Радзырд сывæллæттæн

Бурик йæ фыд Ирбеджы къухтæй атыдта йæхи, бауад йæ дадамæ, ацахста йын йæ цонг æмæ сдзырдта хъæрæй.

– Джитъритæ æмæ пъамидортæ æлхæнынмæ æз дадаимæ цæуын. – Стæй, раст æй цыма исчи фæхъыг кодта, уыйау йæхи тынгдæр бакъул кодта дадайыл.

– Кæд дадаимæ, уæд – дадаимæ,  – сæ дыууæ дæр æй куыд фехъуыстаиккой, афтæ сдзырдта Ирбег æмæ сæм, йæ къухы цы цъæхбын хъуымацæй хуыд хызын уыд, уый бадаргъ кодта. Дада æнхъæлдта, Бурик базгъордзæнис хызынмæ, фæлæ – мара зæгъ. Æвæццæгæн æнхъæлдта, йæ фыд æй ацахсдзæнис æмæ йæ дадаимæ нал ауадздзæнис. Иу каст ма фæкодта йæ фыдмæ æмæ дадайы къæхтыл тынгдæр æртыхта йæ чысыл цæнгтæ.

– Хъæбул, афтæ нæ зæгъыс дуканимæ цæуыс мемæ? Цу, райс хызын, æндæра истытæ куы бал-хæнæм, уæд сæ цæй мидæг рахæсдзыстæм.

Дадайы ныхæстæм Бурик фæныфсхастдæр, бауад æмæ раст, цыма, истæуыл мæсты уыд, уыйау хызын знæт скъæфт ракодта йæ фыды къухæй.

Дада æмæ Бурик ацыдысты, сæ фæндаг комкоммæ базармæ нæ, фæлæ  акодтой, лæппу кæуылты дзырдта, ууылты. Бахæццæ сты чингуытæ æмæ тетрæдтæ уæйгæнæн дуканимæ. Куыддæр бахыстысты, афтæ Бурик базгъордта чингуыты тæрхæгмæ,

– Мæнæ ма мын ацы чиныг балхæн…

– Хъæбул, ды нырма фидæнмæ бацæудзынæ скъоламæ æмæ дæ абон æртыккаг къласы ирон кæсыны чиныг цæмæн хъæуы.

– Мæхи нæ хъæуы.

– Уæдæ кæй? – фæрсы йæ дада.

– Знон мæ хо Викæйы чиныджы ахъулон кодтон, хъуамæ уыцы сыф раскъуыдтаин, фæлæ мын иннæ сыфтæ дæр феуæгъд сты æмæ йæ афтæ скъуыдтæй куы фена, уæд мæм фæхыл кæндзæнис.

Дада хъуыдыты аныгъуылд, æгæрыстæмæй, нæ зыдта Бурикæн цы зæгъа æмæ, иудзæвгар алæууыд æнæдзургæйæ.

– Хъæбул, мæнæн алцы дæр раст кæй радзырдтай, уый тыххæй дæм ничиуал фæхыл кæндзæнис, æз дын баххуыс кæндзынæн, тæрсгæ мауал кæн. Скъуыдтæ чиныг бааууон кæндзыстæм æмæ йын ног та æрæвæрдзыстæм йæ бынаты.

Бурик бацин кодта, балхæдтой чиныг, йæ сыфтæ йын фыццаг дада арафæлдах-бафæлдах кодта, стæй та йæм æркæстытæ кодта Бурик æмæ йæ уæд, уый фæстæ нывæрдтой афтид хызыны æмæ рацыдысты.

Дада æмæ Бурик балхæдтой джитъритæ æмæ пъамидортæ дæр. Уыдон дæр нывæрдтой хы-зыны æмæ сæ фæндаг фæстæмæ кодтой хæдзармæ. Дуканийы, фæсдуармæ æввахс, асыччы уыд æхсæртæ. Бурик сæм нал фæлæууыд, фæтъыста дзы йæ къух, фелвæста дзы цалдæр æмæ фæцæуæг йæ дадайы фæдыл.  Бурик æхсæрты хъавгæ райдыдта иугай цъæл кæнын. Æхсæртæ иуылдæр разындысты тутт. Дадайæн ницы зæгъинаг уыд, фæлæ тутт кæй разындысты, уый йæм диссаг фæкаст æмæ йæ нал басусæг кодта.

– Дада, дада, йæ цонг ын ацахсгæйæ æмæ йæм хæрдмæ кæсгæйæ сдзырдта Бурик.

– Цы кæныс дадайы хъæбул, цы дæ хъæуы? – фæрсы йæ дада.

– Ме ‘хсæртæ иууылдæр афтид разындысты.

– Æмæ дын кæм уыдысты?

Бурик æнхъæл нæ уыд, йæ дада йæм ахæм фарст ратдзæнис æмæ фергъуыйау. Иудзæвгар ницы загъта, аззад зæхмæ кæсгæйæ, стæй дзы уæд æнкъардæй райхъуыст.

– Магазинæй сæ рахастон.

Дада кæд амæсты, уæддæр йæ маст нæ равдыста æмæ йын афтæ:

– Дадайы хур, мæнæн цæмæннæ загътай æмæ дын дзы æз балхæдтаин. Давгæ сæ кæй ракодтай, афтидтæ дæр дын уымæн разындысты. Нырæй фæстæмæ йæ зон, давæггаджы ад никуы вæййы. Кæд дзы разыны, уæд та фарсыл нæ бахæцы, алы хатт дæр давæггаг йæ фæстæ расайы пайдайы бæсты зиан,  давæг та фæбæрæг вæййы æмæ йæ адæм нал фæуарзынц.

Бурик ныхъхъус йæ дадайы ныхæстæм, фæлæ сын сæ фылдæр нæ бамбæрста æмæ та йæ уæд афарста ногæй.

– Дада æмæ афтæ цæмæн рауайы.

– Уымæн æмæ ис ахæм тыхтæ, кæцыты мах нæ уынæм, фæлæ нæ уынынц уыдон сæхæдæг. Уыцы тыхты та фæнды, цæмæй адæм цæрой сæхи куыст æмæ фæллойæ, ма цæуой искæйы тæригъæды. Афтæ чи нæ кæны, уыдон иууылдæр фæвæййынц фæсмойнаг. Æцæг, иутæ сæ рæдыды тыххæй æфхæрд æрцæуынц уадид, куыд ды, аннæтæ та фæстæдæр, фæлæ дзы иу дæр æнæфхæрд нæ баззайы. Зон æй, æмæ афтæ макуыуал бакæн! Хорз?

– Хорз, хорз, – ныллæг хъæлæсæй сфæлхат кодта Бурик йæ дадайы ныхæстæ æмæ сабыргай сæ цыд кодтой дарддæр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.