Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырд у иууыл ахсджиагдæр документтæй иу, кæцыйыл къухтæ æрфыстæуыд Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн нæ ногдæр историйы, – банысан кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ документы æвдыст цæуынц бындурæвæрæг пункттæ æмæ статьятæ, кæцытæ бæрæг кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ахастыты дарддæры рæзт.

«Бадзырды фыст æппæт статьятæ æххæст цæуынц. Ацы документ реализаци кæныны фæдыл куыст фактон æгъдауæй æххæст æрцыд 98 процентæй. Иннæ хæйттыл дæр куыст цæуы. Зæгъæм, æрæджы йæ архайд райдыдта Мидхъуыддæгты министрады информацион-координацион центр, кæцы хынцыд æрцыд бадзырды. Афтæ ма РХИ-йы Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйттæ бацыдысты уæрæсейаг æфсады скондмæ, æмæ уый дæр у бадзырд æххæст кæныны руаджы», – загъта Гасситы Петр.

Парламенты Сæрдары хъуыдымæ гæсгæ, документ реализаци цæуы æнæкъуыхцыйæ куыд хуссарирыстойнаг, афтæ уæрæсейаг фарсæрдыгæй дæр. «Æрæджы кусын райдыдтой, уæрæсейаг паспорттæ кæмæн нæй, уыцы цæрджытæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад фæхуымæтæгдæрæй райсыны тыххæй фарстыл. Æз хъуыды кæнын афтæ, æмæ ацы фарст скъуыддзаг æрцæудзæн æввахс рæстæджы», – загъта спикер.

Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, 2015 азы РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, уæд нырма Парламенты спикер уæвгæйæ, иууыл активондæр хайад иста ацы документ райсыны æмæ йыл къухтæ æрфыссыны хъуыддаджы. «Алцы нæ рауад, Анатоли Ильяйы фырты куыд фæндыд афтæ, фæлæ йын ныр фылдæр æххæстбартæ ис. Уымæ гæсгæ  ацы егъау æхсæнпаддзахадон бадзырдмæ  уæд цы пункттæ нæ бахаудтой, уыдон хаст æрцæудзысты документмæ. Уымæй дæр, документмæ бахæссæн ис ивындзинæдтæ æмæ уæлæмхасæнтæн», –   загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.