Сæрдыгон æнтæф бонты адæм сæхи æппарын райдайынц доны былтæм, бирæтæ фæцæуынц æд бинонтæ, сывæллæттимæ. Æмæ æнахъомтæ кæм уой, уым фыдбылыз æрцæуынæн дæр бирæ нæ фæхъæуы. Æниу бирæ карджын гоймæгты сывæллоны зонд дæр нæ вæййы æмæ ахæмтæм фылдæр хъусдард фæхъæуы здахын.

Доны былты алкæцы ран хи найынæн нæ бæззы – уавæртæ дзы нæ вæййы, æмæ уымыты найын тæссаг у адæймагæн. Æрвылаз дæр æрцæуы æнамонд цаутæ элементарон æдасдзинады нормæтæ бахъахъхъæныны тыххæй. Чи расыгæй фæнайы йæхи, чи егъау уылæнтæм багæпп кæны æмæ афтæ дарддæр. Стæй ма бирæ ныййарджытæй рохуаты аззайынц сæ сывæллæттæ æмæ уыдонæн та хæрз чысыл цæугæдон, кæнæ чысыл цады дæр тас вæййы фæхуыдыгæн.

Доны былтæм цæуджытæ ма семæ ахæссынц алыгъуызон хæринæгтæ æмæ стæй бынаты æртытæ скæнынц. Арт скæныны диссагæй ницы ис, фæлæ йæ дæ фæстæ хъуамæ ахуыссын кæнай. Кæннод стæй расайы зынгсирвæзтытæм æмæ зиан æрхæссы доны былтæм æввахс цæрджытæн æмæ экологийæн дæр. Алы аз дæр сæрды мæйты Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ уынгæджы фæвæййынц зынгсирвæзты-тæ хуыссын кæнынæй.

Уымæй уæлдай ма не ‘хсæн ис ахæмтæ дæр, æмæ сæ брон сæ фæстæ ныууадзынц, кæм фæулæфынц, уым. Уыдоны ‘хсæн вæййы пластиктæ, целлофантæ æмæ æндæр алыгъуызон брæттæ, кæцытæ дæсгай æмæ сæдæгай азты зæххы бын не ‘мбийынц æмæ стыр зиан хæссынц æрдзæн. Кæмдæрты уыйбæрц сбирæ вæййынц брæтты кæритæ, æмæ дзы къах æрæвæрæн нал вæййы. Ацы уавæр та иумийагæй комкоммæ æндавы са-нитарон-эпидемиологон æдасдзинадыл.

Æппæт ацы проблемæтæ хынцгæйæ, цалдæр азы размæ уæды Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь бахæс кодта милицийы кусджытæн, цæмæй Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытимæ иумæ сæрдыгон бонты доны былты уадзой рейдон мадзæлттæ æмæ фæдзæхсой адæмы. Уæдæй фæстæмæ æрвылаз дæр сæрды мæйты уагъд фæцæуынц профилактикон рейдон мадзæлттæ, кæцытæ нысанмæздæхт сты фыдбылызтæ æмæ фæткхалæн цаутæ ма æруадзынмæ.

Ацы аз дæр та æгас республикæйы тер-риторийыл райдыдтой рейдон профилактикон мадзæлттæ. Мидхъуыддæгты æмæ Уæлвæткон уавæрты министрадты кусджытæ зилын райдайдзысты цæугæдæтты æмæ цæдты былтыл, æмæ фæдзæхсдзысты уымыты тезгъогæнæг адæмы, цæмæй сæхи хъахъхъæной, сæ брæттæ бынаты ма уадзой æмæ сæ фæстæ сæ æртытæ хуыссын кæной. Рейдон мадзæлтты рæстæджы фæткхалæн цаутæ бæлвырд куы æрцæуой, уæд æфхæрд цæудзысты сæ саразджытæ. Кæд æмæ доны былты баййафой æнахъомты, кæцытæн семæ не сты сæ ныййарджы-тæ, кæнæ карджын адæймаг, уæд сын сæ ныййарджыты æркæндзысты административон бæрндзинадмæ. Ахæм мадзæлттæ уагъд цæудзысты, цалынмæ найын афон уа цæугæдæтты æмæ цæдты, уæдмæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.