8-æм январы РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры уагъд æрцыд пресс-конференци Галаты Барисы номыл культурæйы фонды директор Гаглойты Лианæ æмæ центр «Содействие»-йы генералон директор Гæбæраты Андреимæ. Мадзалы ма хайад райстой зынгæ зарæггæнæг æмæ композитор Харебаты Тимур æмæ «Симд»-ы зарæггæнæг Æлборты Инал.

Пресс-конференци ногазон арфæйы ныхæстимæ байгом кодта нæ республикæйы Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Хъотайты Мария. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ног азы сæ куысты фыццаг бон райдыдтой культурон фадыгæй æмæ нын ацы къабазы, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, фылдæр цы бантыса, уыцы арфæ ракодта алкæмæн дæр. «Абон нæ уазджытæ сты ахæм адæймæгтæ, кæцытæ архайынц ирон культурæ бахъахъхъæнын, райтынг æмæ базонын кæныныл канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Уæрæсейы бирæ рæтты дæр», – банысан кодта Хъотайты Мария.

Гаглойты Лианæ дæр йæ ныхас райдыдта бæрæгбонон арфæтæй æмæ банысан кодта, Ирыстоны адæм ацы бæрæгбонтæн стыр аргъ кæй кæнынц. Уый журналисттæн сæрмагондæй радзырдта сæ бакæнгæ куысты тыххæй æмæ дарддæр сæ зæрды цы саразын ис, зынгæ композитор, дирижер æмæ нæ паддзахадон зард æмæ кафты ансамбль «Симд»-ы бындурæвæрæг Галаты Барисы егъау бынтæ куыд парахат цæуынц, афтæ ма йæ номыл раздæр æмæ дарддæр дæр цы мадзæлттæ уагъд цæудзысты, æппæт уыдæтты тыххæй. Банысан ма кодта, зæгъгæ, Галаты Барисы бонтæ ауадзыны проекты æвварс æхсызгонæй æрбалæууыдис Гергиты Ларисæ æмæ æнтыстджынæй уагъд æрцыдысты ивгъуыд аз. Галаты Барисы ном кæддæриддæр бæрзонд исын æмæ йын йе сфæлдыстад адæмы размæ хæссын кæй хъæуы, уыцы хъуыды загъдгонд æрцыдис пресс-конференцийы.

«Ноябры мæйы Уастырджийы къуыриты, ома, Джиуæргуыбайы хæдразмæ мах сорганизаци кодтам æмæ ауагътам проект “Ирыстоны бонтæ Уралы”. Ацы хъуыддаг саразыныл архайдтам рагæй. Уырдæм хуынд æрцыдысты Хуссар Ирыстонæй дæр. Нæ дыккаг проект та баст у, рагæй фæстæмæ кæуыл кусæм, уыцы хъуыддагимæ, ома, Галаты Барисы сфæлдыстадимæ. Уый Ирыстонмæ, афтæ зæгъæн ис, æмæ у Хуыцауæй æрвыст. Нæ амондæн æй фыццаг базыдта Тыбылты Алыксандр. Уый йæ федта Дзæуджыхъæуы æмæ йын загъта, цæмæй æрцыдаид ардæм. Мах куы фæкæнæм Галаты Барисы кой, уæд фæкæнæм æнæхъæн Ирыстоны кой», – загъта Гаглойты Лианæ.

Чиныг «Ирон адæмон зарджытæ»-йы тыххæй та загъта, зæгъгæ, у стыр лæвар куыд музыкалон аивадæн, афтæ æппæт ирон адæмæн дæр. Уый мыхуыр æрцыдис РХИ-йы Культурæйы министрады æххуысæй, цæмæй зынгæ композиторы сфæлдыстад ма рох кæнæм æмæ хæццæ кæна дзыллæтæм. Ацы музыкалон уацмысты æмбырдгондæн уыд презентаци аивæдты дунеон фестиваль  «Уазæгуаты Гергиты Ларисæмæ»-йы фæлгæтты   дæр. Чиныг «Ирон адæмон зарджытæ»-йы разныхасмæ хаст æрцыдис Гергиты Валерийы арфæйы ныхас Галаты Барисы фундаменталон куыстыты сæраппонд æмæ йæ бакастысты журналисттæн. Дарддæр ма Гаглойты чызг радзырдта, æрмæг æмбырдгонд куыд æрцыд, куыд ыл куыстой æмæ сæ нырыккон техникон фæрæзтæм куыд ракодтой, уыдæттыл.

Гæбæраты Андрейы ныхæстæм гæсгæ, уымæн йе стыр æнтыст уыдис йæ проект «Время не ждет»-ы уæлахиз. Уый райста президент Владимир Путины грантты фонды æххуыс. Уый та сæйраджыдæр баст у уыимæ, цæмæй хъахъхъæд æрцæуой Галаты Барисы фольклорон экспедицион æрмæджытæ. «Ацы проекты фæуæлахиз у æппæт ирон адæмы уæлахиз æмæ йын ис егъау нысаниуæг», – загъта Гæбæраты Андрей. Уый ма бæстондæрæй радзырдта йæ бакæнгæ куысты тыххæй æмæ сæм дарддæр дæр уæзгæ куыст кæй æнхъæлмæ кæсы, уыдæттыл. Фæлæ йæхæдæг куыд загъта, уымæ гæсгæ, цæмæй бахъахъхъæнæм ирон националон аивад æмæ æргъадтæ, уый тыххæй хъæуы стыр куыст кæнын. «Зарджыты иу хай нын рагтехникон музыкалон фæрæзтæй райсын фæзын ис, уымæн æмæ бирæ рæстæг рацыд æмæ фехæлдысты пластинкæтæ. Фæлæ мах ныфс ис, æмæ сæ лазерон ифтонггарзы руаджы кæй базондзыстæм æмæ сæ райхалдзыстæм. Уый лыстæг æмæ егъау куыст у, фæлæ йыл хъуамæ фæтых уæм», – загъта Гæбæрайы фырт.

Пресс-конференцийы ма уыдон раргом кодтой сæ фæнд дард Уралы бæстæйы ирон ахуыргонд, фыссæг Хъараты Барисы рухс ном ссарыны тыххæй мадзæлттæ бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны охыл. Гаглойты чызг нын куыд радзырдта, афтæмæй Хъараты Барис тынг хорз зыдта япойнаг æвзаг æмæ бирæ азты дæргъы Уралаг паддзахадон университеты студенттæн цæстуарзонæй амыдта фæсарæйнаг æвзаг. Уый ма ацы æвзаджы тыххæй рауагъта цыппар ахуыргæнæн чиныджы дæр æмæ йын, зæгъгæ, йæ ном ма ссарæм, уый раст нæ уыдзæнис. Куыд ма банысан кодтой, афтæмæй ныхас кодтой университеты ректоримæ. Дзырд цыдис ирон æвзаг ахуыр кæныны фарстыл, ома, цæмæй ирон фæсивæдæн уа уыцы университетмæ скæсæйнаг  бæстæты  хайадмæ ахуырмæ бацæуыны фадат. Уый сын ныфс бавæрдта, ацы фарст æвæрд кæй æрцæудзæнис университеты ахуыргæндты советы радон рабадты.

Журналисттæн ма Гаглойты Лианæ радзырдта, зæгъгæ, хорз уаид æмæ Галаты Барисы номыл арæзт куы æрцæуид хæдзар-музей Цхинвалы æмæ Мæздæджы станицæ Черноярскаяйы дæр. Фæлæ уый тыххæй бахъæудзæнис стыр финансон фæрæзтæ.

Музей саразыны хъуыддаг æнæмæнгхъæуæг кæй у æмæ Галаты Барисы сфæлдыстад дæр ахуыр кæнын кæй хъæуы, ууыл сразы сты Харебаты Тимур æмæ Æлборты Инал дæр æмæ банысан кодтой, ныртæккæ уал зынгæ композиторы сфæлдыстадон æрмæгæй сæ къухты цы ис, уыдонæй кæй хъæуы пайда кæнын æмæ сæ адæмы рæгъмæ хæссын. «Уый, фыццаджыдæр, хауы нæ музыкæйы дæснытæм. Хъæуы Галаты Барисы номыл конкурстæ уадзын дæр, уымæн æмæ Барис цы удуæлдай куыст бакодта, уымæн хъæуы аргъ кæнын. Барисы хуызæн адæймæгты хъомыл кæнынц нацийы удыхъæд, уымæ гæсгæ нын цы аивадон бынтæ ныууагъта, уыдон хъæуы ахуыр кæнын æмæ сæ кæстæр фæлтæрæн амонын. Абон ацы зарджытæ фæсивæд зонгæ дæр нæ кæнынц æмæ сæ хъæуы, фыццаджыдæр, уыдон æхсæн парахат кæнын», – загъта Æлборты Инал.

Гаглойты Лианæ ма куыд банысан кодта, афтæмæй сæ зæрды ис, цæмæй банысан кæной Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист, композитор Харебаты Тимуры æртæ юбилейы. Йæ райгуырдыл  æххæст ыл кæны 70 азы, йе сфæлдыстадон архайдыл – 55 азы æмæ йæ зарæг «Мæ Ирыстон»-ыл та – 35 азы. «Ацы зарæг Тимур ратæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ æмæ йæ дыууæ æвзагыл дæр Свердловскы феххæст кæнынц музкомедион театры артисттæ», – банысан кодта Гаглойты чызг.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.