23 майы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты дæсæм сессийы æстæм рабадт. Рабадт уагъта Парламенты Сæрдар Гасситы Петр. Йæ куысты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауады уæнгтæ, республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ.

Боны фæткмæ хаст æрцыд,  2018 азы РХИ-йы Хицауады бакæнгæ куысты фæстиуджыты тыххæй фарст.

Парламенты спикер Гасситы Петр фæндон бахаста, цæмæй мадзал райдыдтаид Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы фыццаг сæвзæрст депутатты РХИ-йы Парламенты хорзæх – «Хъуылымбегты Торез»-ы майданæй схорзæхджын кæнынæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ,  уыдоны  руаджы махæн ис  нæхи республикæ.

«Растдæр ацы адæймæгтæ лæууыдысты нæ бæстæйы рæзты райдианы, йæ рæстæджы растдæр уыдон истой нæ республикæйæн хъысмæтскъуыддзагæнæн уынаффæтæ, æмæ иннæтæй хъауджыдæр уыдон  сты ацы хорзæхы аккаг», – загъта спикер.

Уый ма стыр хъыгимæ банысан кодта, зæгъгæ, фыццаг сæвзæрст депутаттæй иуæй-иуты хорзæх кæнын бахъæуы сæ амæлæты фæстæ, фæлæ уыдон цæ-рæнбонтæм баззайдзысты историйы æмæ нæ адæмы мысынады.

РХИ-йы Парламенты майданæй хорзæхджын æрцыдысты 16 депутаты.

Ацы хорзæхæй ма хорзæхджын æрцыд Уалыты Сергей Суликъойы фырт дæр, кæцы Хъуылымбегты Торезимæ уыд Гуырдзыстоны ахæстоны.

Хорзæхджын чи æрцыд, уыдоны номæй раныхас кодта Харебаты Леонид. Уый бузныджы ныхæстæ загъта, майдан саразын кæй фæндон уыд æмæ кæй руаджы арæзт æрцыд, уыдонæн. Банысан кодта, зæгъгæ, Хъуылымбегты Торез уыд йæ адæмы  æцæг хъайтар, йæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны тыххæй йæ цард чи снывонд кодта, ахæм адæймаг.

Парламенты Сæрдар фæндон бахаста, РХИ-йы Парламенты цытджын сесси ауадзыны активон хайад чи райста æмæ йæ чи сорганизаци кодта, уыдон Кады грамотæтæй схорзæхджын кæнын.

Дарддæр Парламенты Сæрдар фæндон бахаста, цæмæй рахызтаиккой РХИ-йы Хицауады хыгъдмæ.

Уый цыбыртæй радзырдта, зæгъгæ, абоны хыгъд хицæн кæны йæ объективондзинадæй æмæ Хицауады нысæнтты æмæ хæслæвæрдты дырысæй хынцынæй.  Банысан кодта, зæгъгæ, нысан æрцыд  сæйраг бæрæггæнæнты рæзт, инвестицион программæ та фыццаг хатт æххæст æрцыд æнæхъæнæй.Дарддæр депутаттæ байхъуыстой 2018 аз Хуссар Ирыстоны Хицауады архайды фæстиуджыты тыххæй РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы хыгъдон докладмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ депутаттæн фадат кæй уыд хыгъды текстимæ развæлгъау базонгæ уæвынæн. Уый тыххæй премьер-министр Хицауады бакæнгæ куысты тыххæй радзырдта цыбыртæй.

Фыццаг рады уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хицауад æмæ Парламент иумæ бæрнджын сты иууыл карздæр проблемæтæ скъуыддзаг кæныны алыварс æхсæнады консолидацийы тыххæй, уыимæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, иумиаг куыстæн ис конструктивон характер.

Йæ раныхасы премьер бахахх кодта, зæгъгæ, Хицауады сæйраг архайд здæхт уыд абоны бон республикæйæн иууыл ахсджиагдæр программæ – социалон-экономикон рæзты Инвестицион программæйы реализацимæ. 

Уый лæмбынæгæй радзырдта, ацы программæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт æрцыд æмæ цы ма-дзæлттæ ауагъдæуыд, уыдоны тыххæй. Уыдоны ‘хсæн сты республикæйы столицæйы æмæ районты чи ‘рцыдысты, уыцы арæзтæрцæуæг сывæллæтты цæхæрадæттæ æмæ скъолатæ, Цхинвалы уынгты хæрзарæзтад, цæрæнуаты æмæ фæндæгты арæзтад æмæ а.д.

Уый фæстæ депутаттæн фадат уыд докладгæнæгмæ фарстатæ радтынæн, фæндæттæ бахæссынæн æмæ сæм кæд критикон фиппаинæгтæ уыд, уæд уыдон зæгъынæн.

Депутат Къозонты Аланы цымыдис кодтой, демографийы, куыстмызды, хъалонæвæрд, къотырдзинады тыххæй закъоны, фонтаны арæзтадыл цы фæрæзтæ бахардз сты, уыдæтты тыххæй фарстатæ. Харебаты Сергейы та цымыдис кодта горæт цъæхдарæнтæй сфæлындзыны проблемæ. Депутат Коцты Игоры тыхсын кодта, Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæджы бынат ныры онг вокантон кæй у, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый у РХИ-йы Консти-туци халын.

Депутат Плиты Агуындæ бахатыд Хицауады Сæр-дармæ, цæмæй  сæрмагондæй контроль кæна тубрынчындоны арæзтадыл, афтæ ма фæндон бахаста, цæмæй ба-куыстæуа, зæрдæ-дадзинтæ æмæ онкологион низты ныхмæ тох кæныны программæйыл. Уый ма цымыдис кодта, лæвар цы  медикаменттæ лæвæрд цæуынц, уыдон æлхæнынæн рахицæнгонд фæрæзтæ куыд дих цæуынц, уымæ. Тедеты Русланы та цымыдис кодтой финанскæнынад, афтæ ма уыдонæй электроэнергийы, тъунелы кабель рауадзыны æмæ хъуыддагон хъæдæрмæгæй спайда кæныны тыххæй сæ хæстæ куыд фыст цæуынц, уыдоны фæдыл фарстатæ. Депутат Джиоты Инал  рæгъмæ рахаста Дзауы районы цæрджыты куыстифтонгдзинады проблемæ æмæ Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæн сæ куыстмызд фыст кæй нæ цæуы, уыцы проблемæ. Депутат Диакъонты Амиран радзырдта республикæйы Парламент æмæ Хицауады æмархайды тыххæй, экономикæйы рæзты перспективæты æмæ хъæууон хæдзарады рæзтæн  субсидиты тыххæй.

Депутат Бесаты Зитæ та рæгъмæ рахста республикæйы экономикон рæзты проблемæ, сæрмагондæй та хъæууон хæдзарады проблемæ. Уый дæр цымыдис кодтой зæххы хæдзарады, пенситы æмæ æвæрæз æмбæстæгты тыххæй фарстатæ. Банысан кодта, зæгъгæ, хыгъды сæйраг критерийыл нымад хъуамæ уа, уым банысангонд программæты æмæ пълæнтты æвæстиатæй æххæст кæнын, афтæ ма цæрджыты фæрныгад фæхуыздæр кæнын.

Депутатты æппæт фарстатæн дæр Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Финансты министр Хæбæлаты Азæ, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги, Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади радтой лæмбынæг дзуаппытæ.

 Алы фарсты фæдыл дæр æрдзырдта республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Сæйраджыдæр та, бюджеты социалон нысанмæздæхты тыххæй, ног медицинон кластеры эксплуатацимæ радтыны фæстæ æнæниздзинад хъахъхъæныны æвæрццаг тенденциты тыххæй, æнæ-мæнгхъæуæг диспансеризацийы тыххæй, хæстон архайдтыты ветерантæн кредиттæ дæттыны, хъалонæвæрды æмæ  хатырты тыххæй.

Уый фæстæ депутаттæ æрæвнæлдтой хъæлæсæппæрсты процедурæмæ. Фылдæр хъæлæстæй (æртæ йæ ныхмæ, иу та йæхиуыл фæхæцыд) фидар æрцыд 2018 азы РХИ-йы Хицауады бакæнгæ куысты фæстиуджыты тыххæй хыгъд. РХИ-йы Хицауады куыст та нымад æрцыд рæстæмбисыл.

РХИ-йы Парламенты

Информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.