Сфæлдыстад æвæлхатт, индивидуалон у. Уый фæрцы адæймаг раргом кæны йæ курдиат, йæ хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ. Куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр Æвзонг натуралистты республикон станцы хъомылгæнинæгтæ бацæттæ кодтой цымыдисон равдыст – «Сфæлдыстадон равдыст», зæгъгæ, ахæм номимæ. Мадзалы хайад райстой Æвзонг натуралистты станцы директор Мæргъиты Ирбег æмæ ахуыргæнджытæ. 

Равдысты æвæрд æрцыдысты ахуырдзауты алыгъуызон æрмæджытæй арæзт куыстытæ. Йæ сæйраг нысан уыд курдиатджын сывæллæтты раргом кæнын  æмæ ахуырдзаутæм аивадон архайдмæ цымыдисдзинад сæвзæрын кæнын. Мадзалы архайдтой горæт Цхинвалы скъола-интернаты 5, 8 æмæ 11-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Йæ оганизатортæ уыдысты ацы станцы ахуыргæнджытæ Мæргъиты Ларисæ æмæ Гæбæраты Заринæ.  Мæргъиты Ларисæйы ныхæстæм гæсгæ сæ уагдоны хъомылгæнинæгтæ сты курдиатджын. «Æвзонг натуралисттæ ам ахуыр кæнынц алыгъуызон дæсныйæдтыл. Бисер, пластилин, гæххæт, хъæдæрмæг æмæ æндæр æрмæджытимæ архайынæй дарддæр, уыдон ахуыр кæнынц ныв кæнын, хуыйын, кафын æмæ зарын. Чызжыты фæахуыр кæнæм урсаджы продук-циимæ куыстытыл. Абоны равдысты æппæт куыстытæ дæр сарæзтой сæхи къухтæй.  Сывæллæттæ алцæуыл дæр ахуыр кæнынц тагъд. Семæ кусын нын тынг цымыдисон у. Сæрмагондæй мæнæн алкæцы ахуыргæнинаджы куыст дæр у зынаргъ», – бынысан кодта мадзалы организатор.

Скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæ аив кастысты æмдзæвгæтæ, бацæттæ кодтой чысыл хъæлдзæг инсценировкæтæ, викторинæтæ, сæххæст кодтой алыгъуызон зарджытæ. Сывæллæттæ ма бацæттæ кодтой цымыдисон конкурс «Арæхстджын къухтæ», зæгъгæ. Конкурсы рæстæджы сывæллæттæн сæ бон ссис равдисын сæ курдиат æрмдæсныйæ. Раджыйы рæстæджы-иу чындздзон чызджытæ хъуамæ арæхстаиккой сылгоймаджы куыстытæм. Чызг хуыйын, бийын куыд зыдта, уымæй бæрæг уыд фидæны цахæм æфсин рауайдзæн, уый. Конкурсы хайад райстой æртæ чызджы. Уыдонæн радтой хъуымацы лыггæгтæ, кæцытыл нывгонд уыдысты алыгъуызон фигурæтæ. Уыдоны чызджытæ хъуамæ бахуыдтаиккой хуызджын æндæхтæй. Конкурсы нысан уыд, ныв чи тагъддæр æмæ рæсугъддæр  бахуыйдзæн, уый. Чызджытæ сæ хæслæвæрд сæххæст кодтой тынг хорз æмæ фæуæлахиз хæлардзинад.

Сывæллæттæ райгондæй баззадысты сæ ахуыргæнджытæй, афтæ хорз сæ кæй бацæттæ кодтой æмæ мадзал цымыдисон кæй рауад, уый тыххæй. «Фæнды мæ бузныг зæгъын мæ ахуыргæнджытæй алкæмæн дæр. Æз дарддæр дæр цæудзынæн кружок «Народные промысли»-мæ æмæ алкæй зæрдæ дæр рухс кæндзынæн ме ‘нтыстытæй», – радзырдта нын скъола-интернаты ахуырдзау чызджытæй сæ иу.

                    КОКАЙТЫ Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.