Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмбисбонон æхст фæкодта Петропавловскы фидары Нарышкины бастионæй. Сармадзанæй фехсыны бар ис æрмæстдæр Санкт-Петербурджы официалон адæймæгтæ æмæ кадджын уазджытæн.

Петропавловскы фидары фæткæвæрæг (канонир) хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн радзырдта æмбисбонон æхсты традицийы историйы тыххæй.

Фæткæвæрæджы ныхæстæм гæсгæ, сармадзанæй фыццаг æхст фæкодтой 1865 азы 60-фунтон науы сармадзанæй, кæцы баст уыд централон телеграфон станцы сæрмагонд сахатимæ. Йæ рады, ацы сахат йæхæдæг та баст уыд Пулковскы обсерваторийы сахатимæ.

Ныртæккæ æхстытæ фæкæнынц 1968 æмæ 1978 азты рауагъд 122 калиброн Д-30 æмæ Д-30 а маркæты сармадзантæй.

Бибылты Анатоли сармадзанæй фехста Хуссар Ирыстоны скъолаты рауагъдонты сæраппонд, кæцытæн 26-æм майы айзæлдзæн фæстаг дзæнгæрæг.

«Æмбисбонон ацы æхст æз фæкодтон Республикæ Хуссар Ирыстоны скъолаты рауагъ-донты цытæн!!!

Нæ зынаргъ рауагъдонтæ!

Старт уын лæвæрд æрцыд уæ сомбоны цардмæ!!!

Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ, уæ фæндты сæххæст, уæ разы æрæвæргæ нысæнттæ уæ къухты цы бафтой, уый!», – ныффыста Президент Facebook-ы йæ фарсы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.