Сæрымагъзы продуктивон куыст æмæ хъуыдыкæнынады тренировкæ кæныны хъуыддаджы специалисттæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ алы адæймагæн дæр йæ бон у æмæ бакуса йæ хъуыдыкæнынады рæзтыл, йæ райтынг кæныныл  æмæ тренировкæ кæна йæ сæрымагъзы.

Райсом раджы сæрымагъзы гæнæн ис сифтындзын уæнгрогдзинадæй æмæ йын саразын кæнын хъæуы ахæм хорз уавæртæ, цæмæй æнæхъæн бон продуктивон куыст кæна максималонæй.

Фынтæ зæрдыл æрлæууын кæнын

Специалистты амындтытæм гæсгæ, фын куы фенат, уæд æй алы райсом дæр фæлгъаут, æрхъуыды-иу кæнут, фыны цы уыдтат, уыдæттæ. Фыццаджыдæр уын уый хорз ахъаз кæны уæ хъуыдыкæнынад тренировкæ кæнынæн. Иннæмæй та уый, æмæ уæ сæрымагъ нæ улæфы, фæлæ уæ разы цы проблемæтæ æмæ хæстæ сæвæрдтат, уыдоныл хъуыды кæны æмæ йæ тыхтæ ууыл хардз кæны.

Бирæ хатт фынты руаджы махæн нæ бон у райсын дзуаппытæ иуæй-иу вазыгджын фарстытæн. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут уæ фын æмæ ахъуыды кæнут, цæмæй уын æрхæсдзæн пайда, цæмæй уын феххуыс уыдзæн.

Хуыссæнуат æфснайын

Гæнæн ис бацымыдис кæнат ахæм фактмæ, зæгъгæ, цы иудзинад ис хуыссæнуат бафснайын æмæ сæрымагъзы куыстæн? Фыццагдæр уый, æмæ фæтк æрæвæрын æвæрццагæй бандавы продуктивондзинадыл. Сфæлдыстадон хаос, ома, хæццæдзинад, хорз у æрмæстдæр идейæтæ æрхъуыды кæныны процессы рæстæджы, фæлæ сæрымагъзы хæрз-гъæд куыстæн æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй адæймагæн йæ алыварс алцы дæр уа нывыл.

Дыккаджы та уый у сæрымагъзы иучысыл фæсайыны æгъдау. Исты хъуыддаг уæ райсом куы нæ фæнда саразын, фæлæ йæ куы саразат, уæд сæрыстыр уыдзыстут уыцы чысыл хъуыддагæй дæр æмæ ахæм сигнал та сæрымагъз райсдзæн, куыд æвæрццаг, афтæ, æмæ æнæхъæн боны дæргъы дæр, йæ бон куыд у, афтæ максималонæй йæ тыхтæ дæтдзæн, цæмæй хуыздæрæй-хуыздæр куса.

Дон нуазын

Адæймаг æхсæвы дæргъы фесафы бирæ дон, кæд æддæмæ нæ фæцæуы, уæддæр. Йæ сæйраг аххосаг – нæ улæфт. Нæ сæрымагъз хаты, иучысыл дæр организм дон куы фесафы, уæд. Уыцы процессы рæстæджы сæрымагъзы куыст фæлæ-мæгъдæр вæййы. Уый тыххæй та сæй-рагдæр у, цæмæй уæ райсом райдайат 1-2 агуывзæйы донæй.

Улæфæн фæлтæрæнтæ

Нæ сæрымагъзы куыст баст у канд донимæ нæ, фæлæ мæ туаггуыримæ дæр. Уый тыххæй афтæ ахсджиаг у, цæмæй  йæ райсом раджы сифтонг кæнат туаггуырæй. Уый тыххæй та уæ бон у аразат алыгъуызон улæфæн фæлтæрæнтæ, хорз уаид –  сатæг уæлдæфмæ, кæннод та – гом ру-дзынджы цур.

Сæууон боныг

Адæймагæн æнæмæнгдæр хъуамæ уа сæууон боныг. Хъуамæ дзы ныффыссай, цы плæнттæ дæм ис боны мидæг, цы фæндтæ дæм ис сæ саразынæн, арфæтæ, бузныджы ныхæстæ, эмоцитæ æмæ идейæтæ. Бонæджы фыссын æххуыс кæ-ны стрессы æмвæзад æрныллæгдæр кæ-нынæн æмæ уæ продуктивон бонмæ ба-цæттæ кæнынмæ.

Боныг куы уадзат, уæд, сæйраджыдæр у, цæмæй уæ боныджы фыссат  гæх-хæттыл, уымæн æмæ уæд цырын кæны уæ сæрымагъзы куыст. Цыбыр, фæлæ интенсивон фæлтæрæнтæ аразут уæ сæрымагъз скусын кæнынæн. Уый та ахъаз кæны тугзилдух фæхуыздæр кæнынæн æмæ сæрымагъзы хъæздыг кæны туаггуырæй.

Аходæн – сæрымагъзæн

Сæрымагъзы хорз куыстæн ма æххуыс у райсомæй алыгъуызон нозтытæ ногтынд гагадыргъты дæттæ нуазын. Сæрымагъзæн пайдаджын продукттæм ма хауынц дыргътæ, æхсæртæ, æйчытæ, кæсаг, брокколи, цъæхсыфджын халсæрттæ, уырыдзы, болгайраг цывзы æмæ æндæр ахæм продукттæ.

Чиныг кæсын

Иртасæнтæ куыд равдыстой, уымæ гæсгæ чиныг кæсын у тынг хорз цырынгæнæг сæрымагъзы активон куыстæн. Специалистты иртасæнтæм гæсгæ къуырийы дæ-ргъы адæймаг хъуамæ бакæса иу чиныг, кæд æмæ уыцы чиныг ныллæг æмвæзадыл фыст нæ уа, уæд. Чиныг кæсын хуыздæр кæны хъуыдыкæнынад, цырын ын кæны йе сфæлдыстадон куыст, хъæздыг кæны дзырдуатон фæстауæрц æмæ адæймагæй аразы æнтыстджын æмæ продуктивон гоймаг.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.