ФЕМБÆЛД ХЪАХЪХЪÆНЫНАДЫ МИНИСТРАДЫ КЪУХДАРИУÆГАДИМÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин Сочийы фембæлд Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгадимæ, цыран уынаффæ кодтой паддзахадон хъахъхъæнынады закъазтæ æмæ хæцæнгæрзты паддзахадон программæ реализаци кæныны фарстытыл. Путины ныхæстæм гæсгæ, 2018 азы хъахъхъæнынады министрадæн хæцæнгæрзтæ æмæ æфсæддон техникæ рауадзынæн рахицæн æрцыд 1,5 трилуан сомы. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ноябры æмбисмæ æфсæдтæ райстой хæцæнгæрзты æмæ æфсæддон техникæйы 2 мин хуызæджы. Уыдоны ‘хсæн сты 74 хæдтæхæджы æмæ вертолеты, 80 æнæпилотон тæхæг аппараты, зенитон ракетон системæтæ С-400 цыппар полкон комплекты, 5  науы, 250 танкы æмæ бронемашинæйы. «Уæлдай банысан кæнын мæ фæнды, зæгъгæ, фæстаг фæлтæрты уæрæсейаг хæцæнгæрзтæ сæ тактикон-техникон характеристикæтæм гæсгæ уæлдæр кæй лæууынц фæсарæйнаг аналогтæй, æмæ гиперзæлон хæцæнгарз, ПВО-йы фæрæзтæ, æмæ æндæр системæтæн та дунейы аналогтæ нæй», – загъта Путин. Уый бахæс кодта дарддæр дæр ахæм темптæй кусыны тыххæй.

ДМИТРИЙ МЕДВЕДЕВЫ БАЛЦ

УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев дыууæбонон кусæгон балцы уыд Вьетнамы. Ныртæккæ Уæрæсе æмæ Вьетнамы ‘хсæн экономикон ахастытæ рæзынц активонæй. Вьетнам фыццæгтæй сæ иу у, кæцы Евразиаг экономикон цæдисимæ сарæзта сразыдзинад æмæ уайтагъд товарты æрзылд сырæзт æмæ ахызт миллиард долларæй. Дыууæ бæстæйы дарддæр фæнд кæнынц æмгуыстад фæтыхджындæр кæнын. Ханойы фæзындзæн ядерон зонад æмæ технологиты центр. Старт лæвæрд æрцыд уæзласæн машинæтæ КамАЗ, ГАЗ æмæ УАЗ-ы сæудæджерадон æмбырд кæныны фæдыл иумиаг проектæн. Приоритетон ма сты хъахъхъæнынадон фадыг æмæ энергетикæ. Уæрæсейаг компанитæн ам ис 120 бизнес-проекты, кæцытæн сæ иумиаг аргъ у дыууæ миллиард доллары бæрц. Ханоймæ Дмитрий Медведевы балц фæцис ног сразыдзинæдтыл æмæ контракттыл къухтæ æрфыссынæй.

АХСДЖИАГ ЦАУ

Стамбулы æрцыд ахсджиагдæр цау. Уæрæсе æмæ Туркы президенттæ Владимир Путин æмæ Реджеп Эрдоганы хайадистæй видеобастдзинадыл кæронмæ æвæрд фæцис «Турецкий поток»-ы денджызон хай. Сау денджызы бынтыл дыууæ хаххыл æвæрд æрцыд 1800 километры хæтæлтæ. Иу хахх дзы у туркаг фæлхасгæнджыты сифтонг кæнынæн æмæ дыккаг хахх та у Европæйы бæстæтæм транзит. Хъæуы ма саразын газуадзæны сурзæххон хай æмæ иннæ аз газ ацæудзæн Уæрæсейæ Туркмæ. Уымæй Турк æнæ транзитон тæссагдзинæдтæй сифтонг кæндзæн куыд йæхи домæнтæ, афтæ Европæйы домæнтæ дæр.

 

НОГ САНКЦИТÆ  – КУБÆЙЫ НЫХМÆ

АИШ-ы паддзахадон департамент ацы бонты санкцион номхыгъдмæ бафтыдта 26 кубæйаг юридикон цæсгомы, уыцы  нымæцы – 16 отелы æмæ санаторитæ, кæцытæ сты республикæйы гарзджын тыхты. Æмбæстæгтæн æмæ компанитæн АИШ-ы бар нæй цахæмфæнды операцитæ уадзынæн. Фæстаг хатт Вашингтон Кубæйы ныхмæ санкцитæ фæкарздæр кодта 2017 азы ноябры мæйы. Уæд сау номхыгъдмæ бахаудтой Кубæйы хъахъхъæнынады æмæ мидхъуыддæгты министрадтæ, афтæ ма республикæйы æфсад æмæ тыхон структурæтимæ баст компанитæ дæр. Кубæйыл æндæвдад кæй фæтыхджындæр кодтой, уый бандавдзæн бæстæйы социалон-экономикон рæзтыл.

КУЫНÆГГÆНÆГ ХÆДТÆХÆГ Су-57

УФ-йы хъахъхъæнынады министрад равдыста кадртæ, кæцытæ ист æрцыдысты ногдæр уæрæсейаг куынæггæнæг хæдтæхæг Су-57 фæлварæнты рæстæджы. Ведомствойы  фехъусын кодтой, зæгъгæ, хæдтæхджыты экипажтæ Сирийы сарæзтой дæс атахтæй фылдæр. «Атахтыты рæстæджы практикон æгъдауæй бæрæг æрцыдысты хæдтæхæджы тæхæн-техникон характеристикæтæ, интеллектуалон информацион комплекс, æппæт бортон системæты куыст, уыцы нымæцы хæцæнгæрзты куыст бæрзондтемпературон уавæрты æмæ æндæр факторты рæстæджы», – фехъусын кодта æфсæддон ведомство. Су-57 фыццаг хатт уæлдæфмæ стахт 2010 азы.  Уæрæсейы Уæлдæфон космикон тыхтæн хæдтæхджытæ дæттын райдайдзысты 2019 азы.

БАРТХЪИРÆН КОДТА

Украинæ бартхъирæн кодта,  уголовон полицийы дунеон организаци Интерполы йæ уæнгад æруромынæй, кæд æмæ йæ сæргъ слæууа уæрæсейаг кандидат Александр Прокопчук, уæд. Ахæм хъусынгæнинаг сарæзта Украинæйы мидхъуыддæгты министр Арсен Аваков. Афтæ ма Украинæйы мидхъуыддæгты министрад фехъусын кодта, зæгъгæ, бæстæйы делегаци хайад исы Дубайы Интерполы генералон ассамблеяйы 87-æм сессийы, цыран уадзынц дæсгай фембæлдтытæ иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл, цæмæй Прокопчукы ма сæвзарой организацийы сæргълæууæгæй. Афтæ ма йæ ныхмæ бакуыстой АИШ-ы сенатортæ дæр. Литвайы парламент дæр фехъусын кодта, зæгъгæ, кæд организацийы сæргъ слæууа уæрæсейаг, уæд ацæудзысты организацийæ.

 

ИНТЕРПОЛЫ НОГ СÆРГЪЛÆУУÆГ

21-æм ноябры Интерполы ног сæргълæууæгæй æвзæрст æрцыд Хуссар Кореяйы минæвар Ким Чон Ян. Йæ сæйраг ныхмæлæууæг уыд уæрæсейаг Александр Прокопчук.

 

ИУМИАГ ÆФСÆДДОН АХУЫРТÆ

Индиаг штат Уттар-Прадешы Бабины полигоны уагъд цæуынц Уæрæсе æмæ Индийы иумиаг æфсæддон ахуыртæ «Индра-2018», цыран хайад исынц Уæрæсейы Хурскæсæн æфсæддон зылды 250 салдат æмæ афицеры. Ацы полигон зындгонд у куыд Индийы гарзджын тыхты 31-æм бронетанкон дивизи «Белые тигры»-йы æдзухон тренировкæты бынат, афтæ. Æфсæддон ахуыртæ «Индра-2018» фыццаг уагъд æрцыдысты 2003 азы майы мæйы.

 

НÆ РАЙСТОЙ УÆРÆСЕ ÆМÆ ИРАНЫ ПРОЕКТ

Гаагайы йæ куыст фæцис химион хæцæнгарз ма уадзыны фæдыл организацийы паддзахадты-хайадисджыты конвенцийы конференци. Хъыгагæн, конференцийы хайадисджытæ нæ райстой Уæрæсе æмæ Ираны фæндон программæ æмæ бюджеты проектмæ барасткæнинæгтæ бахæссыны тыххæй. Уый хыгъд хорзыл банымадтой 2019 азæн организацийы бюджеты проект, кæцыйы хынцыд цæуы организацийы мандат рауæрæхдæр кæнын. Афтæмæй ацы организаци йæхæдæг æнæ ИНО-йæ тæрхон хæсдзæн, кæмæн æй куыд бафæнда, афтæ, йæхæдæг бæрæг кæндзæн, химион атакæты аххосджын чи сты, уыдоны.

 

ТЕРАКТ

Афганистаны столицæ Кабулы æмкъайадаразæн галуаны пехуымпар Мухаммеды гуырæн боны сæраппонд цытджын мадзалы рæстæджы террорист-химар цы срæмыгъд сарæзта, уый фæстиуæгæн фæмард сты 55 адæймаджы, 70 адæймаджы фесты алыгъуызон цæфтæ æмæ сæ баластой рынчындæттæм. Залы уыцы рæстæджы уыд иу мин адæймаджы бæрц.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.