Фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ ирон адӕммӕ хӕдзарӕн егъау нысаниуӕг уыд ӕмӕ ис. Хӕдзар кӕмӕн нӕ уыд,  уый кӕнӕ мӕгуыр уыд, кӕнӕ та ӕгуыдзӕг, ӕнӕсӕрӕн. Ӕнцон куы уыдаид, уӕд сӕм лӕггады охыл ахӕм ӕмбисонд баззадаид: «Ӕз дын хӕдзар нӕ сараздзынӕн, фӕлӕ…».

Нӕ фыдӕлты цардуаджы хӕдзар, бинонтӕ цы хатӕны цардысты, къонайы арт ӕмӕ рӕхыс кӕм уыдысты, уый дих кодта дыууӕ хайыл – лӕгты ‘рдыгӕй фарс ӕмӕ устыты  ‘рдыгӕй фарс.

Лӕгты ‘рдыгӕй фарс, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уыдысты фынг, хистӕры къӕлӕтджын, къултыл хъисфӕндыр, нӕлгоймаджы уӕлӕдарӕс, йӕ хотыхтӕ, дзӕбидыры сыкъатӕ.

Устыты ‘рдыгӕй фарс уыдысты: арынг, сасир, алыгъуызон мигӕнӕнтӕ. Кӕмӕн рӕхстис, уыдонӕн ма устыты ‘рдыгӕй уыдис къаннӕг хатӕн хицӕн дуаримӕ, хуыдтой йӕ къӕбиц.

Къӕбицы кой, стӕй йӕ хорз миниуджытӕ Нарты эпосы дӕр ӕргомӕй зынынц. Сатана зындгонд уыд йӕ къӕбицӕй дӕр. Иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд, Нарты ӕххормаг дугты сӕфын куынӕ бауагъта.

Цард рагон у, цы фӕндӕгтыл цӕуы, уым уынӕм стыр ивындзинӕдтӕ. Уыцы ивындзинӕдты фӕндӕгтыл рацыд Ирон къӕбиц дӕр. Абон ын йӕ бынат ӕрцахста, кухни кӕй хонӕм, уый.

Хӕххон адӕм ма советон дуджы сӕ тӕккӕ цӕрӕгыл куы уыдысты, уӕд ирон къӕбицтӕ сӕ тыхы уыдысты. Хӕдзары ӕфсины йӕ къух амыдта, цӕмӕй бинонтӕ ӕмӕ уазӕгӕн лӕггад бакодтаид йæ къӕбицӕй.

Ирон къӕбицы хъӕзныгдзиинӕдтӕ уыдысты: ссад, хӕндыг, царвы хъуырӕуттӕ, нуӕзт, цӕхджын фыдызгъӕл, мыд. Цыбырдзырдӕй, фынгӕн цы хӕринӕгтӕ ӕмӕ нуазинӕгтӕ хъуыд, уыдон се ‘ппæт дӕр.

Хӕххон адӕм кӕд къӕбӕрхъуаг ӕййӕфтой, уӕддӕр сын сӕ къух арӕзта фосдарды куыст. Хъуццытӕ, сӕгътӕ ӕмӕ фыстӕй цы пайда истой, уыдонӕн сӕ сӕйраг рахӕцӕн уыдис ÆХСЫР. Ӕхсырӕй цы продукттӕ цыдис, уыдоны та ирон адӕм рагӕй фӕстӕмӕ хонынц УРСАГ.

Урсагмӕ цы продукттӕ хауынц, уыдонӕн канд сӕ аразын нӕ, фӕлӕ сын сӕ нӕмттӕ дӕр нал зонынц Иры абоны фӕлтӕр.

Мӕ ныхасы сӕр у урсаджы продукттыл. Нӕ абоны фӕлтӕр сӕ кӕй нал зонынц, уымӕй азымджын не сты. Хӕргӕ сӕ кӕнынц: творог, сметана, кефир, масло, сыр, фӕлӕ сын сӕ ирон нӕмттӕ нӕ зонынц. Кӕй сӕ нӕ зонынц, уый аххосӕй дуканийы къултыл сты гуымир рӕдыдтытимӕ фыст.

Бахъуыды йӕ кӕнӕм: УРСАГ сӕрмагонд продукт нӕу. Урсаг у дӕлдӕр ранымадгонд продукттӕн сӕ иумӕйаг ном. Уыцы продукттӕ та сты: æхсыр, инджын, цыхт, царв, нӕлхӕ, сылы, сылыдзыхт, хуырх, хӕбизджын, уӕлкъӕйдзыкка, чъиритӕ, хъӕстӕл, къӕпы, мисын, къӕдор, дзыкка, цӕрвӕхсидӕн.

Ноджыдӕр ӕй зӕгъын, ацы продукттӕн сӕ иумӕйаг ном у УРСАГ, сӕ равзӕрд та у ÆХСЫРÆЙ. Гӕнӕн ис ӕмӕ зӕгъӕм, сӕ мад у Ӕхсыр. Кӕд аипп нӕ уыдзӕн, уӕд сын сӕ арӕзтыл ӕмӕ сӕ равзӕрдыл цыбыртӕй ӕрдзурдзынӕн

ÆХСЫР. Æхсыр дæттынц хъуццытæ, сæгътæ, фыстæ. Дыгътой сæ райсом æмæ изæр. Ног дыгъд æхсыр-иу ныффæрсыгътой, цъус-иу æй ахъарм кодтой, стæй-иу ыл ныккодтой, развæлгъау стуры ахсæныл кæй арæзтой, уыцы донæй. Хонгæ дæр æй ахсæн кодтой.

ИНДЖЫН. Цасдæры фæстæ-иу уыцы æхсыр бацахст. Сылгоймаг-иу æй дысфæлдæхтæй сцъæл кодта – уый уыд инджын. Ныллæг бандоныл бадгæйæ, ус дыууæ къухæй æртымбыл кодта цыхт, систа-иу æй сæрмагонд къусмæ, къусæн йæ бын хуынкъ уыд, цæмæй йæ сылы æрлæдæрстаид.

СЫЛЫ. Ӕфсин агӕй ногахст цыхт куы сисы, уӕд ма дзы цы баззайы, уый хуыйны сылы. Ахуыйӕн дзы кодтой кӕрдзынимӕ.

СЫЛЫДЗЫХТ. Арӕх-иу сылыйы рафыхтой, скодта-иу сӕртӕ, тынг хӕрзад уыдысты хӕрынӕн. Уый та хуыйны сылыдзыхт (ома сылыйы Цыхт).

ХЪÆСТÆЛ. Сылыдзыхт-иу куы систой, уӕд ма дзы цы донгонд баззад, уый та хуыдтой хъӕстӕл. Уым сой нал уыд.

ХУЫРХ. Цыхт бацахсыны фӕстӕ-иу сылыйы иу хай нывӕрдтой, сӕнхъызт, стуаг ӕмӕ-иу дзы сылгоймæгтæ сӕ сӕртӕ æхсадтой. Кӕд тынг туаг нӕ уыд, уӕд-иу дзы ахуыйӕн дӕр кодтой бинонтӕ.

ЦЫХТ. Цыхты куыст парахат уыд ирмӕ. Афӕдзӕй-афӕдзмӕ сӕ ахуыйӕн уый уыд. Ног ахст цыхтӕн-иу йӕ сылы куы алӕдӕрст, уӕд-иу ӕй байсӕрстой цӕххӕй, сæвӕрдтой-иу ӕй сӕрмагонд таройыл. Йӕ цъар-иу куы сфидар, схъӕбӕр, уӕд ӕй ӕвӕрдтой сӕрмагонд хъӕдын мигӕнӕны цӕхджындоны. Хуыдтой йӕ гарз. Уыцы гарз-иу бирӕ цыхтыты хицау куы бацис, уӕд ӕй хуыдтой хӕндыг. Хӕндыгмӕ ӕмӕ къӕбицмӕ ӕвналыны ӕмӕ бацӕуыны бар нӕ уыд нӕлгоймӕгтӕн. Уыцы цӕхджын доны ма хонынц суар дӕр.

ЦАРВ. Нӕ адӕмы фылдӕр хай хӕххон адӕм уыдысты. Царвы куыст сӕм раджы фӕзынд. Царвы хъуыддагыл куыстой фӕззӕджы, иннӕ рӕстӕджы та кодтой цыхты куыст.

Ӕхсыры ӕрдыгъд фӕззӕджы фӕкъаддӕр вӕййы, ӕхсыры гъӕд та – фӕхуыздӕр, фӕсойджындӕр. Фӕззӕджы-иу цы ӕхсыр ӕрдыгъдтой, уый-иу, ныффӕрсудзыны фӕстӕ, нывӕрдтой къӕбицы. Уыдис ын сӕрмагонд къаннӕг гарз, хуыдтой йӕ царвцӕгъдӕн дӕр ӕмӕ донхӕссӕн дӕр. Донхӕссӕн ма йӕ уымӕн хуыдтой ӕмӕ – иу царвы куыст куы фесты, уӕд ацы мигӕнӕны чъылдымбастӕй хӕххон сылгоймӕгтӕ хастой дон ӕнӕхъӕн дӕс мӕйы дӕргъы (йӕ ныв ис Къостамӕ) хицӕн мигӕнӕнтӕ сӕм кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй.

Ӕхсыр-иу царвцæгъдӕны куы бацахст, уӕд уыцы мигӕнӕнӕн йӕ сӕр бастой серайӕ (уӕрыччы, фысы цармӕй). Уыцы мигӕнӕны цагътой къуыдырыл, кӕнӕ та цармӕ бӕндӕнӕй бастӕй. Йӕ фарс уыд хуынкъ, уырдыгӕй йын уагътой йӕ фу, уырдыгӕй бӕрӕг кодтой, царв ӕртымбыл ис, ӕви нӕ. Царвцӕгъдӕн-иу слӕууын кодтой, йӕ сера йын райхӕлдтой, цы-иу дзы систой, уый хуыдтой НÆЛХÆ.

Ӕртӕ-цыппар цагъдӕн-иу цы нӕлхӕ ӕртымбыл кодтой, уы-дон-иу иу аджы бадон кодтой, чысыл-иу ыл ссад айзӕрстой, цӕмӕй рафыцыны фӕстӕ сыгъдӕгӕй ныббада. Уыцы бадт-иу хъавгӕ, сындӕггай рауагьтой ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтӕм – хъуырӕуттӕм. Уый та хуыдтой ЦАРВ.

Цы аджы сӕ бадон кодтой, уым бынтӕ бирӕ баззад, царвӕй дӕр ма – иу ыл ӕркодтой, ӕмӕ йӕ ссадимӕ змӕстӕй сфыхтой. Уый дӕр схуыдтой дзыкка, фӕлӕ йӕ арӕзт царвӕй кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ абоны-бон дӕр хонӕм ЦÆРВÆХСИДÆН.

Царвцӕгъдӕнӕй нӕлхӕ куы сисай, уӕд ма дзы цы баззайы, уый хуыйны МИСЫН. Вӕййы ӕхсырӕй бӕзджындӕр. Ахуыйӕнӕн хорз у. Мисыны кодтой фыцгæ дӕр. Цы сӕр-иу сӕвӕрдта, уый истой, у цыхты хуызӕн – йӕ ном КЪÆДОР.

Урсаджы хуыздӕр хӕринӕгтӕ сты дзыкка ӕмӕ хӕбизджын.

Ирон къӕбицмӕ бирӕ адӕмтӕ батӕхуды кодтой. Уым та сӕйраг у ирон хӕбизджын.

Ирон фынг цыфӕнды хъӕзныг уӕд, ӕнӕ хӕбизджынӕй цӕсты нӕ ахады, нӕ фынг нын дисӕн чи хӕссы, уыцы адӕмтӕ хӕбизджыны радавынц фыццаг.

Ном хӕбизджын фӕстӕдӕр фӕзынгӕ у, пецтӕ, тебӕтӕ нӕм куы фӕзынд, уӕдӕй. Алцы къонайы артыл куы арӕзтой, уӕд та сӕ хуыдтой Уӕлибых, ома уӕле фых. Уӕлибыхтӕ-иу куы кодтой, уӕд-иу къонайы артыл бавӕрдтой къӕй. Тӕвд къӕйыл-иу ӕрывӕрдтой уӕлибых, йӕ дыууӕ фарсы- иу куы ахъӕбӕр сты, уӕд та йӕ фӕныкимӕ хӕццӕ арты бын фӕкодтой. Цасдӕры фӕстӕ-иу ӕй райстой, йӕ фӕнык ын асӕрфтой, йӕ уӕллаг цъар ын царвӕй айсӕрстой…

Уӕлибых – уӕлейӕ фых.

Абоны уӕлибыхыл куы дзурӕм, уӕд зӕгъӕн ис, йӕ кад ын фесӕфтам. Хорз уӕлибыхӕн йӕ мад у хорз, ӕнӕсӕрист, сойджын цыхт.

Ӕргомӕй йӕ зӕгъӕм: фесӕфтам ирон цыхты кад, уыимӕ фесӕфтысты ирон Уӕлибых ӕмӕ Дзыккайы кад дӕр.

Ирон адӕмы зӕрдӕмӕдзӕугӕ хӕринӕгтӕй ма иу у Уӕл-къӕйдзыкка. Арӕзтой йӕ нартхоры ссад ӕмӕ фӕлмӕн цых-тӕй. Сӕ дыууӕйӕ цы хыссӕ рӕзт, уый фыхтой къонайы къӕйыл, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хуыдтой Уӕлкъӕйдзыкка, фӕлмӕн цыхт ыл фаг кӕй уыд, уымӕн ын рахуыдтой йӕ дыккаг хай дзыкка.

Ӕцӕг дзыккайы арӕзт та уыд ахӕм: фӕлмӕн цыхт хъуамӕ уа сойджын. Цӕмӕй ивӕзаг дзыкка уа, уый тыххӕй йыл дыууӕ бонӕй фылдӕр хъуамӕ ма цӕуа. Уый фӕстӕйы цыхт дӕр хорз у дзыккайӕн, фӕлӕ ивӕзгӕ нал фӕкӕны. Хорз дзыккайӕн хъӕуы хорз цыхт. Дзыкка хорз рауад, уый та развӕлгъау бӕрӕг вӕййы – куы равдылы, йӕ царвы куы фӕленк кӕны, уӕд уымӕй.

Урсаджы продукттӕм хауы къӕпы дӕр. Абоны-бон ӕй хо-нӕм кефир, йӕ фӕзынды историйыл бирӕ ныхас ис, ирӕтты ӕрымысгӕ кӕй у, уый бӕлвырд у, ӕмӕ йыл ӕз нал дзурдзынӕн.

Кӕронбӕттӕны мӕ зӕгъын фӕнды: урсаджы продукттӕ кӕд кӕддӕр ӕрмӕст хӕлцадон уыдысты, уӕд ма сӕм абоны бон бафтыд дыккаг ахсджиаг нысаниуӕг дӕр – сты адӕймаджы организмы хосгӕнӕн продукттӕ дӕр.

Кӕд абон нӕ къухы парахатӕй нал сты, уӕддӕр хӕсджын стӕм, цӕмӕй сын канд сӕ нӕмттӕ нӕ, хъуамӕ сӕ зонӕм хуы-зӕй дӕр ӕмӕ адӕй дӕр.

ФИППАИНАГ! Ир хӕххон адӕм куы систы, уӕдӕй абонмӕ нӕм никуы уыд ссывды кой. Уый ӕфхӕрӕн дзырд у нӕ уӕлибыхтӕн ӕмӕ ӕппӕт «джын»-тӕн. Ссывтытӕ ракодта куы фæзæгъæм, уӕд ӕй ӕмбарӕм, ӕнӕбары кӕрдзынтӕ кӕй сты. Цы «джын-тӕ» нӕм ис, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕсугъд ном, ӕмӕ сӕ хонын дӕр афтӕ хъӕуы.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.