Хуссар Ирыстоны территори минæтæй ссыгъдæг кæнын, Æмцæдисад æмæ интеграцийы сæйраг бадзырды уæлæмхас сразыдзинæдтыл куыст кæронмæ бакæнын, æнæбахынцыд хæцæнгæрзтæ бархийæ раттын æмæ вазыгджын уголовон хъуыддæгтæ райхалын. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстытыл уынаффæ цыд, знон Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид республикæйы тыхон блокимæ цы æмбырд ауагъта, уым.

Тыбылты Леонидæн фехъусын чындæуыд, УФ Уæлвæткон уавæрты министрадæй цы специалисттæ æрцыд, уыдоны тыххæй. Уыдон æрхæццæ сты ивгъуыд къуыри æмæ æрæвнæлдтой республикæйы территори минæтæй асыгъдæг кæнынмæ.

«Абоны бон уал фыццаг куыстытæ райдыдтой Цхинвалы районы Присы æмæ Ереды хъæуты. Уыцы ран ныридæгæн специалисттæ басгæрстой 2 гектары бæрц зæхх. Ныридæгæн дзы ссардæуыд, чи нæ спырх, ахæм снарядтæ, кæцытæ бынæттон сапертимæ иумæ ласт цæуынц æмæ сæ хибар ран срæмудзынц», – загъта РХИ-йы Уæлвæткон Уавæрты министр Санахъоты Сергей.

Уый ныхæстæм гæсгæ, ацы фарст кæддæриддæр æвæрд уыди иууыл ахсджиагдæр хæсты æмрæнхъ, фæлæ йын нæ уыд аскъуыддзаггæнæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы къухдариуæгад æм куынæ æрæвнæлдтаиккой, уæд.

«Нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины æхсæн бадзырдты фæрцы хъуыддаг йæ бынатæй фенкъуысти», – загъта ма министр.

Президент цымыдис кодта, уæрæсейаг специалисттæн æппæт уавæртæ дæр арæзт æрцыд, æви нæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы хъуыддаг хъуамæ æдзухдæр уа республикæйы къухдариуæгады æмæ РХИ-йы Уæлвæткон Уавæрты министрады хъусдарды бын.

«Специалисттæн ис бирæ куыст, уымæн æмæ нын хæст ныууагъта ахæм тæссаг фæдтæ. Мах абоны онг дæр ссарæм, нæ территорийыл чи не спырх, ахæм снарядтæ, кæцытæ халынц адæмы цард. Минæтæй ссыгъдæг кæныны хъуыддаджы тæпп æрæвæрдзыстæм æрмæстдæр уæд, æппæт территори, алы район дæр сгæрст куы æрцæуа, уæд. Махæн не ‘мбæстæгты æдасдзинад у æппæты ахсджиагдæр фарст», – загъта Тыбылты Леонид.

Цæрджытæм цы хæцæнгæрзтæ ис, уыдон бархийæ раттыны тыххæй хъæппæрис бахаста Мидхъуыддæгты министрад. Уыцы фарсты фæдыл Тыбылты Леонид загъта, зæгъгæ, ацы ран æххæстæй лæууы ведомствойы фарс.

«Ахсджиаг куыст у, æмæ йæ адарддæр кæнын хъæуы. Æз зонгæ дæн Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсары фæндæттимæ. Уый ацы фарсты райхæлд уыны закъондæт-тынадон фадыджы. Ацы фæндон рахæссын хъæудзæн Æдасдзинады советы рабадтмæ», – загъта Президент.

Лæууойты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, бакусын хъæуы фæсауæрцонты тыххæй за-къоны проектыл, цæмæй йæ дæлбар бахауой, æнæбахынцыд хæцæнгæрзтæ кæмæ ис, уыдон се ‘ппæт дæр. Уæд уыдон сфидар кæндзысты сæ хæцæнгæрзтæ æмæ сæ дардзысты сæ хæдзæртты закъонон æгъдауæй, мыхуырæвæрд сейфты.

«Ахæм уавæрты махæн уыдзæн хъус сæм дарыны фадат, цæмæй дзы пайда кæной, æрмæстдæр закъон бар кæм дæтты, ахæм хъуыддæгты. Уыцы хæцæнгæрзтæ тыхæй байсын та хорзмæ не ‘ркæндзæн», – загъта уый.

Лæууойты Æхсар фехъусын кодта, Дзауы районы цы лæгмард æрцыд, уый тыххæй.

«Ацы ран бынæттон цæрæг фехста йæ сыхаджы. 43-аздзыд Коцты Оледжы амарды цау æрцыд хуыцауæхсæвæй къуырисæры райсомырдæм. Макаровы пистолетæй йæ чи фехста, уый Гасситы лæппу, уайтагъд йæхи бааууон кодта. Ныртæккæ куыст цæуы йе ‘рцахсыныл», – загъта ма уый.

Ацы ран Тыбылты Леонид æрæмбырдуæвджыты хъусдард ногæй аздæхта хæцæнгæрзтæ радтыны фарстмæ.

«Чизоны, уымæ пистолет куынæ уыдаид, уæд нæ абон ацы дзырды сæр нæ хъуыдаид», – банысан кодта Президент.

Æмбырды рæстæджы бирæ дзырд цыд, фыдракæндтæ куыд æргом цæуынц, ууыл. Ныхас æрхауд тæрхоны фадыгмæ хауæг фарстытыл. Сæрмагондæй, Президент ногæй аздæхт Санахъоты Аннæйы амарыны цаумæ. Уыцы хъуыддаг абоны онг дæр ис тæрхондоны.

Ацы фарстыл арæх дзуры Президент тыхон структурæтимæ æмбырдты æмæ ис хъусдарды бын. Республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Хуыгаты Илонæйы ныхæстæм гæсгæ, уыцы хъуыддаджы фæдыл тæрхонгæнæн хъуыддаг ныртæккæ у фæуынхъус. Хуыгаты чызг ма фехъусын кодта æндæр уæззау процессты тыххæй.

«Байхъусыны уавæры ис республикæйы сæйраг прокурор Цгъойты Мерабы амæлæты хъуыддаг. Мидхъуыддæгты министрады рæстæгмæ уæвыны изоляторы ахæсты чи уыд, уыцы Тъотъоты Ацæмæзы амарыны хъуыддаг та у æхгæд. Ацы хъуыддаджы азымæвæрд уыд Кобесы фыртыл, æмæ йын лæвæрд æрцыд 8 азы», – бафтыдта ма йæ ныхасмæ уый.

Тæрхондоны системæйыл дзургæйæ, Тыбылты Леонид ногæй рæгъмæ рахаста Конституцион тæрхондоны фарст.

«Махæн афон у, цæмæй республикæйы Конституцион тæрхондоны тæрхонгæнджыты номхыгъд сбæлвырд кæнæм. Фæндон хæссын, цæмæй ацы фарст рахæссæм Закъондæттынад фæхуыздæр кæныны къамисмæ æмæ снысан кæныны процесс райдайæм», – загъта Тыбылты Леонид.

Тыбылты Леониды фæндонмæ гæсгæ ма уыцы къамисы размæ хаст чи хъуамæ æрцæуа, уый уыд, Президенты фæндонмæ гæсгæ, РХИ-йы Юстицийы министрад кæуыл бакуыста, уыцы фарст, ома, Парламентмæ æвзæрстыты системæ цæмæй ивд æрцæуа можоритарон-пропорционалон системæмæ.

Ацы фарстыл бакусын хæсгонд æрцыд Президенты Администрацийы сæргълæууæг Джиоты Аланæн. Ацы ран ма Президент ноджыдæр иу хæс радта йæ Администрацийы хистæрæн. Уый баст уыд, 2015 азы 8 марты къухфыст кæуыл æрцыд, Æмцæдисдзинад æмæ интеграцийы уыцы бадзырды уæлæмхас бадзырдтыл куыст фæуыны фарстимæ.

«Куыст кæронмæ фæхæццæ кæны. Æппæт уæлæмхас сразыдзинæдтæ дæр сты къухæвæрд. Фæнды мæ ноджыдæр нæ цæрджыты сæраппонд куысты фæстиуджыты тыххæй зонæнтæ ныммыхуыр кæнæм, раздæры куысты алы æмгъуыды дæр куыд кодтам, афтæ, цæмæй цæрджытæ семæ зонгæ кæной», – загъта Тыбылты Леонид.

Президент ма уымæй уæлдай раарфæ кодта Джиоты Аланæн ацы фæдыздæхты йæ бакæнгæ хорз куысты тыххæй. Хицæн арфæйы ныхæстæ æрвыст æрцыдысты, до-кументтыл куысты цы командæйы уæнгтæ архайдтой, уыдонæн.

«УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады Генштаб банысан кодта, Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады советы æмархайд сæ ведомствоимæ æдасдзинады хаххыл цы ахсджиаг æмæ сæйраг сразыдзинæдтæ арæзт цыд, уыдоныл кусгæйæ. Уый ахсджиаг хъуыддаг у», – загъта Тыбылты Леонид.

Æмбырды ма уынаффæ цыд æндæр ахсджиаг фарстытыл: горæты уынгты машинæты змæлды, республикæйы сосæвæндæгтыл арæнгæнæг хæххытæ сæвæрыны фарст, æмæ æндæртæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.