Дыууӕ ӕнус ӕмӕ ӕрдӕгмӕ ӕввахс кӕуыл цӕуы, уыцы тулдзы кой Ирыстоны чи нӕ фехъуыста, ахӕмтӕ бирӕ нӕй. Уый Ӕрыдоны, Тогъуызты Иваны уынджы, йӕ къабӕзтӕ дардыл айтындзгӕйӕ, йӕ уындӕй рӕвдауы цӕст.

Бирӕ диссӕгтӕ федта ӕрыдойнаг тулдз йӕ дӕргъвӕтин царды. Фӕхостой йӕ революцийы тымыгътӕ, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг нӕмгуытӕй сыхырнайы хуызӕн ссис йӕ буар, фӕлӕ нӕ фӕцу-дыдта. Бадзӕбӕх сты йӕ цӕфтӕ ӕмӕ цӕры дарддӕр истори ӕвдисӕг цыртдзӕвӕнау.

Ивгъуыд аз тулдзмӕ се ‘ргом раздӕхтой Цӕгат Ирыстоны ӕрдзхъахъхъӕныны министрад. Уыдон ӕрӕджы республикӕмӕ фӕхуыдтой Ӕппӕтуӕрӕсейон программӕ «Бӕлӕстӕ – удӕгас ӕрдзы цыртдзӕвӕнтӕ»-йы экспертты. Уыдон сбӕлвырд кодтой бӕласы  кар. Цӕуы йыл 246 азы. Йӕ бӕрзӕнд у 20 метры, йæ диаметр – 2 метры, йӕ зæнджы тымбылæг та – æхсӕз метры. Къамис рахаста фӕндон диссаджы бӕласӕн Ӕппӕтуӕрӕсейон статус «Удӕгас ӕрдзы цыртдзӕвӕн” радтыны тыххӕй. Уый тыххӕй рӕхджы амынд министрад райсдзӕн сертификат. Уыдон фӕнд кӕнынц тагъд рӕстӕджы ӕппӕтуӕрӕейон нысаниуӕджы бӕлас – цыртдзӕвӕн кадджын уавӕры байгом кӕнын йӕ ног статусимӕ. Йӕ фарсмӕ ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сӕрмагонд фӕйнӕг бӕласы биографиимӕ.

Ӕрдзон цыртдзӕвӕнтӕ иртасӕн экспертты къамис арӕзт ӕрцыд 2010 азы Мӕскуыйы хъӕды хӕдзарад «Здоровый лес»-ы федералон агентады бындурыл. Уыдон цалдæр азмæ раиртæстой Уæрæсейы мингай æрдзон цыртдзæвæнтæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.