10-æм августæй 2 октябрмæ уагъд æрцæудзæн спорты сæрдыгон хуызтæй Æппæтуæрæсейон спартакиадæ. Ерыстæ уагъд цæудзысты Уæрæсейы 11 субъекты спорты 40 хуызæй. Спортивон программæ уыдзæн 2024 азы Олимпион хъæзтыты программæйы хуызæн. Хайад сæ райсдзысты 10 мин спортсмены бæрц. Уыдонæн ацы старт уыдзæн сезоны иууыл сæйрагдæр. Уымæн æмæ сын нырма уавæр нæй дунеон турнирты хайад райсынæн.

Ерысты хайад исдзысты ирон спортсментæ дæр. Спартакиадæйы фæлгæтты Казаны уагъд æрцæудзысты уæгъдибар хъæбысхæст, дзюдо, сылгоймæгты хъæбыхæст æмæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй ерыстæ.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй алы уæзы дæр сæ цæттæдзинад фæлвардзысты бæстæйы 16 иууыл тыхджындæр богалы. Ирон спортсментæй ацы ерысты хайад райсыны бар ис: 57 кг – Тусхъаты Азæмæт; 61 кг – Тауитты Чермен, Сабанты Александр; 65 кг – Хæдæрцаты Алик, Хъызынты Дзамболат, Уалыты Эльбрус; 70 кг – Куыдзойты Алан; 74 кг – Сидахъты Зауырбег, Уалыты Чермен, Байты Давид, Хъарданты Магомет, Дзукъаты Роберт; 79 кг – Уалыты Радик, Хуыбецты Къахабер, Будайты Сосланбег; 86 кг – Найфонты Артур, Наниты Славик, Багаты Арслан, Мæхъиты Зауыр, Хъарданты Ермак; 92 кг – Уалыты Владислав, Тæпсиаты Тамерлан, Чертхъоты Гурам, Плиты Алан, Багаты Алан; 97 кг – Соттиты Асланбег, Козырты Сергей, Дзугаты Дэвид, Хуыгаты Хох, Гогаты Георги, Джыгкайты Тамик; 125 кг – Хуыбылты Ален, Джиоты Эрик, Хуыгаты Алан, Хынцæгты Сослан, Хуыбылты Хъазбег æмæ Голойты Виталийæн.

Кæд алы уæзы дæр уыцы 16 спортсменæй искæмæн йæ бон не суа ерысты хайад райсын, уæд æй фæивдзысты рейтингы сæ фæстæ чи сты, уыдонæй. Уымæ гæсгæ хорз уавæртæ ис Спартакиадæмæ бахауынæн цхинвайлаг спортсментæ Бикойты Вадим, кæцы 61 кг уæзы категорийы ис 18-æм бынатыл æмæ Бестауты Андрейæн. Уый та 125 кг уæзы категорийы рейтингы ис 19-æм бынатыл.

Сылгоймæгты хъæбысхæстæй ерысты хæцдзысты:  Кæсæбиты Алинæ – 62 кг; Танделаты Аминæ – 65 кг.

ДЗЮДО

Дзюдойæ ерысты та ирон спортсментæй нæлгоймæгты ‘хсæн майдантыл тох кæндзысты: 73 кг – Къæбысты Азæмæт; 81 кг – Хуыбецты Алан; 90 кг – Хацырты Петр; 100 кг – Тотраты Азæмæт, Мæргъиты Мераб; +100 кг – Дзуццаты Александр.

Чызджыты ‘хсæн та архайдзысты: Кокайты Кристинæ – 48 кг; Гæджиты Алинæ – 63 кг, Зураты Залинæ; 70 кг – Карсанты Виктория, Елхъанты Янæ; +78 кг та иууыл тыхджындæр дзюдоисткæйы ном хæссыныл тох кæндзæн цхинвайлаг Æлборты Аланæ.

 

***

Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Ирыстоны минæвæртты номхыгъд у ахæм: 55 кг – Хъæбæлоты Витали; 60 кг – Тыбылты Георги, Дойаты Герман;  67 кг – Бабоциты Имран, 72 кг – Гугкаты Давид; 87 кг – Остъаты Алан, Золойты Тигран; 97 кг – Геккиты Азæмæт.

ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы фыццаг дивизионы 3-аг туры фæлгæтты Дзæуджыхъæуы «Алани» фысымиуæг кодта Красноярскы «Енисей»-æн. Хъазт фæцис æмдыхæй – 1:1 хыгъдæй. Алайнæгты сконды расгуыхт Артур Галоян. Сæ уарзон командæйы архайдæй разыйæ нæ баззадысты Грознæйы стадионмæ æрбацæуæг ирон спортуарзджытæ.

Ныр «Алани» æрæмбырд кодта 5 очкойы æмæ турнирон таблицæйы цæуы 6-æм бынаты. Командæ радон хъазт акæндзæн 7-æм августы уазæгуаты «Уфа»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.