15-16 декабры Наро-Фоминскы уагъд æрцыд Уæрæсейы Кубок сылгоймæгты хъæбысхæстæй. Ирон спортсменкæтæ Танделаты Аминæ æмæ Кæсæбиты Алинæйæн бантыст сыгъзæрин майдантæ рамбулын. Танделаты Аминæ архайдта 59 кг уæзы категорийы. Уый финалы 10:4 хыгъдæй фæуæлахиз Кемеровойы областы минæвар Зельфира Садраддиновайыл. Кæсæбиты Алинæ та 62 кг уæзы категорийы финалон тохы рамбылдта Сахалины областы спортсменкæ Анастасия Парохинайы.

 

ТЕННИС

 

Ирон теннисист Хъæрæцаты Асланæн лæвæрд æрцыд сезоны хуыздæр прогрессы тыххæй профессионалон теннисистты ассоциацийы хорзæх. Аслан ацы аз 112 бынатæй схызт 15-æм бынатмæ. Ныртæккæ Хъæрæцайы фырт рейтингы ис 18-æм бынты.

«Тынг æхсызгон мын у ацы хорзæх райсын. Æз ын дæттын стыр нысаниуæг», – банысан кодта Хъæрæцаты Аслан.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.