Æрæджы Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты пресс-центрмæ хуынд æрцыд Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Хуыбиаты Сослан. Уый хыгъд радта ацы бынатмæ нысан куы æрцыд, æмæ æмткæй 2019 азы районы цы куыстытæ æххæст æрцыд, уыдоны тыххæй.

«Цæрджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны фæдыл цыд ахсджиаг куыст. Цалцæг цыдысты хъæутæм фæндæгтæ, скъуыддзаг цыд нуазыны доны проблемæ иуæй-иу хъæутæм. Афтæ ма ацы аз Знауыры районы уæрæхæй банысан кодтам зынгæ революционер, адæмон хъайтар Айдарты Знауыры  райгуырды 130 азы юбилей æмæ ма нæ районы сырæзтыл 90 азы сæххæсты бон», – загъта уый.

Районы администрацийы сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй 2019 азы райо-нæн цы бакæнинаг куыстытæ уыд, уыдон æххæст æрцыдысты 95 процентæй. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад 10 хъæумæ сцалцæг кодта фæндæгтæ, 10 хъæуы цæрджытæ та ифтонг æрцыдысты донæй. Ацы аз ма сæ зæрды уыд Гомарт-Уахтанайы хъæуы донуадзæн сцалцæг кæнын, фæлæ фæрæзтæ кæй не сфаг, уымæ гæсгæ ацы куыстытæ æргъæвд æрцыдысты 2020 азмæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй йыл куыст цыд цалдæр азы размæ дæр. Уый тыххæй хицæн æрцыд æхцайы фæрæзтæ. Администрацийы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй æрæмбырд кодтой æмбæлон гæххæттытæ, кæцытæ лæвæрд æрцыдысты фæдагуырды органтæм, хъуыддаг рафæлгъауыны тыххæй.

Знауыры районы электрохызæджы кусджытæ дæр бакодтой бæрæг куыст. Зæронд электроадæттæн цæджындзтæ баивтой ногтæй. Ахæм куыстытæ конд æрцыд Метъех, Зиулет, Азуат æмæ Гатыгкоты хъæуты. Куыстытæ адарддæр уыдзысты 2020 азы дыууадæс хъæуы.

Районы ма ацы аз гом æрцыд, 1990-2008 азты цы лæппутæ фæмард, уыдонæн мемориалон цырт. «Цырт рауад иттæг зæрдæмæдзæугæ, арæзт цыд адæмы фæрæзтæй. 900 мин сомæй та нын баххуыс кодта нæ паддзахады сæргълæууæг. Районы тыхтæй ма 2020 азы хъавæм зынгхуыст хъайтарты цырты алфæмблай схæрзарæзт кæнын», – зæгъы Хуыбиаты Сослан.

Уый æрдзырдта, 2019 азы Инвестпрог-раммæйы фæлгæтты Знауыры райцентры цы 18 фатерон хæдзар арæзт æрцыд, уый цæрджыты цахæм категоритыл уæрст æрцæудзæн, ууыл дæр. «Къамис кусы, цæмæй хæдзæрттæ уæрст æрцæуой иууыл тыхстдæр адæймæгтыл. 2020 азы январы мæйы æмбистæм бæрæг æрцæудзысты фатерты хицæуттæ. 2020 азы ахæм дыууæ æртæуæладзыгон хæдзæрттæ ноджыдæр сырæздзæн районы цæрджытæн», – дзырдта Хуыбиаты Сослан.

Районы цы 12 фермерон хæдзарады ис, уыдон архайдыл дзургæйæ, уый загъта:  «Сæйраджыдæр уыдон кæнынц фосдарды куыст. Районы администрацийæн йæ хæс у, уыдонæн æххуыс кæнын, куысты уавæртæ сын саразын: дон,  фæндаг æмæ, гæнæнуæвгæйæ, уыдонæн техникæйæ æххуыс кæнын. Фæлæ йæ рады арендатор та хъуамæ æххæст кæна йæ разылæууæг хæстæ. Йæ проект хъуамæ реализаци кæна банысангонд æмгъуыдмæ, хъуамæ дæтта куысты бынæттæ, бынаты хъуамæ реализаци кæна йе ‘ркæнгæ продукци. Ныртæккæ Знауыры районы цы арендатортæ ис, уыдон кæд нырма куыд æмбæлы, афтæ сæ къæхтыл не слæууыдысты, уæддæр архайынц, паддзахады раз сыл цы хæстæ ис, уыдон æххæст кæныныл».

Хуыбиаты Сослан ма радзырдта, районы бирæ азты дæргъы аскъуыддзаг кæнын цы фарстæн не ‘нтысы, ууыл – Нагутнийы хосгæнæндон «Ныфс»-мæ электроны хахх ауадзыныл. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы фарст æнцон скъуыддзаггæнæн нæу. Хосгæнæндонмæ фæндаг хъæды астæуты кæй цæуы, уымæ гæсгæ сæрмагонд  техникæйæн зын бацæуæн у уырдæм. Фæлæ, РХИ-йы  энергетиктæ агурынц варианттæ, ныридæгæн бавнæлдтой бæлæстæ лыг кæнынмæ, цæмæй фæндаг айгæрдой аразджытæн. Хъуамæ уым, тагъд рæстæджы, фæзына канд электроны хахх нæ, фæлæ ма мобилон бастдзинад дæр.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма журналистты цымыдис кодта, æрæджы нæ республикæмæ цы инвестор æрцыд æмæ Мугуты хъæумæ хæстæг быдырты æхсæрты талатæ ныссадзынмæ чи хъавы, уый архайды тыххæй. «Ацы проекты автор у, компани «Аланти бундор»-ы къухдариуæггæнæг Татараты Алан. Уый сфæнд кодта Мугуты хъæумæ хæстæг цы быдыртæ ис, цалдæр азы размæ фермæ саразынмæ кæм хъавыдысты æмæ уый фæстæ зæххытæ рæстæгмæ цæрджытæ кусынæн кæй айстой, уыцы бынаты æхсæры талатæ ныссадзынмæ. Уый тыххæй инвестормæ ис диссаджы проект. Фæлæ зæххытæ кæй къухты уыдысты, уыдон разы не сты инвесторæн сæ радтынмæ. Инвестор йæхæ-дæг фембæлд цæрджытимæ. Фембæлды уыд Президент Бибылты Анатоли, Парламенты спикер Тадтаты Алан æмæ  æдæр бæрнон адæймæгтæ. Æмбырды аскъуыддзаг кодтой, цæмæй уал инвестор 350 гектары бæсты, 2020 азы ныссадза 150 гектары. Стæй адæммæ цы зæххытæ ис, уыдон куы раздахой, уæд иннæ хайы дæр ныссадздзæн æхсæры талатæ. «Арендатормæ ис иттæг хорз нывæзт. Уый хъавы, кусын кæй фæнды ахæм адæймæгтæн фæйнæ гектар раттын. Уым цы продукци æркæной, уый та сын инвестор æлхæндзæнис йæхæдæг. Дыууæ саби кæмæн райгуыра, уымæн та фыст цæудзæнис йæ кредит. Инвестор ацы проектыл хардз кæны миллиарды онг. Мах хъуамæ цин кæниккам, ахæм инвестор нæм кæй æрцыд, ам та йын чидæртæ йæ ныхмæ ныхдуртæ æвæрынц», – дзырдта районы сæргълæууæг.

Хуыбиаты Сослан радзырдта арæнгæрон хъæу Цънелисы уавæры тыххæй дæр. Ныртæккæ уым арæн хъахъхъæнынц æдасдзинады комитет æмæ хуссарирыстойнаг тыхон структурæтæ. Уыдон уым лæууынц æрмæстдæр, цæмæй хъахъхъæной бынæттон цæрджыты æдасдзинад. Ныртæккæ дзы уавæр у стабилон.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.