Хъæд у нæ иумæйаг хъæздыгдзинад æмæ йæм алчи дæр хъуамæ дара æмбæлон ахаст. Ахæм дзырдтæ арæх вæййы фехъусæн хъæд æмæ йæ алыварс фарстытыл ныхас куы фæцæуы, уæд. Ахæм хъуыды равдыста, къорд азты хъæд йæ сæйрагдæр аудинæгтæй иу кæмæн ссис, йæ бахъахъхъæнын æмæ рæсугъддзинадыл зæрдæйæ чи архайдта, уыдонæй сæ иу Хуыгаты Ахмæт. Уый афтæ зæгъы, зæгъгæ, дзырд дæр ыл нæй, хъæдмæ нæ ахаст фæстаг азты дзæвгар фæхуыздæр, фæлæ афтæ зæгъæм æмæ цухдзинæдтæ нал ис, уый бынтон раст нæ уыдзæн. Æгæр цъус сты, хъæдыл адæймаджы къухты фæд хорзæрдæм кæм зыны, ахæм бынæттæ. Цæмæдæр гæсгæ не скъолатæй рох кæны хъæд. Хъуыды ма кæнын, раздæр скъоладзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ хъæдмæ арæх кæй цыдысты, уый. Сагътой алыгъуызон хъæддаг дыргътæ, дзуарсæ кодтой бæлæсты. Æмæ уый æрмæст исадæн нæ уыд ахъаз, фæлæ ма ахъаз уыд ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæн, райгуырæн къуыммæ сæ уарзондзинадæн.

Ацы фарсты тыххæй Хуссар Ирыстоны хъæды хæдзарады хистæры хæдивæг Къæбулты Инал та афтæ зæгъы, зæгъгæ, хъæд æмæ йæ уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты фæстаг азты.

«Уырны мæ, нырæй фæстæмæ ноджы кæй хуыздæр кæндзысты, уый. Уымæн æмæ нæ разы сæвæрдтам хæс, цæмæй афтид бынæтты æрвылаз дæр садзæм талатæ. Уый тыххæй Цхинвалы районы цалдæр гектарыл сарæзтам талахъомылгæнæндон. Ацы уалдзæг уал дзы ныссагътам 25 килограммы æнгузтæ æмæ 60 килограммы та сабæлут. Куы схæцой, уæд дыууæ-æртæ азы фæстæ сагъд æрцæудзысты горæты æмæ хъæдтæм æввахс згъуыд бынæтты. Ацæугæ аз та сырх тулдзы фондз мин талайы ныссагътам Цхинвалы районы Накалачы хъæумæ хæстæг. Уал талайы ныссадзын хуымæтæджы хъуыддаг нæу, фæлæ Тедеты Æхсар, Битеты Ботаз, Тъотъоты Тъарел, Цхуырбаты Барис, Хацырты Гиви æмæ æндæрты фæрцы талатæ сагъд æрцыдысты афоныл».

Къæбулты Иналимæ ныхас кæныны рæстæджы нæм ныхас æрхауд нæ хъæдтæ зынгсирвæзтæй куыд хъахъхъæд цæуынц æмæ куы вæййы, уæд цахæм  мадзæлттæ ист æрцæуы, уый тыххæй дæр æмæ банысан кодта: «Фарон нæ хъæдты цы аст чысыл зынгсирвæзты уыд, уыдон сæйраджыдæр фæзындысты адæймаджы æнæмæтдзинады аххосæй. Рæстæгыл сæ кæй базыдтам æмæ сæм Уæлвæткон Уавæрты Министрады минæвæрттимæ афоныл кæй бацыдыстæм, афоныл сæ кæй ахуыссын кодтам, уый фæрцы сæ зиæнттæ уыдысты хæрз цъус.

Кæмæйдæрты фехъусын, зæгъгæ, хъæд хъахъхъæныныл цæуы мæгуырау куыст, фæлæ уый афтæ нæу. Ивгъуыд аз хъæдмæ уæлæнгай æмæ æнæмæт ахаст чи дардта, æнæ бар райсгæйæ суг чи лыг кодта, уыдоныл сарæзтам акттæ, балæвæрдтам сæ тæрхондонмæ æмæ ивар бафиддзысты 107 мин сомæй фылдæр. Ацы бæрæггæнæн фарон фондз мæймæ абаргæйæ ацы аз у цалдæр хатты къаддæр.

Цалдæр азы размæ хицауад цы уынаффæ райста, хъæд суг æмæ æрмæгæн уæй кæныны тыххæй, уый дæр хорзæрдæм æндавы хъæд бахъахъхъæныныл. Уымæн æмæ уæдмæ цы билеттæ уæй кодтам, уыдон фæкъаддæр кодтам æмбисмæ æв-вахс.

Гæззаты Иван         

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.