Раздæры азтау зæхкусæджы авналæнтæ кæд афтæ зæрдæйы фæндиаг нал сты, уæддæр уый ныхдур нæу, зæххы куыст бирæ чи уарзы, уыдонæн. Уый нæ, фæлæ уыдон æндæрты дæр разæнгард кæнынц хъæууонхæдзарадон продуктты парахатдзинад фæфылдæр кæнынмæ. Афтæ у уавæр Знауыры районы зæхкус-джыты ‘хсæн дæр. Рагæй фæстæмæ амы цæрджытæ аудгæ ахаст дардтой зæххмæ, байтыдтой-иу хъæууонхæдзарадон культурæтæ æмæ сæ намысджын фæллойы фæрцы сæ райсгæ тыллæгæрзадæй рухс кодта сæ зæрдæ. Уыцы хорз хъæппæрис нæ рох кæнынц ныр дæр хицæн æмбæстæгтæ æмæ æфсирон культурæтæй райсынц хъæздыг тыллæг. Афтæ уыд ивгъуыд аз фæззæджы æмæ ацы уалдзæджы дæр. Уæд кусынæн бæзгæ бонтæй спайда кодтой хæдзардзинæй æмæ сын дзæвгар бантыст фæззыгæнд мæнæу æмæ хъæбæрхоры культурæтæ байтауын.

Зæгъын хъæуы, ацы культурæтæй зæрдæйы фæндиаг тыллæг райсынæн æрмæст хæрзгъæд тауинаг самал кæнын æмæ йæ рæстæгыл байтауын фаг кæй нæу. Æнæмæнгхъæуæг вæййы æвзарты зианхæссæг уырынгонтæй бахъахъхъæнын, стæй сæм минералон хъацæнтæ бахæссын дæр. Ацы ахсджиаг куыст бакæнынæн дæр самал кодтой хъацæнтæ æмæ сæ схъацæнджын кодтой цыбыр æмгъуыдмæ. Уыцы куыст тракторон бригадæйы бригадир Наниты Талик бахæс кодта фæлтæрд æмæ куыстуарзаг механизатор Кокойты Эдикæн æмæ йын хорз бантыст. Цæвиттон, Кокойты Димайы бæрны ис 50 гектары æфсирон культурæты фæзуат æмæ сæм хаст æрцыд минералон хъацæнтæ. Ахæм куыстытæ ма бакодта Сиукъаты Мураты 25 га хъæбæрхоры хуы-мы, Сатхъоты Елинæйы – 10 га хуымы, Хъуылымбегты Генрихы 12 га фæзуаты. Механизатор ма ахæм куыстытæ бакодта æндæр хоркуыстгæнджытæн дæр æмæ ныр сæ зæрдæ рухс кæны сæ байтыдтæй, ныфс сæ ис хъæздыг тыллæгæрзадæй.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.