Скъола адæймаджы царды ахсы стыр бынат, зонындзинæдты дунемæ йæ уæрæх фæндагыл кæй æрлæууын кæны, уый тыххæй. Фæлæ, цæмæй æппæт зонындзинæдтæ дæр ахуыргæнинæгтæ хуыздæр базоной, уый тыххæй ма алы скъолайæн дæр вæййы йæхи традицитæ. Уыдон та бандавынц йæ ахуыргæнинæгтæн куыд сæ зонындзинæдтыл, афтæ сæ уагахастыл.

Ахæм хорз традицитæ уæвынад кæнынц нæ горæты Хъоцыты Къостайы номыл 2-æм астæуккаг скъолайы. Куыд æй зонæм, уымæ гæсгæ ацы скъолайы ахуыр кæны 800 сывæллонæй фылдæр.

Æнæхъæн ахуыры азы дæргъы уыдонæн се скъолайы уагъд фæцæуынц алыгъуызон сфæлдыстадон æмæ аивадон конкурстæ, спортивон ерыстæ æмæ æндæр цымыдисон мадзæлттæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, скъолайæн кæй ис йæхи тырыса æмæ гимн дæр. Скъолайы тырысайæн йæ хуыз у цъæх, йæ уæлæ та ныв ис скъолайы герб, скъола арæзт кæд æрцыдис, уыцы 1934 аз. Герб та конд у, ахæм нывтæй: науæнгуыр, стъалы, чиныг, лавры сыф. Уыдон нысан кæнынц: науæнгуыр – скъола кæй хæссы денджызоны ном, стъалы – кæй ном хæссы, уый ма Советон Цæдисы Хъайтар кæй уыдис, хъахъхъæдта Севастополы горæт, чиныг æмæ лавры сыфтæ та нысан кæнынц, зæгъгæ, ацы скъола кæй у зонындзинæдты куырдадз.

2-æм скъолайы гимны ныхæстæ зонын ацы скъолайы ахуыргæнинæгтæй алчи дæр нымайы йæ хæсыл. Гимны ныхæстæ ныффыста Дзадтиаты Зæлинæ.

Скъолайæн ма ис йæхи сæрмагонд эмблемæтæ, хуыд сты скъоладзаутæн сæ риутыл.

Ныр та йын банысан кæнæм, йæ ахуыры процессыл ын хуыздæрырдæм чи æндавы, уыцы мадзæлттæ, уыдон ацы аз сног кодтой спортивон мадзал ГТО-йы традици. Афтæ ма фыццаг хатт ацы скъолайы уагъд æрцыд, ахуыры азы хуыздæр ахуыргæнинаг рабæрæг кæныны конкурс. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ скъолайы хуыздæр ахуыргæнинæгтыл нымад æрцыдысты хистæр цæджы – Икъоты Марат æмæ астæуккаг цæджы та Джиоты Кристинæ.

2016-2017 ахуыры азы скъолайы ахуыргæнинæгтæй йæхи хорз чи равдыста, куыд ахуыры, спорты, аивады, афтæ ма скъолайы æхсæнадон царды активон хайад чи иста, уыдоны 22-æм майы, цытджын æгъдауæй хорзæхджын æрцыдысты дипломтæ æмæ грамотæтæй, спортивон ерысты фæуæлахизуæвджытæ та сæрмагонд риуылдарæн нысæнттæ æмæ æндæр зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Хорзæхтæ дæттыны мадзалы хайад райстой РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады хъомылад æмæ уæлæмхас ахуыры хайады хистæр Джиоты Эльзæ, ацы скъолайы рауагъдон, информацион агентад «Алания информ»-ы къухдариуæггæнæг Бететы Юри, скъолайы директор Ольга Михайлиди æмæ скъолайы иннæ ахуыргæнджытæ.

Мадзал байгом ис скъолайы гимны зæлтæй, уый фæстæ бахастой скъолайы тырыса æмæ йæ систой уæлæмæ.

Уый фæстæ арфæйы ныхæстæ загъта Ольга Михайлиди. Уый æрдзырдта скъолайы истори æмæ йæ хуыздæр традициты тыххæй. Уæлдай хатт банысан кодта, зæгъгæ, йæхæдæг дæр ацы скъолайы рауагъдон у æмæ, уымæ гæсгæ 2-æм скъола кæддæриддæр сæрыстыр уыдис йæ хорз традицитæ æмæ рауагъдонтæй. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй ацы хорзæхтæ ахуыргæнинæгты разæнгард кæндзысты размæ хуыздæр къахдзæфтæ аразынæн, куыд ахуыры, афтæ спорты æмæ аивады дæр. «Æз спорт æмæ физкультурæйæн кæнын стыр аргъ, уымæн æмæ æнæниз наци схъомыл кæнын у нæ сæйраг хæстæй иу», – загъта ма йæ раныхасы скъолайы директор.

Скъолайы ахуыргæнинæгтæн арфæйы ныхæстæ загъта Джиоты Эльзæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, тынг хорз бакодтат ГТО-йы традици кæй сног кодтат, уымæй. Бафæндыдис ма йæ, цæмæй гвардион скъолайы ном чи хæссы, уыдон кæддæриддæр уой стыр номы хицау.

Ацы бон хорзæхтæ радтой 70 ахуыргæнинагæй фылдæрæн. Призон фонд æмæ хорзæхтæ самал кæнынæн сын баххуыс кодтой РХИ-йы Хицауады раздæры сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ скъолайы 1990-æм азты рауагъдонтæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.