Хуссар Ирыстоны Мыхуыры хæдзар 2019 азы цы чингуытæ рауагъта, уыдонæй сæ иу у Цхуырбаты Мерийы чиныг «Уацмыстæ». Чиныг байгом дзæнæттаг Джусойты Нафийы рецензион уацæй. Дарддæр – Мери йæхæдæг сиды ирон чиныгкæсджытæм, зæгъгæ, цы ирон адæймаг йе ‘взаг, йæ адæм, йæ сомбоныл нæ хъуыды кæны, уымæн йæ цард афтид у æмæ сын амоны, цæмæй царды цы æнæнымæц хорздзинæдтæ ис, уыдонмæ тырной. Уыцы нымæцы – чиныг кæсынмæ дæр. Авторы ацы хъуыдытæн ис арф бындур. Уымæн æмæ уыцы хорз миниуджытæй хайджын кæй стæм, уый тыххæй гуырдзыйы агрессийæн æрмæст фæразгæ нæ бакодтам, фæлæ сыл уæлахиз дæр фестæм.

Мери йæ чиныджы ирон чиныгкæсджыты размæ рахаста 15 радзырды, 2 романы æмæ 17 та – публицистикон уацтæ. Радзырдтæ сæ мидисмæ гæсгæ дих сты дыууæ хайыл. Иуты дзы дзырд цæуы, 1989-2008 азты ирон адæм, æнæаххосæй цы бирæ æмæ алыгъуызон зындзинæдтæ, æнамонддзинæдтæ бавзæрстой, уыдоныл. Кæд уæд алы адæймаджы цардæн дæр тæссаг уыд, уæддæр Мери ууыл нæ хъуыды кодта, йæ хъус лæмбынæг дардта æрвылбоны æрцæугæ æнамонддзинæдтæм, фыста сæ, сфæлындзыдта сæ аивадон æгъдауæй æмæ сæ рахаста ирон чиныгкæсджыты размæ.

Мери йæ чиныг «Уацмыстæ»-йы чиныгкæсджыты тæрхонмæ цы радзырдтæ рахаста, уыдон иууылдæр амад сты æцæг факттыл, æнцонкæсæн. Радзырд «Хæсты рæстæджы бонтæй»-йы æрымысыд зынгæ ирон фыссæг Гуыцмæзты Алешы рухс ном. Радзырд райдыдта афтæ: «1992 аз, 28 май. Абон, фæндзæм скъолайы кæрты цы патриотты уæлмæрд сырæзт, уыдонмæ Гуыцмæзты Алеш бафтыд. Амардтой Алешы, нæхи Алешы. Курдиатджын фыссæг, æгъдауджын, лæджыхъæдджын нæлгоймаг. Æцæг ирон лæппуйы амардтой, Хуыцау сын æй ма ныххатыр кæнæд. Йæ дыууæ æнахъом чызджы æнæ фыдæй аззадысты. Мæ цæстыл уайы, иу дзы йæ цонгыл бады, иннæмæн йæ къухыл хæцы æмæ рæвдауæндонмæ фæуайынц, йæ цæсгом – райдзаст, цыма æнæхъæн Ирыстон йæ хъæбысы фæхæссы. Астæуæй уæлæмæ уыд пырх… Цæсгом, йæ рæсугъд цæсгом нал уыд… нал уыд цæсгом…

Нал дæр кæуын у мæ бон, нал дæр мæм дзурын цæуы. Нæ зонын, кæд ма æрлæудзæнис ахæм дуг, æмæ зæрдæнцойæ хъуыды кæнын бауа мæ бон! Алешы куы бавæрдтам, уæд та æхсын райдыдтой. Нæмгуыты къæр-къæрмæ хъустæ къуырма кодтой. Ныр æртæ боны, майы мæйы кæрон, æхсæвæй бонæй не ‘нцайынц, пырх кæнынц хæдзæрттæ, цæгъдынц адæмы… Хидæн уыцы фарс, нæ сых – фронты раззаг хахх, æнæхуысгæ зынджы арты.

Хидмæ куы схызтæн, уæд мæ фæрсты тагъд æххуысы машинæ рацæйтахт, мæ зæрдæ ныккæрзыдта: кæйдæрты та фæласы…

Дзулуæйгæнæн магазины къæсæргæрон, нæ сыхæгтæ – æртæ усæй куыдтой, хъæрæй куыдтой.

– Циу, цы та æрцыд? – бафарстон сæ.

– Хъæцмæзты лæппуйы амардтой. Парчы уыдысты йæ уарзонимæ. Ныхас кодтой æмæ чызгæн йæ цæстыты раз систа йæ уд».

Мери ма йæ радзырдты æрымысыд хæсты амæттæгтæ: Гаглойты Иринæ, Тедеты Гоча, Хъуылымбегты Надя, Харебаты Жаннæ, Остъаты Алан, Радик, Табуты Радик, Тасойты Инал, Букуылты Маир, Уалыты Витали, стæй, Зары фæндагыл кæй ныццагътой, уыдон æмæ æндæрты рухс нæмттæ.

Мери хорз æмбары, абон уа æви райсом – хæст æмæ тухитæн æрцæудзæнис кæрон æмæ йæ иннæ радзырдты та дзуры царды рухс æмæ цардаразæг адæймаджы тæхудиаджы миниуджытыл. Мери йæ радзырдты цы хъуыдыйæдтæй пайда кæны, уыдон арæхстджынæй фæлындзы аивадон æгъдауæй æмæ чиныгкæсæгæн æрмæст æнцонкæсæн не сты, фæлæ сæ исы æхцондзинад. Ахæм радзырдтæм, сæйраджыдæр, хауынц «Дзул», «Урс сæрбæттæн», «Хъусцæджытæ», «Хæлардзинады уидæгтæ», «Кæмæн цы?» æмæ æндæртæ.

Чиныджы иу хай бацахстой цымыдисон, гуырахстджын публицистикон уацтæ. Зæрдæмæдзæугæ уацтæ ныффыста Дзугаты Георги, Плиты Грис, Джыгкайты Шамил, Къæбысты Зауыр, Галаты Барис, Къæбысты Падо æмæ æндæртыл.

Мери йæ чиныг «Уацмыстæ»-мæ цы дыууæ романы «Æнæмæлгæ уидаг» æмæ «Царды хъулæттæ» бахаста, уыдон дæр фыст сты, ахсджиаг, царды æрвылбонон нывтæ ирдæй кæм зынынц, ахæм цаутыл. Кæд сæ ис арф хъуыдытæ, уæддæр сты æнцонкæсæн æмæ мæ уырны, чиныг йæ къухмæ чи райса, уыдон райгондæй кæй баззайдзысты, уый.

Банысан ма кæндзынæн уый, æмæ чиныг чи бакæса, уыдон се ‘ппæт дæр кæй банкъардзысты чиныджы авторы, сылгоймаджы фæлмæн, уæздан æмæ рæсугъддзинады тæлмæнтæ.

Чиныг полиграфион æгъдауæй дæр у аив фæлыст, уый та дзурæг у йæ фæлындзæг Джиоты Агуындæ æмæ Хуссар Ирыстоны полиграфион-кондадон баиугæнды кусджыты зæрдæбын куыстыл.                                                                                             

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.