм. Ома, фылдæр змæлын æмæ Мураты бирæ рог цæфтæ кæнын. Хъыгагæн, Муратæн Усикимæ тох зондзонæн нæ фæцис. Нæ фæивта йæ стиль. Ныр дæр уыцы цæфтæ арæх æмбæлдысты Сланты Виталийы хъомылгæнинагыл. Æмæ кæд раздæр 91 кг уæзы категорийы архайдта, уæд ныр та йæ тох цыд суперуæззау уæзы категорийы. Ам архайæг спортсмены рог цæф дæр тынгдæр æндавы адæймагыл, уæлдайдæр та бирæ цæфтæ куы вæййынц, уæд. Ома, уыцы хъуыддагæн вæййы æмбырдгæнæн эффект. Зæгъæм, ныр Валлины уæз уыд 107,75 кг, Мураты уæз та – 98 кг. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Мурат йæ стиль куынæ фæива, уæд ын суперуæззау уæзы категорийы зын уыдзæн титултæ рамбулын.

Тохы фæстæ Мураты тренер Сланты Витали куыд загъта, афтæмæй, йæ нымадмæ гæсгæ æппынкъаддæрæй 12 раундæй 8 рамбылдта йæ хъомылгæнинаг. Æмæ кæд æцæгæйдæр афтæ у, уæддæр уыцы хъуыддаг нæ ивы Мураты тынгдæр йæхи хъахъхъæныны тактикæйыл кусын кæй хъæуы, уый.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.