Республикæ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Мугуты хъæуы цæрæг йæ фос хызта æмæ афтæмæй йæ цæст сныдзæвд æнахуыр сау предметыл. Куыд радзырдта, афтæмæй уый уыд 17 октябры райсом 8 сахатыл. Ацы нахуыр предмет цы у, уый кæй нæ базыдта, уымæ гæсгæ йæм æвналын дæр нæ бауæндыд, фæлæ фехъусын кодта республикæйы арæнхъахъхъæнæг органтæм.

Тæхæн аппарат ифтонг уыд видеокамерæйæ. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады специалисттæ куыд сбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ  аппарат у фæсарæнты уагъд æмæ ифтонг уыд портативон камерæйæ. Тæхæн аппарат æрбатахт Гуырдзыстоны территорийæ, хуссарирыстойнаг арæнгæрон территори мониторинг кæныны нысанæн. Фæлæ техникон æгъдауæй йæ уагыл кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æрхауд хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæнтæй 800 метры дæрддзæгæн.

Республикæйы арæнхъахъхъæнæг органты специалисттæ дарддæр кусынц ацы цауы фæдыл – бæлвырд цæуы ацы тæхæн аппараты видеокамерæ цы ныффыста, уыцы æрмæг.

Ацы аз, марты мæйæ фæстæмæ республикæйы арæнгæрон районты хынцыд цæуынц Гуырдзыстоны ‘рдыгæй уæлдæфон тыгъдад чи халы уыцы тæхæн аппараттæ, уæлдæфон зондтæ. Уыдон, æппынæдзух, камерæйæ исынц Хуссар Ирыстоны территорийы хуыз.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.