Пухаты Эрикы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд Хицауады æнæрадон æмбырд, цыран уынаффæ кодтой, РХИ-йы Конституцион, Уæлдæр, Арбитражон, горæтон æмæ районон тæрхондæтты кусджыты æмæ тæрхонгæнджыты мызды тыххæй, афтæ ма Уæлдæр тæрхондоны цур тæрхондонон департаменты тыххæй.

Темæйы фæдыл доклад бацæттæ кодта Хæбæлаты Азæ.

«Тæрхондæтты кусджыты æмæ тæрхонгæнджыты мызды тыххæй уынаффæйы проект арæзт æрцыд тæрхондонон реформæ кæй фæуд кæны æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ (Сæйраг Закъонмæ) ивындзинæдтæ æмæ уæлæмхасæнтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» 2017 азы 24-æм октябры райсгæ Конституцион закъон йæ тыхы кæй цæуы, уымæ гæсгæ», – загъта министр.

Уынаффæйы проектыл æмхъæлæсæй сразы сты.

Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Коцты Олеся бузныджы ныхæстæ загъта Хицауады уæнгтæн æмæ банысан кодта, ацы уынаффæ рæстæгыл ист кæй æрцыд.

«Фæнды мæ фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ зæгъын, афтæ оперативон æгъдауæй æнæрадон æмбырд кæй сарæзтат, æмæ банысан кæнын, сфидаргонд уынаффæ кæй ратдзæн, ныр дыууæ мæйы дæргъы тæрхондонон реформæмæ гæсгæ мызд чи нæ исы, уыдонæн ногæй мызд фидыны фадат», – загъта Коцты Олеся.

«Тæрхондонон системæйы реформæйы  хъуыд бындурон ивындзинæдтæ, æмæ бахæццæ ис йæ кульминацимæ. Æнæмæнгхъæуæг у, цы формалондзинæдтæ ма баззад, уыдон тагъддæр аскъуыддзаг кæнын, цæмæй тæрхондоны кусджытæн сæ бон уа сæ мызд  райсын. Ныфс мæ ис, ног форматы тæрхондоны системæ нын кæй ратдзæн, тæрхонгæнджыты бар кæуыл цæуы, уыцы фарстатæ эффективондæрæй скъуыддзаг кæныны фадат, кæцытæ хауынц тæрхонгæнджыты компетенцимæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Банысан кæнын хъæуы, мызд нысангонд кæй æрцыд æнæ бафтыдтытимæ, зæгъæм, Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнæгæн йæ мызд у 30 мин сомы, горæтон тæрхондоны сæрдарæн – 24 мин сомы, райононæн – 21 мин æмæ 600 сомы, тæрхондоны сæрдæртты æххуысгæнджыты мызд у 8 мин сомы бæрц, нымæрдæртты мызд та – 5 мин сомы бæрц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.