Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады æххуысæй киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд хæрзаудæн концерт. Концерт уагъд æрцыд сæрмагондæй, Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæн баххуыс кæныны нысанæн. Ахæм концерт нæ республикæйы уагъд цæуы ныр дыккаг хатт. Хайад дзы райстой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны артисттæ. Концерт ауадзыны хъуыды фæзындис нæ горæты цæрæг æвзонг чызг Уалыты Мальвинæмæ. Йæ фæнд ын хорзыл банымадта нæ республикæйы культурæйы министрад дæр.

Концерты райдианы зарæггæнæг æмæ амонæг Икъаты Миленæ сценæмæкæсджытæн радзырдта, зæгъгæ, хæрзаудæн концерты сæйраг нысан у æрмæст нæ хæстонтæн баххуыс кæнын нæ, фæлæ ма нæ адæмы иумæ æрбангом кæнын ацы вазыгджын æмæ æнæрынцой рæстæджы. Уый фæсивæдæн фехъусын кодта, зæгъгæ, Цæгат Ирыстонæй хъуамæ æрцыдаиккой цалдæр зарæггæнæджы, фæлæ стыр хъыгагæн æрмæстдæр «Tara»-йæн бантыст æрцæуын.

Концерты инициатор Уалыты Мальвинæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уый рагæй зонгæ у куыд цæгатирыстойнаг зарæггæнджытæн сæхиимæ, афтæ се сфæлдыстадимæ дæр. «Цхинвалы нæм концерт ауадзыны хъуыды рагæй уыдис. Августы мæйы кæрон мах баныхас кодтам Хуссар Ирыстоны культурæйы министрадимæ æмæ снысан кодтам концерт ауадзыны бон. Концертмæ билеттæ иу къуырийы æмгъуыдмæ ауæй уыдаиккой, уый мæ нæ уырныдта. Фæлæ тынг бирæ фæсивæд баззадысты æнæ билеттæй», – загъта Мальвинæ.

Æвзонг зарæггæнæг Тараты Сослан («Tara») нын куыд загъта, афтæмæй уый йæ хæлæрттимæ иумæ тынг хорз бацæттæ кодтой сæхи концертмæ. «Уыдис нæм тынг цымыдисон концертон программæ. Фæлæ мын бæрæг аххосæгтæм гæсгæ мæ хæлæртты таможнийы нæ рауагътой. Уымæ гæсгæ нæ зæрдæйыуаг тынг фехæлдис. Æз иунæгæй рацыдтæн Цхинвалмæ. Кæд æнкъард кодтон, уæддæр куы федтон цхинвайлаг фæсивæды, уыцы атмосферæ, уæд мæ ныфсыл ноджыдæр ныфс бафтыдис. Зындис сыл тынг кæй æнхъæлмæ кастысты ацы концертмæ æмæ сæ мæ бон фæсайын нæ бацис. Афтæ тынг мыл баузæлыдысты хуссарирыстойнаг цæрджытæ æмæ мæ эмоцитæ кæронмæ радæттын мæ бон нæу, нæй сæ гæнæн ныхæстæй зæгъæн дæр.  Мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Стыр бузныг уæ уазæгуарзондзинады тыххæй. Ныфс мæ ис æввахс рæстæджы та сымахимæ ногæй кæй фембæлдзыстæм мæ хæлæрттимæ иумæ», – радзырдта Тараты Сослан.

Сослан зарын райдыдта æхсæрдæсаздзыдæй. Йæ разы бирæ хæстæ æвæрдта, цæмæй аккаг бынат бацахстаит музыкалон æмæхсæнады. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Фæнды йæ, цæмæй йæ зарджыты цы æнкъарæнтæ æвдисы, уыдон кæмæндæр суой зондзонæн æмæ сын хæссой пайда.  Ныры фæсивæдæн æй фæнды зæгъын, цæмæй сæ разы цы нысæнттæ æвæрынц, уыдонмæ тырной. Кæд нæм фыццаг бакастæй кæддæрты зын фæкæсынц, уæддæр  къухтæ ауадзын нæ хъæуы. Хъæуы размæ цæуын.

Концертмæ сæйраджыдæр æрбацыдысты нæ горæты æрыгон фæсивæд. Сценæйыл зæлыдысты, фæсивæды æхсæн популярон чи сты, ахæм зарджытæ. Уыдон тынг райгондæй кæй баззадысты концертæй, уый зындис, зарæггæнджытæн тыхджын къухæмдзæгъд кæй кодтой, уымæй дæр. Йæ эмоциты тыххæй нын нæ горæты æвзонг чызг Гаглойты Эльзæ афтæ радзырдта: «Куыддæр æй базыдтон нæ горæтмæ «Tara» æрцæудзæн, афтæ уайтагъд ацыдтæн концертмæ билет балхæнынмæ. Йæ зарджытæ тынг популярон сты фæсивæды ‘хсæн, алчидæр æй тынг бирæ уарзы. Уый нын ныфс бавæрдта ногæй нæм кæй æрцæудзæн, уымæ гæсгæ йæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсдзыстæм».

Хæрзаудæн концертæй цы билеттæ ауæй ис, уыдонæй райсгæ æфтиаг æрвыст æрцæудзæн, гуманитарон  æххуысы хуызы хæстон операцийы хайад чи исы, уыдонæн.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.