Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли  æмæ Уæрæсейы Федерацийы Энергетикæйы министр Александр Новак уынаффæ кодтой энергетикæйы фадыджы æмархайды фарстатыл.

Александр Новак  банысан кодта, зæгъгæ, абон къухтæ цы сразыдзинадыл бафыстæуыд, уый фæахъаз уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны газон транспортон системæйы райрæзтæн.

«Сразыдзинады фæрцы газификацигонд æрцæудзысты республикæйы цæрæн пункттæ, 2 миллиард сомы бæрц фæрæзтæ рахицæн куы æрцæуой, газы магистралон æмæ газдихгæнæн хæххытæ арæзт куы æрцæуой, уæд. Уый тынг ахсджиаг проект у. Æхсызгон мын у, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнджыты ‘хсæн цы бадзырдтæ арæзт æрцыд,  уыдон реализаци кæй цæуынц, уый», – загъта министр.

Александр Новакы ныхæстæм гæсгæ, УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн  эффективон æмбарындзинад ис нефты продукттæ æмæ электроэнергийæ республикæ ифтонг кæныны хъуыддаджы дæр.

Бибылты Анатоли банысан кодта, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмгуысткæнынад бæрзонд æмвæзадыл кæй ис  æмæ арæзтæрцæуæг сразыдзинад ахсджиаг кæй у.

«Æцæгæй дæр Хуссар Ирыстоны ацы сразыдзинадæн ис стратегион нысаниуæг. Нæ республикæйы цæрджытæ тынг æнхъæлмæ кæсынц цæрæн пунктты газификацийы куыстыты райдианмæ. Ацы сразыдзинад стыр фадæттæ гом кæны республикæйы экономикæйы фадыджы, хъæуты адæм æрцæрын кæныны хъуыддаджы», – банысан кодта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ,  сын Уæрæсейы Федерациимæ иумæ энергетикæйы фадыджы ис цалдæр проекты, кæцытæ здæхт сты Хуссар Ирыстоны райрæзтмæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауадты ‘хсæн арæзт æрцыд сразыдзинад «Гом акционерон æхсæнад «Газпром – Хуссар Ирыстон»-ы акцитæ æлхæнын æмæ уæй кæныны уавæрты æмæ йæ дарддæры архайды тыххæй». Сæ къухтæ йыл æрфыстой РХИ-йы Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади æмæ УФ-йы Энергетикæйы министр Александр Новак.

Сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыд Петербурджы дунеон экономикон форумы фæлгæтты.

 

ФЕМБÆЛД СЕРБАГ РЕСПУБЛИКÆЙЫ  ПРЕЗИДЕНТ МИЛОРАД ДОДИКИМÆ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Сербаг Республикæйы Президент Милорад Додикимæ. «Æнæ галстуктæй» фембæлд уыд Санкт-Петербурджы, цыран Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы дунеон экономикон форумы.

Хуссар Ирыстон æмæ Сербаг Республикæйы дыууæ раздзоджы уынаффæ кодтой 2018 азы январы Сербаг Республикæмæ Бибылты Анатолийы балцы фæстиуджытыл.

«Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæ амæйразмæйы фембæлдæн уыд бæрæг реакци, иуæй-иу политикон тыхтæ тынг стыхстысты æмæ  райдыдтой архайын нæ ныхмæ. Фæлæ мах  уый ма хъуамæ тыхсын кæна, æмæ дæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадыл 10 азы сæххæсты бæрæгбонон мадзæлттæм кæй фæхуыдтон, уый ноджы фидардæрæй ис йæ тыхы», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Милорад Додик куыд загъта, афтæмæй хайад райсдзæн Хуссар Ирыстоны бæрæгбонон мадзæлтты.

Бибылты Анатоли æмæ Милорад Додик ма уынаффæ кодтой  политикон, экономикон æмæ культурон фадæттыл, кæцытæн ахъаз кæны, æмгуысткæнынады тыххæй дыууæ республикæйы ‘хсæн цы сразыдзинад арæзт æрцыд, уый.

* * *

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы делегацитæ, афтæ ма Цæгат Кавказы федералон зылды  Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар Олег Белавенцев  дидинджытæ сæвæрдтой,  Беслæны трагедийы фæмардуæвæг сывæллæтæн 2007 азы  Санкт-Петербурджы Малоохтины проспекты Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны цур цы Мемориал æрцыд арæзт, уый раз.

Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Цæгат Ирыстон – Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав  æмæ ирон æхсæнады минæвæрттæ скуывтой Беслæны фыццаг скъолайы теракты рæстæджы фæмардуæвæг сывæллæтты удæнцойы тыххæй.

Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны къухдариуæггæнджытæ аныхас кодтой ирон æхсæнады минæвæрттимæ дæр. Битарты Вячеслав сын раарфæ кодта, Санкт-Петербурджы ирон адæмы æмбæлонæй кæй æвдисынц æмæ сын сæ кад кæй бæрзонд кæнынц, уый тыххæй.

Бибылты Анатоли Ирыстонæй ацæуæг æмбæстæм æрсидт, цæмæй сын сæ Райгуырæн бæстæимæ уа æнгом бастдзинад æмæ сæ бон куыд у, афтæ æххуыс кæной Ирыстоны  цæгат æмæ хуссар хæйттæн. Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг ракодта дохтырты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыргæнджыты волонтерон куысты кой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.