Æрæджы нæ республикæйы ми-нæвæрттæ хайад райстой æмбуар-хæстæй дунейы чемпионаты, кæцы уагъд цыд Санкт-Петербурджы. Уым сын бантыст иу сыгъзæрин, иу æвзист æмæ æртæ бронзæ майданы рамбулын. 55 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд РХИ-йы Æддагон развæдсгæрсты службæйы сæргълæууæг, инæлар-майор Уарзиаты Алексейæн.

Ерысты дыккаг бынат та бацахста Джиоты Владимир. Уарзиаты Алексей куыд банысан кодта, афтæмæй уыдон райгондæй баззадысты се ‘нтыстæй. Уæлдайдæр уымæн, æмæ раздæр нæ республикæйы минæвæрттæн спорты ацы хуызæй никуы ма бантыст дунейы чемпионаты сыгъзæрин майдан рамбулын.

Уарзиаты Алексей архайдта 75 кг уæзы категорийы, цыран æдæппæтæй ацы уæзы архайдтой 7 адæймаджы. Алексейы бахъуыд 6 тох акæнын æмæ сæ алкæцыйы дæр уыд йæ ныхмæлæуджытæй тыхджындæр.

Уарзиаты Алексейы хорз цæттæдзинад дисы бафтыдта фæсарæйнаг бæстæты спортсменты.

«Ерысты фæстæ мæм æрбацыд Голландийы минæвар. Атыхстис мыл æмæ мын загъта бузныг, цы техникæ равдыстон, уый тыххæй. Стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта, ома, ахæм хистæртæ цы бæстæйы ис, уыцы бæстæйæн ис хорз фидæн», – загъта Уарзиаты Алексей.

Ерысты хайад истой ныгуылæйнаг бæстæты командæтæ дæр. Нæ республикæйы æддагон развæдсгæрсты службæйы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй йæхимидæг тыхст, цæмæй уыцы бæстæтæй йе ‘нæразыдзинад мачи равдиса, ома, Хуссар Ирыстоны командæ ерысты хайад цæмæн исы.

«Уыдис дзы америкæйæгтæ, европæйаг бæстæты командæтæ. Æмæ тарстæн, цæмæй уыдонæй байкот мачи расида. Фæлæ мын мæ архайдмæ куы бакастысты, уæд ууыл хъуыды дæр ничиуал акодта», – банысан кодта Уарзиаты Алексей.

Стæм хатт вæййы, цæмæй ахæм ерысты хайад исой, инæлары цинтæ кæмæн ис, ахæм æфсæддон службæгæнджытæ. Æмæ ныр куы федтой, чемпионаты инæлар-майор ерыс кæны, уæд сæ уый дæр дисы бафтыдта.

«Куы мæм бакастысты, уæд иууылдæр хъуыды кодтой, ома, æрцыд ацæргæ лæг, кæцы раздæр уыд спортсмен. Стæй мæ куы федтой, æмæ спортивон формæйы рахызтæн, æмæ ма йæ куы базыдтой,  инæлар-майор дæн, уæд мын райдыдтой лæугæйæ æмдзæгъд кæнын. Уый фенгæйæ, сæрыстыр уыдтæн мæ Райгуырæн Ирыстонæй», – йе ‘нкъарæнты тыххæй радзырдта Уарзиаты Алексей.

Куыд ма банысан кодта, афтæмæй ерысты схæлар ис æмбуар хæсты дунеон организацийы къухдариуæгадимæ. Уымæ гæсгæ нæ республикæйæн ис хорз фадат дарддæр дæр ацы организацийы ерысты хайад исынæн.

Командæйæн ерыстæм ацæуынæн баххуыс кодта Президент Бибылты Анатоли.

Уарзиайы фырт ныр та хуынд æрцыд æмбуар хæстæй дунейы чемпионатмæ, кæцы уагъд цæудзæн дыууæ азы фæстæ Германы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.