Армспорт

Хуссарирыстойнаг армрестлертæ 10 майданы рамбылдтой фæсивæд æмæ æвзæнгты ’хсæн Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионатты. Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ, бæрæг цыдысты РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы сконды 14-19 марты æрыгæтты æмæ фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чемпионатты хайад чи райсдзæн, уыдон нæмттæ.

Фæсивæды ’хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты уæлахиздзаутæ систы Джиоты Радион (70 кг), Сиукъаты Радион (75 кг) æмæ Кокойты Давид (85 кг). Æвзæнгты ’хсæн та сыгъзæрин майданты хицæуттæ баисты Гæбæраты Дмитри (55 кг) æмæ Æлборты Эмилия (45 кг).

Фæсивæды ’хсæн бронзæйон хорзæхтæ райстой Куыдзеты Эльдар æмæ Гуццаты Таймураз. Æвзæнгты ’хсæн та æртыккаг бынæттыл ацыдысты Уалыты Виктория, Чилæхсаты Виктория æмæ Дзигойты Стеллæ.

Спортсменты тренертæ сты Джиоты Валери, Гасситы Сослан, Коцты Дмитри æмæ Дыгъуызты Миленæ.

Уæгъдибар хъæбысхæст

Америкæйаг горæт Коралвиллы уагъд æрцыд Дунейы Кубок уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты уæлахиздзау ссис АИШ-ы æмбырдгонд, кæцы финалы 6:4 хыгъдæй рамбылдта Ираны. 3-аг бынат та бацахста дунейы æмбырдгонд командæ, кæцы фæуæлахиз Гуырдзыстоны æмбырдгондыл. Дунейы æмбырдгонды æнтыстмæ стыр хайбавæрд бахастой Салхъазанты Таймураз (74 кг) æмæ Цæкуылты Батырбег (97 кг).

Хуриты Батрадз