21-æм октябры Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады инициативæмæ гæсгæ райцентры уагъд æрцыд хæрзаудæн концерт, сæрмагондæй Донбассы зæххыл æфсæддон операцийы цы ирон лæппутæ исынц хайад, уыдонæн баххуыс кæныны нысанæн.

Хæрзаудæн концерттæ куыд æгас Уæрæсейы Федерацийы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр тынг сарæх сты, цæмæй хæсты быдыры æхсæвæй-бонæй знаджы ныхмæ чи лæууы, уыдонæн куыд моралон, афтæ материалон æххуыс цæуа. Ахæм концерттæн ис стыр нысаниуæг æмæ йæ адæм дæр æмбарынц.

Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады сæргълæууæг Санахъоты Анжелæ нын куыд радзырдта, афтæмæй районы цæрджытæ кæддæриддæр æмбаргæ ахаст дарынц ахæм хæрзаудæн мадзæлттæм, уымæн æмæ дзы бирæ бинонтæн сæ фырттæ, се ‘ввахс адæм хайад исынц æфсæддон операцийы.

Уымæй размæ та цалдæр хатт районы активисттæ æрæмбырд кодтой æмæ Донбассмæ арвыстой гуманитарон æххуыс. «Аст мæйæ фылдæр Украинæйы зæххыл уагъд цæуы сæрмагонд æфсæддон операци æмæ дзы йæ райдианæй хайад исынц хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ. Знагимæ тох кæнынц дзауаг лæппутæ дæр, се ’ппæты дæр тынг хорз зонæм. Уыдонæй чи æфсæддонтæ сты, чи та барвæндонæй фæцыд хæсты быдырмæ нæ иумиаг райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны сæраппонд.

Хæст хæст у æмæ домы æххуыс. Нæ бæстæйы тынг тыхсынц ацы сæвзæргæ уавæры тыххæй, ахæм бон нæ вæййы æмæ ацы темæйыл куысты дæр æмæ хæдзæртты дæр мачи сныхас кæна. Махæн куыд нæ бон у, афтæ хъуамæ балæууæм нæ лæппуты фарсмæ æмæ сын баххуыс кæнæм. Уымæ гæсгæ нæ куыстуат сорганизаци кодта ацы хæрзаудæн концерт. Цы билеттæ нæм уыдис, уыдон се ‘ппæт дæр ауæй сты æмæ рæхджы уыцы æхцайы фæрæзтæ æххуысы хуызы æрвыст æрцæудзысты нæ хæстонтæн Донбассмæ», — банысан кодта Санахъоты Анжелæ.

Уый ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй Дзауы скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæн районы депутат Хуыджеты Руслан хæрзаудæн концертмæ балхæдта билеттæ, цæмæй сывæллæттæ æхцондзинад райстаиккой зарджытæй æмæ хъæлдзæгæй арвыстаиккой сæ изæр.

Хæрзаудæн концерты хайад райстой районы æмæ Хуыцъейы хъæуы культурæйы хæдзæртты сфæлдыстадон къордтæ æмæ популярон зарæггæнджытæ. Сценæмæкæсджыты раз зарджытæ сæххæст кодтой: Къæбысты Маир, Тыбылты Леонид, Санахъоты Алан, Лалыты Альберт, Икъаты Миленæ, Багаты Шота æмæ Тасойты Игорь.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.