Къоста – Болгарийы

Больгайраг горæт Плискайы ис Кириллицæйы хæдзар, кæцы ран æвæрд сты кириллицæйы альфавиты дамгъæтæ æмæ ацы фыссынадæй чи пайда кæны, ахæм зындгонд фысджыты скульптурон сурæттæ. Кæд дзы æндæр зындгонд фысджытæн æрмæстдæр скульптурон сурæттæ ис, уæд дзы ирон литературæ æмæ æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайæн та æвæрд ис бюст.

УАЦАМОНГÆ

Къостайæн ма раздæр бюст æвæрд æрцыд æндæр болгайраг горæт Кырджалийы Культурæйы галуаны раз дæр.

 

Хуыцауы фыдæх Амранмæ

Даредзанты Амран зæххыл тых кæмæн не скодта, ахæм ын нал баззад. Æрмæст ма йын Хуыцау баззад æнæбафæлваргæ æмæ йæм райдыдта хъавын.

Уæд дын иу бон куы уыд, уæд Хуыцау æмæ Амран фæндагыл амбæлдысты. Хуыцау уæлбæхæй Амыранмæ дзуры:

-Дæ фæндаг раст, мæ хæрæфырт.

Амран æм дзуры:

– Дæ хъуыддаг раст, мæ мадырвад! Рахиз ма дæ бæхæй æмæ рахæцæм хъæбысæй, кæддæра нæ чи фæтыхджындæр уаид.

Уæд æм Хуыцау бахудти:

– Амран мемæ хæцын нæ бафæраздзынæ ды, – йæ ехс æрыппæрста æмæ дарддæр дзуры Амыранмæ: – Уæдæ ма мæм уый сдæтт.

Амыран ехсмæ æрæвнæлдта, фæлæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Хуыцау æм смæсты, йемæ хъæбысæй хæцыны фæнд кæй скодта, уый тыххæй, æмæ йыл дзуæртты бафтыдта. Уыдон Амраны Уæрсæджы хохы лæгæты бабастой. Уæдæй абонмæ Амран бастæй лæууы лæгæты…

 

Зондамонæнтæ

*Хæларæн ахæмты равзар, афтæ дын куыд ничи зæгъа, кæимæ цæуыс, кæнæ та хæрзтæй цæмæн тæрсыс?

*Дæ хæлармæ ахæм цæстæй кæс, йæ цæстæнгас дæхи зæрдæмæ дæр куыд цæуа.

*Ныййарæджы бафхæрæгæй ныййарæг скæнын æрдзы рæдыд у.

*Арæхстджын æвзаг арф хъуыды кæрды цыбырæй.

*Дæ цард кæстæртæн мысинаг куынæ уа, уæд дæ райгуырд æнæхъуаджы уыд.

*Зæххыл кæд цæугæ къæхтæ кæнынц, уæддæр фæд зонд уадзы.

*Хорз кæстæр чи схъомыл кодта, уый æнæхурæй нæ баззайдзæн.

*Кæд сой зæххæй исæм, уæддæр рæзгæ хурмæ кæнæм.

*Дон ацæуы, дур баззайы, фæлæ доны фæд баззайы дурæн йæхиуыл дæр.

 

Нæ рагон-нырыккон риссæгтæ

Абон фæдисы хъæр кæнæм, нæ ирон уаг æмæ æгъдау сæфынц, зæгъгæ, нæ фыдæлтæм цы фарн уыд, уый фæцудыдта, йæ фæд дæр нал зыны, кæрæдзи нал æмбарæм, æмæ афтæ дарддæр… Цымæ, æцæг, ныры дуджы райдыдта цудын ирон фарн, раздæр нæм алцы дæр зæрдæйы фæндиаг уыд? Уæдæ ма иу хатт æркæсæм, нæ номдзыд, нæ куырыхон фыдæл Гæдиаты Секъайы сфæлдыстадмæ:

«…Æфсымæр æфсымæры нæ уарзы, фырт фыды коммæ нæ кæсы, ус йæ мойы дзырдæн аргъ нæ кæны. Хæлæгдзинад халы бирæ хорзцæрæг хæдзæртты.

Цæмæн афтæ здæхт сты хæлæгдзинады рдæм ирон адæм иннæ адæмты хъауджыдæр? Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ уый нæ зыд æмæ нæ магусадзинады аххос у. Фыццаг: райдайæнæй зыддзинад нæ туджы æмæ не стæджы ахъардта æмæ йын ратæрынæн ницыуал фæразæм, нæ зæрдæ не лгъæд кæны, нæ цæст не фсæды; дыккаг: иутæ хорз кусынц, архайынц алырдæм дæр æмæ хорз цæрынц, иннæтæ та бон-изæрмæ ныхасы бадынц æмæ къæцæлтæ амайынц, кæрæдзийы фыдгой кæнынц, æмæ сæ хорз сыхаджы цард куы уынынц, уæд æм хæлæг кæнынц æмæ йын йæ хорз цард фехалыныл зилынц. Ахæм хуыддæгтæ бирæ æрцыд Ирыстоны. Кус ды дæр, магуса лæг, къæцæлтæ амайыны бæсты».

 

Рохгон ирон дзырдтæ

Налхъуыт-налмас – зынаргъ дуры мыггаг.

Ниат – фæндон, уынаффæ рахæссын.

Пакъуындзæ – æбæрæг тыхджын уæвæгой адæймаджы кæнæ маргъы хуызы.

Пилтхор – бæркад чи сафы, ахæм адæймаг.

Ронг – Нартæ мыдимæ кæй арæзтой, ахæм нозт.

Рухын – саджы уаст.

Саденджыз – Сау денджыз.

Салдар – фыддзинад, æвзæр.

Сапп – обау, арæн.

Сарыхъхъ – сæры дарæс.

Саулохаг – кæсгон бæхы мыггаг ирон адæммæ.

Сахъоладон – æбæрæг цæугæдон.

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ÆЛГЪИН ФЫСЫМТЫ УАЗÆГ

Иу уазæг æлгъин фысымтæм бахаудта. Сихор хæрд куы фесты, уæд сæм æфсин дзуры:

– Фæйнæ арахъхъы нæ анызтаиккат?

Фысым, цæмæй уазæг «нæ» зæгъа, уый тыххæй йæ афарста:

– Сихоры фæстæ ма исты вæййы?

– Куыднæ вæййы, – фæцырд уазæг, – æхсæвæр.

Æмæ фынгмæ хæстæгдæр бабадт.

 

ЗÆРДÆРУХС ХУЫСНÆГ

Иу лæгæн базары йе хца адавтой. Лæг дыууæрдæм рацу-бацу кæны, æмæ йыл чидæриддæр амбæлы, уымæн та рахъаст кæны:

– Абонæй æвзæрдæр бон никуыма уыд.

– Алкæмæн нæ, – дзуапп ын радта къæрных.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.