РХИ-йы Паддзахадон телерадиокомпани «Ир» банысан кодта йæ 25 азы юбилей

Знон киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын мадзал Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы сырæзтыл 25 азы сæххæсты цытæн. ПТРК-йы кусджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Республикæйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæвар Марат Кулахметов, республикæ Цæгат Ирыстон æмæ Абхазы дзыллон информацийы фæрæзтæй сæ коллегæтæ. Уазджыты æхсæн уыдысты республикæйы раздæры президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид.

Цалынмæ цытджын æмбырд нæ байгом, уæдмæ æрæмбырдуæвджытæ æмырæй алæугæйæ ссардтой адæмон къамисæг Гæбæраты Неллийы рухс ном. Уый ацы бонты аивгъуыдта не ‘хсæнæй.

Æмбырды бæрæгбонон хай байгом документалон фильмæй, цыран æвдыст æрцыдысты ПТРК «Ир» куыд сырæзт, цахæм фæндагыл рацыд æмæ тележурналистты ныртæккæйы архайдæй кадртæ.

ПТРК «Ир»-ы къухдариуæггæнæг Чилæхсаты Георги йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй сæрысуангæй телеуынынадæн бындур æрæвæрдтой энтузиасттæ. Уыдон фæрцы  æрцыдысты арæзт йæ фыццаг къахдзæфтæ æмæ фæстагмæ телеуынынад рахызт куысты нырыккон амæлттæм.

«Паддзахадон телеуыныад рацыд уæззау фæлварæнтыл æмæ куыста зын уавæрты. Ныртæккæ республикæйы къухдариуæгад стыр хъусдард здахы ПТРК «Ир»-мæ æмæ нын нырыккон ифтонгадæй кæны ахадгæ æххуыс», – дзырдта Чилæхсайы фырт.Йæ ныхæстæм гæсгæ, президенты æххуысы фæрцы рауагъдæуыд чиныг  телеуынынады историйы фæдыл, арæзт ын æрцыд ног сайт.

«Ныртæккæ хицауады ‘рдыгæй цы стыр æххуыс æмæ ахъаз цæуы махæн, ахæм æз никуы хъуыды кæнын», – загъта кæронбæттæны телеуынынады разамонæг.

«ПТРК «Ир»-ы историйы тыххæй документалон фильммæ бакæсгæйæ, адæймаг зæгъдзæн, уый телекомпани нæу, фæлæ къайад аразыны галуан, зæгъгæ!», – хъазгæмхасæн загъта Президент Бибылты Анатоли. Бæстæйы сæргълæууæджы ацы хъуыдытыл бафтыдтой фильмы фенгæ  цаутæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй телекомпанийы кусджытæй бирæтæ сæ амонд   ссардтой уым. Бирæ бинонты артдзæстытæ сырæзт ПТРК «Ир»-ы кусджыты æхсæн.

Бибылты Анатоли бузныг загъта Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвигæн паддзахадон телеуынынад саразыны тыххæй. Президенты бузныджы ныхæсты аккаг систы Уæрæсейы Паддзахадон телерадиокомпанийы къухдариуæггæнæг Олег Добродеев афтæ, цæгатирыстойнаг коллегæтæ дæр ПТРК-йæн сæ иузæрдион æххуысы тыххæй.

«Сымах рацыдыстут зын рæстæджытæ æмæ фæлварæнты сæрты, фæлæ разындыстут æнувыд уæ равзæрст дæсныйадыл. Сымахæн фæзындзæн ног фадæттæ, цæмæй æрвылбон дæр дисы æфтауат телекæсджыты. Нæ нысан у рæзын æмæ размæ цæуын», – загъта йæ фæндиæгтæ Президент.

ПТРК «Ир»-ы стыр арæхст, энтузиазм æмæ размæ тырнындзинады кой ракодта РХИ-йы Иноформаци æмæ мыхуры комитеты сæрдар Хъотайты Мария.

«Нæ ведомство æххуыс кæны æмæ кæндзæн паддзахадон телеуынынадæн», – банысан кодта информацион ведомствойы сæргълæууæг.

Мадзалы кæрон ПТРК «Ир»-ы къорд æнтыстджын кусæджы хорзæхдджын æрцыдысты паддзахадон æмæ ведомствоион хорзæхтæй. Радтой сын сæ Президент Бибылты Анатоли æмæ Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Хъотайты Мария.

Хорзæхы аккаг ссис РЦИ-Аланийы фæдыл Уæрæсейы ПТРК-йы управленийы сæргълæууæг Хъуысаты Тимур, 90-æм азты Хуссар Ирыстоны телеуынынады сырæзты хъуыддамæ йе ‘ххуысы хай чи бахаста, уыдон, афтæ ма абхазаг коллегæтæ.

Бæрæгбонон мадзал фæци аивады дæсныты концертæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.