Цал æмæ цал адæймагæн, уæлдайдæр та æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæн фæивтой сæ царды фæндтæ Гуырдзыстоны фашизмы аххосæй. Мæ зæрдыл лæууы 1989 азы ноябры мæйы Гуырдзыстоны æнæформалтæ «сабыр митинг» ауадзынмæ куы ‘рбацыдысты, уæд. Нæ адæмы, уæлдайдæр та фæсивæды бахъуыд, кæй афтид армæй, кæй та хæцæнгарзимæ сæ райгуырæн зæхх, сæ бинонты цард æмæ сæ хæдзæрттæ хъахъхъæныны сæр. Æмæ афтæ куынæ уыдаид, куынæ хъахъхъæдтаиккам нæ зæхх, уæд абон хæдбар паддзахады сæрибарæй нæ цæриккам.

Æвзонджы бонты цы фенай, цы бавзарай, уый адæймагæн цæрæнбонтæм фæлæууы йæ зæрдыл. Уæдæ патриотикон æнкъарæнтæ дæр студенттæй фылдæр кæмæ вæййы.

Махмæ, уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны педагогон институты ирон-уырыссаг хайады студенттæм, афтæ каст, цыма иннæ факультеттæй мах хуыздæр патриоттæ хъуамæ уæм. Уыцы рæстæджы нæ лектор Битарты Зойæ уыд иууыл активондæр патриотты нымæцы, æппæт студенттæн дæр –  авторитет. Уæззау рæстæджы цæхæры уыдысты йæ студенттæ дæр. Афтæ у хæсты закъон – æвзонгдæртæн, хъаруджындæртæн æмæ ныфсхастдæртæн тыхæвзарæн свæййы.

1989 азы 23-æм ноябрь, æнæдызæрдыгæй, бацæудзæнис Хуссар Ирыстоны ног историмæ. Уæд æмбисбон институтыл айхъуыст, Гуырдзыстонæй нæм кæй æрбацæуы бирæнымæц машинæты æмæ автобусты колоннæ. Мобилизаци æрцыдысты канд Тбилисæй нæ, фæлæ ма Гуырдзыстоны иннæ горæттæ, районтæ æмæ хъæуты цæрджытæ дæр. Сæ нысан – горæты æнæсанкцигонд «сабырадон митинг» ауадзын. Уый – официалонæй. Æцæгæй та?! Цæмæн бахъуыд цалдæр мин адæймаджы æрæмбырд кæнын æмæ нæ горæты митинг ауадзыны сæр? Кæд сæ митинг уадзын фæндыд, уæд æй Гуырдзыстоны территорийыл цæмæннæ ауагътой?

Горæтмæ æрбахизæны æнæзонгæ уазджыты æрурæдтой, уæдмæ горæты мидхъуыддæгты æрбахизæнмæ чи æрæмбырд сты, уыцы бирæнымæц адæм.

Сæ къухтæ кæрæдзимæ чи радтой, уыцы лæппутæ цæхгæр æрлæууыдысты фæндагыл. Уавæр карзæй-карздæр кодта, горæты шофыртæ хъахъхъæнджытæн арт скæныны тыххæй ластой машинæты зæронд цæлхытæ.

Нæ уарзон лектор Битарты Зойæйы амындмæ гæсгæ мах, студенттæ, горæты хъахъхъæнджытæн хастам хæринæгтæ, цай.

Æнæхонгæ «уазджытæ» батыдтой æмæ ныппырх кодтой ресторан «Ерцъо». Ныппырх ма кодтой машинæты цалцæггæнæн агъуыст.

Нæ фынæй кодтой уыцы изæр горæты адæм. Горæтмæ цæуæг фæндæгтæ ‘хгæд æрцыдысты, сæвæрдтой дзы постытæ. Автомашинæтæн нал уыд цæуæн мидæмæ. Стыр æнгомдзинад равдыстой уæд адæм. Æрмæстдæр куырыхондзинады руаджы уыцы æхсæв не ‘рцыд тугкалд. Иумæйаг хъуыддаг адæмы æрбангом кодта.

Цалдæр боны уавæр æндыгъдæй-æндыгъддæр кодта. Адæм цыдысты Згъудеры къуылдымы бынмæ. Куыст никæйуал æндæвта. “Бандзыг” сты горæты куыстуæттæ дзулфыцæн комбинатæй дарддæр. Скъолатæм æмæ институтмæ дæр ахуыр кæнынмæ ничиуал цыд. Адæм кæрæдзи фарстой, цы уыдзæн дарддæр, зæгъгæ.

Цы хъуыд, горæтмæ баирвæзынмæ чи тырныдта, уыдоны? Цы уыд сæ нысан? Нæ адæм тарстысты, 1920 азы трагеди та фæлхатт куы æрцæуа, уымæй. Уыцы бон нæ горæтмæ æрбацыдысты уæды Гуырдзыстоны КПЦК фыццаг секретарь Гумбаридзе æмæ Гуырдзыстоны Мидхъуыддæгты министр Горгадзе. Дам-думтæ цыд, зæгъгæ, дам, архайдтой æнæхонгæ уазджыты фæстæмæ аздахыныл, фæлæ, дам, сæ бон нæ бацис. Уыцы бон 11 сахатмæ æввахс Згъудеры бын фæндагыл цы уæзласæн «КамАЗ» лæууыд, уым сдардæуыд Ленины портрет, ССР Цæдисы æмæ Аланты тырыса. Фæзынд дзы лозунгтæ «Тот кто против перестройки, тот против народа», «Осетия была, есть и будет советской». Гуырдзиæгтæм уый стыр фыдæхдзинад сæвзæрын кодта. Уыдон дæр сдардтой лозунг «Самачабло – неотъемлимая часть Грузии». Сфæйлауын кодтой 1920 азы меньшевикты раздзог, Хуссар Ирыстоны хъæуты æмæ адæмыл зынг бафтауæг Жорданияйы тырыса. Уый та нæ адæммæ раст кæм фæкастаид!

Гъе, ахæм æбуалгъ митæй райдыдтой сæ сау фæндтæ æххæст кæнынмæ не знæгтæ.

Мах цадæггай хæстарыд фæндæгтыл цæуын райдыдтам нæ хæдбардзинадмæ…

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.