7-æм декабры уыдис 2023-25 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл оперативон штабы рабадт. Уагъта йæ Президент Гаглойты Алан. Йæ куысты хайад райстой хицауады уæнгтæ.

Уынаффæ кодтой Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты куыстытæ куыд  цæудзысты, ууыл.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй 2023 аз у Инвестпрограммæ реализаци кæныны кæронбæттæн аз. Æмæ, зæгъгæ, ацы программæ æнæхъæнæй куыд сæххæст уыдзæн, уый тыххæй хъæудзæн хыгъд радтын. Бакæнгæ куыстыты тыххæй доклад сарæзта Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Елдзарты Константин. Инвестпрогарммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй афтæ загъта «Ивгъуыд азæй ацы азмæ цы объекттæ рахызтысты, уыдоны арæзтадон куыстытæ фæуынхъус сты. Кæронмæ фæхæццæ кæны уынгты арæзтад дæр. 13 коммунары уынджы  Стыр Леуахийы сæртыл цы хиды реконструкци цæуы, уый фæстиат кæны, фæлæ йын ис объективон аххосæгтæ, гæххæттытæ æрвыст æрцыдысты ногæй корректировкæтæ кæнынмæ. Документаци цæттæ уыдзæн ацы къуырийы кæроны».

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Мæскуыйаг микрорайоны Медведев æмæ Путины уынгты арæзтады сметæйон документаци корректировкæ æрцыдис. Мзиугомы сы-вæллæттæн цы улæфæн лагерь арæзт æрцыд, уырдæм арæзтадон фирмæйæн йæ бон æрласын нæу газы ифтонгад. Чысыл къуылымпытæ ис Хъорнисы хъæуы хиды арæзтады дæр. Уый баст у арæзтадон фирмæимæ бадзырд рæстæгыл арæзт кæй  не ‘рцыд, уыимæ. Объект ныртæккæ хаст æрцыд 2025 азы инвестпрограммæйæ 2023 азмæ. Æмæ цалынмæ парламент бюджеты барасткæнинæгтæ нæ райса, уæдмæ дзы стыргуырахст куыстытæ бакæнæн нæй. Министр ма дзырдта ацы аз электроэнергийæ нымайæнтæ сæвæрыны куыст дæр кæронмæ кæй нæ бахæццæ, ууыл.

Дарддæр журналисттæ рацыдысты æмæ рабадт адарддæр æнæ уыдонæй.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.