Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр дыццæджы хайад райста Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты Мæскуыйаг дунеон ахастыты паддзахадон институты «Хæлардзинады Аллейы» тæгæры садзæн садзыны церемонийы. Мадзалы ма хайад райстой Мæскуыйы дипломатон миссийы минæвæрттæ, институты ректор Анатоли Торкунов æмæ студенттæ.

Гасситы Знауыр йæ ныхасы банысан кодта ацы мадзалы нысаниуæг.

«Æхсызгон мын у уый банысан кæнын, æмæ ректор æмæ институты Рæзты фонды руаджы «Хæлардзинады Аллейы» географи бонæй бон уæрæхдæр кæй кæны.  Æмæ ныр, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад нымад куы æрцыд Уæрæсейы Федерацийы рдыгæй æмæ дипломатон ахастытæ фидар куы æрцыдысты, уыцы юбилеон аз мах иу кæнæм ацы стыр бинонтæм», – загъта Знауыр.

Гасситы Знауыр ма банысан кодта, зæгъгæ, дæс азы сабыр арвы бын Хуссар Ирыстон Уæрæсейы руаджы æнтыстджынæй скъуыддзаг кæны паддзахадон арæзтады фарстатæ. Уый равдыста йæ ныфсы æнкъарæнтæ, Аллейæ дарддæр дæр кæй дзаг кæндзæн ног мидисæй æмæ адæмтæ æмæ бæстæты ‘хсæн æмгуыстады æвдисæнтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.