Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрджытимæ. Йемæ ма уыд Цхинвалы районы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли æрæмбырдуæвджытæн радзырдта, хъæуы цæрджытæн республикæйы къухдариуæгад Хуссар Ирыстоны цæрджыты, царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны фæдыл цы куыст кæны, уый тыххæй. Къостайыхъæуы цæрджытæ йын радзырдтой сæ проблемæты тыххæй, кæцытæн сæ фылдæр хаудысты социалон къабазмæ.

«Æрмæст Къостайыхъæуы нæ, фæлæ æндæр хъæуты дæр иууыл стырдæр проблемæ у цæрæнуатон арæзтад. 2017 азæй райдайгæйæ, мах хæдзæрттæ аразын райдыдтам, æцæгæйдæр цæрæнуатхъуаг чи у æмæ 2008 азы хæсты рæстæджы кæмæн ныппырх сты, уыдонæн», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уыимæ иумæ уый æрæмбырдуæвджытæн радзырдта, сæ хъæуккаг сылгоймаджы уавæры тыххæй. Президенты ныхæстæм гæсгæ, Къостайыхъæуы цæрæг зæронд ус куырдиат балæвæрдта, цæмæй йын ног хæдзар саразой, иунæгæй кæй цæры æмæ йын чи баххуыс кæна, ахæм адæймаг ын кæй нæй, уымæ гæсгæ.

«Æз ын загътон ахæм фæндон, хæдзар ын кæй сараздзыстæм, фæлæ уыимæ иумæ уый уыдзæн паддзахады исад æмæ стæй ахиздзæн, цæрæнуатæй хъуаг чи у, ахæм адæймаджы исадмæ. Уый сразы ис», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ ныхас дарддæр кæнгæйæ, Президент банысан кодта, уый фæстæ зæронд усæн кæй разынд хæстæджытæ, кæцытæ нæ цæрынц Хуссар Ирыстоны.

«Уый ахæм домæн æрæвæрдта: кæнæ йын аразæм хæдзар, кæцы уый фæстæ ахиздзæн, Цæгат Ирыстоны йын цы хæстæджытæ ис, уыдонмæ, кæнæ та нæ разы кæны хæдзары арæзтадыл», – загъта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны кæй ис бирæ æмбæстæгтæ, кæцыты æцæгæйдæр хъæуы цæрæнуат, æмæ паддзахадæн та йæ бон нæу «дачатæй» ифтонг кæнын, ам чи нæ цæры, уыдоны.

Æрæмбырдуæвджытæ йе ‘вварс рахæцыдысты къухæмдзæгъдæй.

Уыимæ иумæ ма уый загъта ацы уавæрæй рахизынæн æндæр фæнд.

«Кæд ын ис ахæм хæстæджытæ, кæцытæ цæрынц Хуссар Ирыстоны æмæ йæм кæсдзысты, уæд ын хæдзар сараздзыстæм», – загъта Бибылты Анатоли.

Хъæуы цæрджытæ ма хъаст кодтой, сæ хæдзæртты нуазыны дон кæй нæй, уый фæдыл дæр.

«Нуазыны дон нæм нæ цæуы. Кæцыдæр хæдзæртты дзы ис, фæлæ махмæ нæ цæуы. Уый у стыр проблемæ, Анатолий Ильяйы фырт», – загъта цæрджытæй сæ иу.

Фембæлды рæстæджы Цхинвалы районы сæргълæууæджы хæдивæг Бибылты Валери æмæ районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Хъотайты Барисæй æрдомдта ацы уавæр бамбарын кæнын.

Чиновникты ныхæстæм гæсгæ, доны хъуагдзинады проблемæ уый мфидæг ис, æмæ уымæй кæй пайда кæнынц цæхæрадæттæ пырх кæныны нысанæн.

Къостайыхъæуы цæрджытæ  сæ ныхмæ загътой, зæгъгæ, дон нæ фаг кæны зымæджы дæр.

Президент бахæс кодта, цæмæй ацы фарст контролмæ ист æрцæуа, афтæ ма æрдомдта, цæмæй æркæсой Зары хъæуæй комкоммæ дон рауадзыны фарстмæ, цыран ис сæйраг донуадзæн хæтæл.

Хъæуы цæрджытæ ма хъаст кодтой, зæгъгæ, доны гъæд у мæгуырау.

Бибылты Анатоли бахæс кодта Югосетпотребнадзоры комитетæн ацы фарстыл бакусын.

«Бахæс кæнут комитетæн, цæмæй доны гъæд сбæрæг кæной æмæ нæм хатдзæгтæ æрбавдисой. Кæд дон хъæуы сыгъдæг кæнын, уæд бакусын хъæуы  ацы фарстыл. Ахæм проблемæтæ нæй, кæцытæн нæй скъуыддзаггæнæн», – загъта Бибылты Ана-толи.

Хъæуы хицæн цæрджытæ хъаст кодтой  хъæуы администрацийы сæргълæууæгæй, зæгъгæ, уый йæ хæстæ не ‘ххæст кæны, цæмæй хъæуы цæрджыты цард фæхуыздæр уа.

Президент йæ рады бахаста ахæм фæн-дон, цæмæй хъæуы цæрджытæ сæхæдæг равзарой хъæуы администрацийы сæргълæууæджы.

«Фæстæдæр мах аскъуыддзаг кæндзыстæм ацы фарст ахæм хуызы: сымах уæхæдæг равзардзыстут уæ администрацийы сæргълæууæджы», – загъта Президент.

Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ кодтой уынгты рухс кæныны, фæндæгты арæзтады æмæ хæдзæртты æмбæрзтытæ раивыны фарстыл, афтæ ма спортæй архайыны тыххæй сывæллæттæн секцитæ сорганизаци кæныны тыххæй дæр.

Президент йæ рады хъæуæг хæслæвæрдтæ радта Къостайыхъæуы цæрджыты проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.