Хорз зындгонд у, цæмæй ахуыргæнинагæн скъолайы ахуыр кæнгæйæ æнтыст уа, уый тыххæй æрмæст ахуыргæнæджы архайд фаг нæу. Ацы хъуыддаджы йын хъуамæ æххуыс кæной ныййарджытæ. Уыдон сæ хъус хъуамæ дарой, сывæллон йæ хæдзармæ хæслæвæрд куыд æххæст кæны, уымæ. Æххуыс ын кæна, сæ æххæсткæнгæйæ кæм тыхсы, цы нæ ‘мбары, уый райхалыны. Фæлæ ис ахæм ныййырджытæ, кæцытæ æрмæг бацамоныны бæсты сæхæдæг бакæнынц, сывæллон кæй хъуамæ сæххæст кæна, уыцы куыст. Уый та раст нæу.

Ахæм у йæ хъуыды Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы къухдариуæггæнæг, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Зассеты Зарæйæн дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм цаутæ кæд арæх нæ, уæддæр вæййынц æмæ уый бирæбæрцæй нæу раст. Фыццаг уый тыххæй, æмæ хæлд цæуынц методикон нормæтæ. Уымæй ныййарæг йе сколадзауæн пайдайы бæсты хæссы зиан. Уымæн æмæ скъоладзау ахæм æххуысы фæстиуæгæн урокæй ницы бахъуыды кæны, аннæмæй та нæ рæзы йæхи хъуыдыкæнынад.

Ацы фарсты тыххæй не ‘мбæстаг Коцты Сослан та банысан кодта, зæгъгæ, зонын цалдæр æвзонг бинонты æмæ сæ кæстæртæн, кæд æрвылхатт нæ, уæддæр  арæх сæ хæдзарон куыстытæ фæаразынц сæхæдæг. Иуæй-иутимæ дзы, зæгъгæ, ныхас дæр акæнын, бамбарын сын кæнын, раст кæй нæ аразынц, уый. «Мæхæдæг хъомыл кодтон цыппар кæстæры, фæлæ сын æз кæнæ мæ цардæмбал æнæ сæхи сæ хæдзарон куыстытæ никуы сарæзтам. Скъоладзауы бæсты уроктæ аразын раст нæу æмæ афтæ хъуамæ мачи кæнид. Уымæн æмæ йæ ахуыргæнæг истæмæй куы афæрса, уæд ын йæ бон сдзуапп кæнын нæ бауыдзæнис».

Æвзонг мад, нæ горæты цæрæг Дудайты Эльзæйы хъуыды та ахæм у, зæгъгæ, хъомылгæнæг, кæцы йæхæдæг аразы йе скъоладзауы куыстытæ, уый кæстæр зынтæй бауарздзæнис чингуытæ æмæ мæгуырау рæздзæнис йæ хъуыдыкæнынад.

Чингуытæ бауарзыны тыххæй ма мæ зæгъын фæнды уый, æмæ саби  тагъддæр базоны, цы уыны æмæ хъусы, уый. Абоны скъоладзаутæй сæ ныййарджыты стæмтæ фенынц газет кæнæ чиныг кæсгæ. Арæхдæр фæкæсынц телеуынынады сериалтæм, фæархайынц сæ телефонтимæ, планшеттæ æмæ æндæр ахæмтимæ. Æгæрыстæмæй сæ се скъоладзау æххуыс куы домы, уæд дæр. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, мæгуырауæрдæм æндавы скъоладзауы зондахастыл.

Цалдæр азы размæ дæр ма арæх уыдтам, кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæй бирæтæ сæ хъуыртыл дæгъæлтæ ауыгъдæй кæй хастой, уый. Ахæм цаутæн ныр нал ис фенæн. Цы фæивта? Дæгъæлты семæ уымæн хастой, æмæ-иу хæдзармæ бацæугæйæ, бынаты ничи уыд. Ныр афтæ нал у. Урокты фæудмæ хæдзары кæмæн ничи вæййы, уыдонæн фадат ис скъолайы басихор кæнын æмæ сæ уроктæ та фæахуыр кæнынц ахуыргæнджыты хъусдарды бын.

Фæстаг азты скъоладзаутæй алчи дæр хæссын райдыдта телефон. Уымæ хистæр кары фæлтæр кæсынц алыгъуызон цæстæнгасæй. Ацы фарсты тыххæй та нын Зассеты Зарæ загъта:

– Сомбоныл æнæ телефонтæ æмæ интернет ахъуыдыгæнæн дæр нал ис. Уымæн æмæ сæ пайда у стыр. Зæгъæм, хицæн уроктыл нæ арæх бахъæуы интернет, хъæуæг информаци дзы дзæвгар кæй ис, уый тыххæй. Фæлæ, хъыгагæн, не скъоладзаутæ телефон æмæ интернетæй фылдæр фæпайда кæнынц алыгъуызон хъæзтытæ кæнынæн. Уый та сæ хъыг дары ахуыр-гæнæгмæ лæмбынæг байхъусынæн. Афтæ мæм кæсы, æмæ скъоладзаутæ скъоламæ телефонтимæ цæуой, уыцы фарстмæ хъæуы бæстон  æркæсын.

– Цæрын Нæузæххонты уынгыл, – зæгъы, Джиголаты Олег. – Мæ кæстæртæй дыууæйæ цæуынц горæты 1-æм астæуккаг скъоламæ. Скъола нæм у дард. Адзурын сæм, базонын, куыд сты, уый æмæ сæм нал фехсайы мæ зæрдæ. Чизоны, ахуыр-хъомыладон фарстыты телефонтæ хæссын пайда нæу, фæлæ æвзæр нæу, адзурæн сæм кæй ис, уый.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.