26 августы – Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон Хæдбардзинады банымадыл 15 азы сæххæсты бæрæгбон Цхинвалы, Парламенты актон залы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы парламентты сæрдартæ Æлборты Алан æмæ Тускъаты Таймураз  сæ къухтæ æрфыстой, дæс азæй фылдæры бæрц дыууæ республикæйы депутаттæ æмгуыстады тыххæй цы сразыдзинадыл куыстой, ууыл. Къухæрфысты цытджын церемионийы хайад райстой æфсымæрон республикæты сæргълæуджытæ – Гаглойты Алан æмæ Сергей Меняйло, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы минæвæрттæ, Абхаз æмæ Цæгат Ирыстоны делегацитæ æмæ æндæр уазджытæ.

Церемонийы кæрон Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз хорзæхджын æрцыд РХИ-йы Парламенты майдан «Хъуылымбегты Торез»-æй.

***

Цæгат Ирыстон – Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз фæстæдæр банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ парламенты ‘хсæн сразыдзинад стыр бæрндзинад æвæры республикæты закъондæттæг органтыл. Ацы документыл Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны депутаттæ бирæ рæстæг æмæ тынг лæмбынæг фæкуыстой.

«Фæстаг азты дыууæ æфсымæрон республикæйы дæр экономикæйы æмæ социалон фадгуыты цæуы динамикон, æвæрццаг процесстæ. Абон нæ разы ноджы ахсджиагдæр хæслæвæрдтæ ис экономикæ, технологион суверенитет æмæ социалон фадыджы фадæттæ фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы. Æппæт уыдон реализацийы тыххæй дыууæ парламенты дæр хъуамæ лæмбынæг æмæ уæхскуæзæй кусой. Ахæм куыст фæахъаз уыдзæн дыууæ республикæйы рæзт æмæ размæдзыды тыххæй хъæуæг барадон продукты райстæн», – загъта Тускъаты Таймураз æмæ раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Парлементы депутаттæн, документæн се ‘мгуыстады тыххæй æмæ банысан кодта УФ-йы Паддзахадон Думæйы  депутатты методикон æмæ методологион æххуысы ахсджиагдзинад.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг 20 азы УФ-йы Федерацийы Советы закъондæттæг орган, Паддзахадон Думæ æмæ Уæрæсейы регионты закъондæттæг органты ‘хсæн эффективон куыст цæуы. Æхсæнпарламентон æмархайды уый хорз практикæ у æмæ уыцы практикæ биноныг æрцæудзæн Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны парламентты æмгуыстады дæр.

***

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Æлборты Алан журналисттæн радзырдта, зæгъгæ, «Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны парламентты ‘хсæн сразыдзинадæн æндæр тых ис, уый хъомысджындæр у. Уыцы документы фæрцы фылдæр бафтдзæн саразын дыууæ республикæйы парламенттæн.

«Цæгат Ирыстоны Парламентимæ ныхас кæнæм, цæуыл кусдзыстæм, уыдæттыл. Иу-миагæй цы ахсджиаг фарстатæ скъуыддзаг кæндзыстæм, уыдон ныридæгæн бæрæг сты. Æвæццæгæн, иууыл ахсджиагдæр æмæ проблемондæр фарст уыдзæн арæны сæрты хизыны тыххæй. Нæ цæгаттаг æфсымæртимæ мах æппæтдæр сараздзыстæм арæны сæрты хизыны процедурæ фæхуымæтæгдæр кæныны тыххæй. Дыууæ парламентæн æндæр тых уыдзæн æмæ уыцы тыхы руаджы нæ къухы фылдæр æнтыстытæ бафтдзæн», – банысан кодта Æлборты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Парламенты Сæрдары бынаты куы райдыдта кусын, уæдæй нырмæ йæ фыццаг хæсыл нымадта ацы сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Документыл куыстой цалдæр равзæрст Парламенты депутаттæ, фæлæ йыл цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ абоны онг къухтæ не ‘рфыстæуыд. Уымæн æмæ уый хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд. Цæгат Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы субъект кæй уыд, уый тыххæй бирæ цæмæндæртæн бар райсын хъуыд Уæрæсейæ. Уыцы хъуыддаджы стыр æххуыс бакодтой Паддзахадон Думæйы депутаттæ.

Æлборты Алан бузныджы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстонæн, иууыл уæззаудæр азты Хуссар Ирыстоны адæмы фарсмæ кæй æрбалæууыд æмæ сын бирæ азты дæргъы кæй æххуыс кодта, уый тыххæй. Бузныджы ныхæстæ ма загъта Цæгат Ирыстоны Парламенты 1993 азы депутаттæн, Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад фыццаг уыдон кæй банымадтой, уый тыххæй.

РХИ-йы Парламенты спикер сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны бон схуыдта символикон, зæгъгæ, уыцы бон историйы  баззайдзæн Хæдбардзинады банымады æмæ сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны бонæй.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.