Стыр Уæлахизы цытæн нæ республикæ дæр хайад райста Æппæтуæрæсейон патриотон акци «Огонь памяти»-йы, кæцы арæзт цæуы æхсæзæм хатт. Сабаты, 7 майы Мæскуыйæ Хуссар Ирыстонмæ æрхæццæ ис, Александровскийы цæхæрадоны Æнæном салдаты ингæны кæй ссыгътой, уыцы Æнусон арт.

Мæскуыйæ суанг ардæм Æнусон арт æрхастой адæмон фронт «За Россию»-йы минæвæрттæ. Сæ размæ ацыдис делегаци, кæцыйы сконды уыдысты, журналисттæ, культурæйы министрады æмæ милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ дæр згъæрварс автотранспортыл. Фыццаг уал æрлæууыдысты Дзауы поселочы, цыран цытджын æгъдауæй конд æрцыд мемориалон фæйнæг Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Сланты Лентойæн æмæ ма ам бынаты гом æрцыд «Æнæмæлгæ полк»-ы филиал дæр.

Æнусон арт дарддæр рахастой горæт Цхинвалмæ æмæ кæд къæвда уарыд, уæддæр ам сæ размæ Театралон фæзуаты æрæмбырд дзæвгар адæм. Ардæм æрбацыдысты бæстæйы президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, «Россотрудничество»-йы минæвæрттæ, нæ республикæйы æндæр бæрнон кусджытæ, ветерантæ, кадеттæ, ахуырдзаутæ æмæ хуымæтæг цæрджытæ дæр.

Адæмон фронт «За Россию»-йы минæвар Ӕнусон арты цырагъ цытджын æгъдауæй радта Президентмæ æмæ уый фæстæ уыцы цырагъ æрвыст æрцыд нæ республикæйы Национ музеймæ. Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, мах абоны бон сæрыстыр стæм уыцы адæмæй, кæцытæ фашистты ныхмæ хъазуатонæй тох кодтой, æрхастой нын сабырдзинад æмæ сын сæ нæмттæ макуы хъуамæ рох кæнæм.

«Хуссар Ирыстонæй фронтмæ ацыдис 23 минæй фылдæр хæстоны æмæ сæ фылдæр хай хæсты быдырæй нал æрыздæхтысты. Уыцы хæсты æфсымæртау фæрсæй-фæрстæм лæууыдысты бирæ нациты минæвæрттæ, равдыстой æхсардзинад æмæ ныддæрæн кодтой фашистты. Ӕз, куыд ирон нацийы минæвар, афтæ сæрыстыр дæн, хъайтарты номхыгъды адæмы нымæцмæ гæсгæ ирæттæ фыццаг бынат кæй ахсынц, уымæй. Ныридæгæн Украинæйы цы Сæрмагонд æфсæддон операци уагъд цæуы, уым дæр хъазуатонæй тох кæнынц уыцы хъайтарты фыртты фырттæ, сæ фæдонтæ. Се ‘хсардзинад хъуыстгонд у нацистты ныхмæ тохты æмæ сæ сæрыстыр стæм. Фидарæй мæ уырны, 77 азы размæ фашизм цъист куыд æрцыд советон салдатты къæхты бын, афтæ та ныр дæр æнæмæнг фæуæлахиз уыдзыстæм неонацисттыл», – загъта Президент.

Уый фæстæ ныхасы рацыд Республикон музейы директор Зассеты Мераб, кæцы баныфс æвæрдта, ацы Ӕнусон арты цырагъ музейы кæй ссардзæн аккаг бынат æмæ йæ музеймæ цæуджытæ æдзух кæй уындзысты.

Александровский цæхæрадоны 55 азы размæ ссыгътой æнусон арт æмæ йæ уæдæй фæстæмæ ахуыссын кæнын нал бауагътой. Бæрæгбоны агъоммæ Ӕнусон арт ахæссынц ветерантæм, кæцытæ цæрынц 17 регионы. Уымæй уæлдай ма Ӕнусон арт æрвыст æрцæуы 12 бæстæмæ, кæцыты хсæн сты Хуссар Ирыстон, Израиль, Сомихыстон, Белорусь æмæ афтæ дарддæр. Ацы аз ма сæм ноджы бамбал ис Донбасс дæр, кæцыйы цæрджытæ аст азы дæргъы уыдысты фашистон режимы дæлбар æмæ сын ныр фадат фæцис сæ фыдты æмæ сæ фыды фыдты рухс нæмттæ ссарынæн. Æртæ боны дæргъы ацы арт ахæссынц мингай километрты дæрдзæфмæ æмæ дзы хайад райсынц миллуангай адæймæгтæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.